Æгъуызарты Тамерлан: «Ирон лæг ирон æвзаг куы нæ зона, уæд дзы мæ цæсты кад нæй»

1
2270

Кæдфæнды дæр æхсæнадон царды ахсджиаг сты хицауады ивддзинæдтæ. Нæ республикæйы цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон адæмы бирæ хъуыдытыл æфтауынц. Ныридæгæн Ирыстоны ног Сæргълæууæг цы фидар къахдзæфтæ акодта, уыдон та ныфс дæттынц. Хицæн ныхасы сæр уыд, куыд хуымæтæг, æнæ уæлдай митæй ацыд йæ инаугураци, уый. Адæм дзырдтой: «Бæрæг у, ацы лæппу куыстхъом æмæ адæммæ хæстæг у». Ахæм æмбырдты ныхасы бар фæкурынц царды алы къабæзты минæвæрттæ. Фæлæ дзы ирон æвзаджы ахуыргæнæджы ныхас кæй айзæлдис, уый та, æвæццæгæн, дзурæг у йæ ирондзинадыл. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланимæ абон нæ ныхас у Ирыстон, ирондзинад, ирон газеты тыххæй.

— Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин загъта, кæцыфæнды адæмыхаттæн дæр се ‘взаг бахъахъхъæнын æнгом баст кæй у сæ хихуызонад, культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынимæ. Алы регионты дæр ис æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ йæ рæзты хъомысыл архайæг къамистæ. Ахæм къамис ис мах республикæйы дæр. Ирон æвзаджы рæзтæн та комкоммæ ахъаз у йæ ахуыр кæнын æмæ уымæн хъæугæ фадæттæ аразын æппæт ахуыргæнæндæтты дæр. Махмæ та иуæй-иу хицауиуæггæнæг адæймæгтæ фæзæгъынц, ирон æвзаджы грамматикæ скъолаты ахуыр кæнын цæмæн хъæуы, ирон фольклор æмæ литературæ сын фаг у, зæгъгæ. Дæумæ гæсгæ, ацы хъуыды раст у?

— Ацы дыууæ æмбаст хайы куыд адих кæнæн ис, уый мæ сæр нæ ахсы. Фæлæ, æвæццæгæн, ис “курдиатджындæр, фылдæр зонæг æмæ арфдæр æмбарæг хъуыдыгæнджытæ”.

Æнæхудгæйæ куы зæгъæм, уæд ирон æвзаджы грамматикæ æмæ литературæ маргъы дыууæ базыры хуызæн сты. Æмæ цæмæй нæ культурæйы бындур — не ‘взаг — фидардæр уа æмæ бæрзонддæр рæза, уый тыххæй нæ мадзæлтты уæз дыууæ «базырыл» æмхуызон æруадзын хъæуы. Æвзаг куы нæ ахуыр кæнæм, уæд иу цалдæр фæлтæрмæ литературæ дæр доны къусы сæфт фæкæндзæн.

— Газеты кусæг кæдфæнды дæр адæммæ хæстæг у. Газет та адæм æмæ хицаудзинады æхсæн дыууæрдæм минæвар у. Фæстаг рæстæг мах æхсызгонæй рахатыдтам — нæ фæсивæд се ‘ргом здахынц ирондзинадмæ, фæнды сæ зонын нæ истори, нæ культурæ, нæ традицитæ. Ууыл ма дзурæг у уый дæр, æмæ нæ газетмæ кусынмæ кæй æрбацыдысты æрыгæттæ, стæй нæм æрыгон газеткæсджытæ дзурынц телефонæй, фыссынц нæм.

Цæмæй фæдисхъæр мауал кæнæм: «Сæфы ирон æвзаг!», уый тыххæй хицаудзинады æмвæзадыл цы мадзæлттæ ис саразæн?

— Æппæты фыццаг нæ райдайын хъæуы иронау дзурын. Æрмæст бинонты ‘хсæн нæ, фæлæ паддзахадон куыстуæтты æмæ æхсæнадон бынæтты дæр. Ирыстон дыууæвзагон республикæ у, фæлæ нæм æцæг дыууæвзагондзинад никуы уыд. Стæй райсом фæзындзæн куы зæгъон, уæд раст нæ уыдзынæн. Тынг бирæ нæ бакусын хъæуы.

Нæ адæмы ивгъуыд бон æмæ æнусон цардвæндаг æнцон никуы уыдысты. Бирæ-иу нал хъуыд, ирон лæг рæстæджы гуылфæнты бынтон сæфт куы фæуа, уымæ. Фæлæ нæ фыдæлтæ бахъахъхъæдтой, фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæлæвæрдтой æмæ абоны онг æрхæццæ кодтой ирон æвзаг. Уæд махæн ацы хæрзæххæст уавæрты чи радта йæ аскъуыныны бар!

Уæрæсейы закъæттæ æмæ нæ уæлдæр хицауад мах æппындæр ницæмæй æлхъивынц, фадат дæттынц, цæмæй ирон æвзаджы ахадындзинад фæуæрæхдæр уа. Аххосджын стæм нæхæдæг.

Мæсыг хи дурæй хæлы. Афтæ нæм фæкæсы, иронау куы сдзурæм, уæд нæ чидæр раст нæ бамбардзæн. Фæлæ æвзаг æрмæст дзурынæн нæу. Махæн мадæлон æвзаг у нæ удварны ахсджиагдæр хæзна, нæ адæмы зондахаст, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ культурæ æмæ сфæлдыстады сæйраг цæджындз. Уый фидар уидæгтæй бæтты, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, Кавказы, Уæрæсейы æмæ иннæ рæтты цы ирæттæ цæрынц, уыдоны.

Фæлæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг не скъолаты у дзæвгар хуыздæрхъуаг. Фыццаджыдæр, скъоладзаутæ æмæ ныййарджытæ сæхæдæг сæ хъус фаг нæ дарынц ацы фарстамæ. Программæты æмæ чингуыты дæр ис бирæ хъуагдзинæдтæ, ногæй сыл бæстон бакусын хъæуы. Мæ бæрны цы къамис ис ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рапарахат кæныны фæдыл, уымæн дæр йæ куыст æнæмæнг фæрæвдздæр кæндзынæн. Фысджытæ, ахуыргæндтæ, ахуыргæнджытæ, ирон театр æмæ ирон кинонывты архайджытæ, газеттæ æмæ телеуынынады кусджытæ — мах иумæ лæмбынæг æрныхас кæнын хъæуы, ирон æвзаг райдайæн æмæ астæуккаг ахуырады сæйрагдæр бынæттæй иу куыд æрцахса, ууыл. Стæй мæ фæнды, цæмæй ирон æвзаджы чингуытæ уагъд цæуой паддзахадон рауагъдады. Афтæ мæм кæсы, цыма уæд сæ мидис уыдзæн арфдæр, сæ уынд та — зæрдæмæдзæугæдæр.

— Ирон адæмы хъæздыг истори æмæ культурæйæн бирæ æвдисæнтæ ис. Нæ дадзинты нæ куырыхон хистæрты фарн кæй тæдзы, ууыл дзурæг у уый, æмæ Уæрæсейы алы къуымты, суанг фæсарæнты дæр, ирон лæджы зæрдиаг æмæ бæрнон архайдæн аккаг аргъ кæй кæнынц. Зæгъæм, Гергиты Валери, Цæлыккаты Руслан, Уазиты Махар… Фæлæ нын хаттæй-хатт цыдæр хъуыддæгты иудзинад нæ фæфаг кæны. Цымæ цæй мидæг ис уый аххосаг?

— Кæй нæмттæ загътай, Маринæ, уыдон Ирыстоны цин æмæ хъыг арф сæ зæрдæмæ хæссынц, бахъуыды сахат сойын цырагъау æрлæууынц нæ адæмы цур. Алчидæр зоны, не ‘мзæххонтæ Уæрæсейы кæнæ дунейы искæцы къуымты кæрæдзи куы фенынц, уæд сæ цинæн кæрон нал вæййы. Фæлæ æргом ныхасы къæм нæй — бирæ чидæртæ Æрджынарæгæй иу чысыл куы ахизынц, уæд ницыуал бар фæдарынц сæ райгуырæн зæхмæ. Сæ хъысмæт уайтагъд бабæттынц æндæр бынæттæ, æндæр хъуыддæгтæ, æндæр хъуыдытæ æмæ бæллицтимæ.

Нырыккон тыхст æмæ змæст рæстæджы та ахсджиагдæр домæн у — иудзинад. Нæ хъару æмæ нæ зонд куы нæ баиу кæнæм, уæд нын ницы хуызы ис размæ акъахдзæф кæнæн.

— Æрæджы газеты ныммыхуыр кодтам Гæлæбуты Мухарбеджы æргом фыстæг дæ номыл. Уый дзы дзуры, газет «Рæстдзинад» ирон адæмæн цы хъомыс у, уый тыххæй æмæ фæрсы, цымæ нæ ног Сæргълæууæг та, зæгъы, цы цæстæй кæсы нæ ирон газетмæ. Куы бафæрсид уый йе ‘мкусджыты, чи сæ рафыссы «Рæстдзинад», бардзырды хуызы сын куы рафыссын кæнид газет, советон рæстæджы алы куыстуаты дæр куыд фыссын кодтой, афтæ.

— Хъыгагæн, мæхæдæг дæр ацы хъуыддаджы æнаипп нæ дæн. Фæлæ мæ рæдыд æмбарын æмæ йæ сраст кæндзынæн.

Худинаг у, ирон хæдзар, ирон бинонтæ «Рæстдзинад», «Мах дуг» кæнæ «Ногдзау», «Дигорæ» æмæ «Ирæф» куы нæ кæсой, уый. Уымæй уæлдай, алы паддзахадон кусæг лæгæн дæр йæ хæс у «Рæстдзинад» рафыссын. Домын никæмæй ницы хъæуы, фæлæ Ирыстоныл æмæ ирон æвзаджы фидæныл чи тыхсы, уый, фыццаджыдæр, хъуамæ йæхæдæг уа фæзминаг.

— Ирон лæгæн йæ цавæр миниуджытæм гæсгæ аргъ кæныс?

— Адæймагæн, сывæллоны бонтæй райдай æмæ зæронды онг, хорз æмæ æвзæр цы сты, ууыл вæййы йæ сæйраг хъуыды. Æппæт дунейы цæрджытæн мин азтæм сбæлвырд ис иухуызон цæстæнгас ацы фарстамæ, фæлæ уæддæр алы адæмыхатт дæр йæхицæн сæрмагондæй сбæрæг кæны вазыгджындæр миниуджытæ.

Дæнцæгæн æз арæх æрхъуыды кæнын «Нарты кадджытæ». Куыд зонæм, афтæмæй Нарты хистæртæ цы æртæ кадджын тыны снысан кодтой, уыдон иууылдæр лæвæрд æрцыдысты Хæмыцы фырт Батрадзæн. Уымæн æмæ Нарты фæсивæды ‘хсæн йæхи равдыста хъæбатырдæрæй, хæрд æмæ нозтæн бæрц чи зоны, ахæм гуырдæй, сылгоймаджы сæраппонд фидар æгъдæуттыл хæцæгæй.

Иу ныхасæй, ирон лæг хъуамæ уа ныфсджын, хæрзæгъдау, æргомзæрдæ, хистæртæн — хорз кæстæр, кæстæртæн — хорз хистæр, æнувыд фыдыуæзæг æмæ мадæлон æвзагыл. Ирон лæг ирон æвзаг куы нæ зона, уæд дзы мæ цæсты кад нæй.

— Бузныг, Тамерлан. Цы адæмы бæрны бацыдтæ, уыдоны фарны хорзæх дæ уæд.

— Дæ цæрæнбон бирæ, Маринæ! Мæхи номæй, Хицауады номæй зæрдиаг арфæ кæнын «Рæстдзинад»-ы кусджытæн. Нæ адæммæ æрвылбон ирон дзырд хæссыныл æнувыдæй чи архайы, уыдон махæн сты тынг буцгæнинаг, æмæ мæ уый рох нæу. Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд!

Битарты Маринæ,

газет “Рæстдзинад”-ы сæйраг редактор

 

1 КОММЕНТАРИЙ

  1. Уæ цæрæнбон бирæ «Рæстдзинады» кусджытæ æмæ ног азы зæрдæрусæй кусут!
    Мæн уынаффæ хъуаг ничи у, фæлæ æвæццæгæн фыццагдæр райдайын хъæуы уый размæйы хицауады æмæ иуæй-иу парламенты уæнгты аххосæй ныр 23 азы цæлхддуртæ цы закъоны проекты раз æвæрынц уымæй. Цалынмæ ирон-дыгурон диалекттыл тох кæнæм кæрæдзиимæ, уæдмæ æгас алайнаг æвзаг дæр бынсæфт кæны. Ирон сабитæн сæ фылдæр æмбис сæ мадæлон æвзагыл нал дзурынц. Уымæн ныййарджытæ дæр сæхимæ азым нæ исынц — цæмæн сæ хъæуы ирон æвзаг нæ цоты, зæгъгæ. Цалынмæ, закъонæй, паддзахадон æмæ æхсæнадон мадзæлттæй алкæмæн дæр фидарæй æмбæрстгонд не ‘рцæуа, цæмæн хъæуы мадæлон æвзаг уый, уæдмæ нæдæр къамистæ ницы сараздзысты, нæдæр министртæ.
    Худинаг æмæ амæлæт — Цæгат Ирыстон иунæг ахæм республика у æгас Уæрæсейы, паддзахадон æвзæгты закъон абоны онг кæм нæй. Цæмæн? Цæй æмæ кæй аххосæй? Уыцы фарста цæхгæр æрæвæрын хъæуы æнæмæнг «Рæстдзинады» рæнхъытыл дæр.

Добавить комментарий для Руслан Кучиты Отменить ответ

Please enter your comment!
Please enter your name here