Ног азы арфæтæ. Алексей Мачнев

0
1114

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ног азы бæрæгбон баст у циндзинадимæ, рухс фæндтæ æмæ бæллицтимæ, хорз хъуыддæгтæ райдайыны рæстæгимæ.

Иу аз та фæсте аззад. Уый нын уыд ивддзинæдтæ, фæлварæнтæ æмæ вазыгджын уынаффæтимæ баст. Раст нын цыма нæ хъару, нæ быхсондзинад æвзæрста, уыйау. Фæлæ нæ къухы цы бафтыд, цы нысантыл бацархайдтам, уымæ гæсгæ нæ бон у зæгъын: раст фæндаг равзæрстам.

2015 азæй хатдзæгтæ кæнгæйæ мæ фæнды Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы цæрджытæн сæ ныфс, сæ куыстхъомдзинады тыххæй уæлдай бузныг зæгъын. Кæрæдзи фарсмæ кæй уыдыстæм, хъуыддæгтыл æмхуызонæй кæй архайдтам, уый тыххæй.

Бæрæгбæттæ семæ хæссынц уды хъару, сыгъдæгдзинад æмæ амонд. Зæрдиаг арфæ кæнын республикæйы цæрджытæн, фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æппæт рæстаг хъуыддæгты, бинонты амонд æмæ фарн уæ алкæмæн дæр!

Уырны мæ, 2016 аз не ‘ппæтæн дæр размæ къахдзæфы, рæзты рахæцæн кæй суыдзæн, уый. Æнтыстытæ, цинæйдзаг цаутæхæссæг, хуыздæр фæндтæ æххæстгæнæг нын суæд 2016 аз!

Алексей Мачнев,

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here