Кадджын хæрзиуджытæ — хуыздæртæн

0
914

Ивгъуыд азы 31-æм декабры Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг ÆГЪУЫЗАРТЫ Тамерлан паддзахадон хæрзиуджытæ æмæ сгуыхт кусджыты нæмттæ радта, республикæйы адæмон хæдзарады алы къабæзты кусгæйæ, стыр æнтыстдзинæдтæ чи равдыста, уыдонæн.

Фембæлды райдайæны Æгъуызары-фырт куыд фæ-нысан кодта, афтæмæй йын æхсызгон у радон хатт фембæлын, республикæйæн йæ куыстæй кад чи кæны, уыдонимæ. «Сымахæй алчидæр йæ æнæзæрдæхудт фæллойæ йæхицæн стыр кад скодта. Сымах хъæппæрис æмæ куысты фæрцы нæ республикæ абоны зын уавæрæй кæй рацæудзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын»,— загъта Æгъуызарты Тамерлан. Республикæйы Сæргълæууæг фембæлды архайджытæн Ног азы арфæтæ ракодта æмæ сын радта хæрзиуджытæ. Металлургийы къабазы сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæазон сыгъдæгзæрдæ куысты тыххæй кадджын ном «Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт металлург» лæвæрд æрцыд завод «Электроцинчы» кусджытæ Хъайтыхъты Валери æмæ Сергей Середенкойæн. Уæгъдибар хъæбысхæсты рæзтмæ стыр бавæрæн æмæ бирæазон æнæзæрдæхудт куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй орден «Ирыстоны Намыс»-æй хорзæхджынгонд æрцыд Спортивон цæттæдзинады центры тренер-ахуыргæнæг Дедегкаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы фехтованийы рæзтмæ стыр бавæрæн æмæ бирæазон сыгъдæгзæрдæ куысты тыххæй майдан «Ирыстоны Намысæн» лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы фехтованийы сывæллæтты спортивон скъолайы директор Кадиты Виолетæйæн. Республикæйы агропромышленнон комплексы рæзтмæ бавæрæны тыххæй майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй хорзæхджынгонд æрцыд компаниты къорд «Бæгæныфыцæн хæдзар «Бавария»-йы генералон директоры хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Финансты къабазы сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæазон æнæзæрдæхудт куысты тыххæй кадджын ном «Республикæ Цæгат ИрыстоныАланийы сгуыхт экономист» радтой акционерон æхсæнад «Московский Индустриальный банк»-ы Дзæуджыхъæуы филиалы хицау Мæрзойты Феликсæн. Адæмæн социалон æххуысы организацийы сгуыхтдзинæдты тыххæй кадджын ном «Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг» лæвæрд æрцыд сахъат сывæллæтты республикон хæдзар-интернат «Ласка»-йы директор Саматы Аринæйæн. РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег хорзæхджынгонд æрцыд кадджын майдан «За заслуги в деле защиты детей России»-йæ. Республикæйы Сæргълæууæг хæрзиуæг дæтгæйæ куыд загъта, афтæмæй ныронг не ‘мзæххонтæй ахæм хæрзиуæг ничима райста. Дзæуджыхъæуы муниципалон арæзты сæргълæууæг — горæты Минæвæртты æмбырды сæрдар Хæдарцаты Махарбег фæллоййадон сгуыхтдзинæдты, зæрдиаг æхсæнадон архайд æмæ бирæазон æнæзæрдæхудт куысты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Кады гæххæттæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæгæй схорзæхджын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Социалон фæдзæхстады фонды Цæгат Ирыстоны регионалон хайады хицау Айларты Зæлинæйы. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2015 аз уыд Литературæйы аз. Уыцы æууæл фембæлды архайджыты зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, Æгъуызарты Тамерлан фехъусын кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы литературæ æмæ аивады къабазы 2013-2015 азты лауреатты нæмттæ. Уыдон сты фыссæг Агънаты Гæстæн æмæ нывгæнæг Челæхсаты Магрез. Хетæгкаты Къостайы номыл сæрмагонд преми лæвæрд æрцыд стыр иртасæн куыст «Ирон этнографион энциклопеди»-йы автортæ Цыбырты Людвиг, Хъаныхъуаты Зæлинæ æмæ Цуциты Асланæн. Хъамбердиаты Мысосты номыл Паддзахадон премийы лауреаттæ литературæйы къабазы 2013-2015 азты систы Дудайты Чермен æмæ Аслæмырзаты Дзерассæ. Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here