Цы фæцис алагираг кæрдо?

0
1326

Ацы фарст рагæйдæр дзæнгæрæгау зæлы мæ хъусты. Фылдæр адæм сæ адджын мысинæгты æппæлынмæ фæвæййынц алагираг кæрдойæ. Ныр йæ раздæры хуызы нал ис. Зæгъæм, ивгъуыд аз Алагиры цæрджыты дыргъцæхæрадæтты цы тыллæг æрзад, уый ницы пайда æрхаста. Кæрдотæ уыдысты æнад, рæгъæд нæ кодтой, фæлæ суанг фæззæджы мæйтæй фæстæмæ цъæхæй æмбийын райдыдтой. Æмæ уый фыццаг хатт нæ уыд. Кæддæры æвæджиауы кæрдо сæфын кæй райдыдта, æмæ нæ абон дыргъы куыст ногæй сырæзын кæнын кæй хъæуы, уыдæтты фæдыл у нæ ныхас.

Цæвиттон, Алагиры, Црауы, Бирæгъзæнджы, Суададжы зади кæрдобæлæсты ахæм мыггæгтæ: «Панкрат», «Бере-боск», «Сенжермен», «Кюре» æмæ æндæртæ. Сæ дыргъ-иу фæцæттæ сæрды кæрæтты, фæззæджы мæйты æмæ ног азмæ æввахс дæр. Рæгъæд донджын кæрдотæ кодтой зæххы сой æмæ хуры хъарм тынты ад, адæймагæн уыдысты æвдадзы хос æмæ æнæниздзинад хæссæг. Алагираг кæрдойы ад канд Ирыстоны цæрджытæ нæ зыдтой. Бæстæйы алы горæттæм, уæлдайдæр Мæскуымæ, Саратовмæ, Энгельсмæ районæй дзæвгар адджын хуынтæ фæцыд йæ рæстæджы. Цалдæр хатты алагираг кæрдо уыдис раздæры ССР Цæдисы Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдысты. Бынæттон поэттæ ууыл кодтой диссаджы зарджытæ, нывæзтой сæ хуыздæр æмдзæвгæтæ. Алагираг кæрдо æмæ уынайлаг фæткъуыйы æмбисонды аргъау хистæртæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзырдтой сæ байзæддæгтæн. Хъыгагæн, фæстаг 40-50 азы алагираг алæмæты кæрдойы кад дæлæмæ хауын райдыдта. Нæ фынгтыл раздæрау барджын бынат нал æрцахсы. Фыццаджы хуызæн хæрзад нал у. Хуыз та дзы æппындæр нал ис. Вæййы къæдзтæ-мæдзтæ, здыхстытæ æмæ зылынтæ. Æрмæст ма алагираг кæрдойы кадджын номæй æндæр рæттæй æрцæуæг уæйгæнджытæ сæудæджер кæнынц Дзæуджыхъæуы дыргъты базарты. Уæдæ разагъды алагираг кæрдойы хъысмæт цæмæн афтæ рауад? Мæ фарстæн дзуапп раттыны тыххæй æз иу бон фæраст дæн Алагирмæ. Кæрæй-кæронмæ фæзылдтæн Кировы, Дзержинскийы, Толстойы, Марксы, иннæ уынгты дæр. Раздæры Салыгæрдæны зæххыл районы фыццагдæр адæм ам райдыдтой дыргъбæлæстæ садзын. Дæсны дыргъгуыстгæнджытæ уыдысты Барахъты Фаддей, Габолаты Майрæм, Бидеты Адæго, Цихиты Аким, Хъуылаты Елдзарыхъо, Саухалты Алыксандр, Дзалаты Къузма, Быгъуылты Гадæгко æмæ бирæ æндæртæ. Салыгæрдæны цæрджытæ сæ зæххы гæппæлты фылдæр сагътой кæрдо бæлæстæ. Ацы дыргъ иуæй хуыздæр зад, иннæмæй та фылдæр тыллæг лæвæрдта. Уайтагъддæр-иу бæзæрхыг талатæ хуры хъарм æмæ зæххы сойæ фæхъуыртхъом сты. Цыппар-фондз азмæиу сыл дыргъ зайын райдыдта. Афæдзы кæцыфæнды афон дæр цæрджытæ сæ цæст дардтой дыргъцæхæрадæттæм. Зæфцы фыдæй къалиу бæласæй ницы хуызы асастаид. Æвæрдтой сæм, хъæдæй-иу кæй æрластой, ахæм фидар быцæутæ. Фылдæр адæм хорз зыдтой дыргъы алы куыст дæр. Кæрдо уæлдай мæнгæфсон у. Чысыл куы фæхъæн уа, уæд уайтагъддæр æмбийынмæ фæвæййы. Уымæ гæсгæ дыргътонæг къухы ныхтæ цалынмæ ракодтаид, уæдмæ нæ хызти бæласы сæрмæ. Уæдæ тонгæ та кодтой, фæлмæн æхсныфтæ æвæрд кæм уыд, ахæм лыстæг уисæй быд тæсчъыты. Бирæтæн амонын нæ хъуыд дыргъ фæстæдæрмæ бахъахъхъæнын дæр. Хуымæтæджы пъадвæлтты æфснайдтой дыргъцæхæрадæтты тыллæг, æмæ дзы ницы сæфти. Алкæй хæдзары дæр суанг уалдзæджы мæйтæм фаг уыдис хæрзад кæрдотæ, сырхфарс фæткъуытæ. Дардыл хъуыстгонд уыдис алагираг кæрдойы хорзы кой. Ирыстоны хъæутæйиу ардæм дыргъæлхæнджытæ кæцæй нæ цыдысты, ахæм нæ уыд. Уæвгæ алагирæгтæ сæхæдæг дæр æнæзивæг уыдысты сæ фæллой æндæр рæттæм фæхæццæ кæнынмæ дæр. Ныр афтæ нал у. Дыргъы куыст фæстаг азты мынæг кæнын райдыдта Алагиры æмæ районы хъæуты дæр. Æз ацы æрмæг куы æмбырд кодтон, уæд цалдæр хатты уыдтæн Салыгæрдæны. Кусынæн бæзгæ æвæджиау рæстæг уыдис, фæлæ дыргъцæхæрадæттæм зилгæ цæст никæуыл æрхæцыд. Искуы-иу цæхæрадонæй фæстæмæ кæрдо æмæ фæткъуы бæлæстæм цалдæргай азты адæймаджы къух нæ фæхæццæ, æмæ спыхс сты, цъæх хъуына сæвæрдтой. Афтæ ничи зæгъы, æмæ алагирæгтæ нал уарзынц сæ дыргъцæхæрадæттæм зилын. Алы ран дæр кæрдо æмæ фæткъуы бæлæстæ сагъд æрцыдысты 80 æмæ уымæй фылдæр азты размæ, æмæ арвмæ фæцыдысты. Ис дзы суанг 15-20 метры бæрзæндæнтæ дæр. Ахæм бæлæстæ æнцонæй нæ бахсæддзынæ. Суанг ма сæ æртонæн дæр нæ вæййы, æмæ сæ тыллæг фылдæр хатт фесæфы. Фæлæ хæдзары хицæуттæм дæр аипп æрхæссын æмбæлы. Дыргъдæтты бакæнынц алыхуызон культуртæ, æмæ бæлæстæн хойраг нал фæфаг кæны, сæ къалиутæ хуыскъ кæнын райдайынц. — Зæхмæ дæр æмæ бæласмæ дæр зилын хъæуы, — загъта Алагиры цæрæг Бырнацты Георги. — Æз афтæ æрæййæфтон, æмæ дыргъбæлæстæм хастой карчы фаджыс, сæ быны та таугæ æмæ садзгæ ничи ницы кодта. Ныр акæс, уæд бæлæсты бын фендзынæ нартхоры, картофы, хъæдуры хуымтæ. Уавæр хуыздæр нæу раздæры Хърупсы дыргъдæтты дæр. Ленины, Октябры, Гагарины, Энгельсы æмæ иннæ уынгты ис зæронд, чи нал бæззы, ахæм бæлæстæ. Дыргъты ад кæй нал ис, уый тыххæй мын дзырдта бынæттон цæрæг Дзбойты Таймураз. Зæрдæ нæ рухс кæны Црауы, Бирæгъзæнджы, Суададжы, Хæтæлдоны цæрджыты дыргъцæхæрадæтты уавæрæй дæр. Кæрдо æмæ фæткъуы бæлæсты хъысмæтыл ничи тыхсы. Уæлдæр амынд хъæуты кой кæм скодтам, уым ма зæгъдзыстæм иу хъуыддаджы фæдыл. Кæд Црау, Бирæгъзæнг, Суадаг æввахс сты Алагирмæ, уæддæр дзы салыгæрдæйнаг æмæ хърупсаг кæрдойæн æмбал нæй. Йæ хуыз — рæсугъддæр, адæй та — хуыздæр. Æмæ уый, æвæццæгæн, зæххы хъæдæй дæр у, æндæр цы?

 

Ныхас канд районы центры æмæ хъæуты цæрджыты хиæххуысадон дыргъцæхæрадæтты хъысмæтыл нæ цæуы. Ивгъуыд æнусы æхсайæм-æвдайæм азты дыргъы куыст тыхджын сырæзт Црауы раздæры совхоз «Коммунизммæ фæндаджы». Кæрдойы, фæткъуыйы, чылауийы бæлæстæ æмæ сау цъуйы къутæртæ Фæсалджыны сæры, кæрдоты таджы Хъабагъуаты æмæ Црауы доны рахизфарс зæххыты ахстой 1200 гектары. Фылдæр хатт-иу афтæ тынг æрзадысты, æмæ совхозы кусджытæ сæ бафснайын кæй нæ фæрæзтой, уый тыххæй-иу сæм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ студентон фæсивæд æххуысмæ фæзындысты. Хъыгагæн, Црауы раздæры хæдзарады дыргъдæттæй ныронг ницыуал баззад. Тыхджын ихдзагъды фæстæ йæ рæстæджы бындзарæй къахт æрцыдысты, æмæ абон зæхх хаццоны райсæг амалхъомтæ ацы фæзуæтты зайын кæнынц алыхуызон культуртæ. Фæлæ Алагир раздæр азты уыдис Цæгат Ирыстоны дыргъгуысты центр, æмæ хъуамæ районы цæрджытæ ацы кад сæндидзын кæной. Уымæн æмæ хохрæбынты æрдзон-климæтон уавæртæ æвæджиау хорз сты дыргъы куыстæн, æмæ ацы архайд фылдæр пайда æрхæссид зæхх хаццоны чи райста, канд уыдонæн нæ, фæлæ ма районы æппæт цæрджытæн дæр. Ацы фарстайы фæдыл мах ныхас кодтам Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы хъæууонхæдзарадон хайады хицау Хетæгкаты Хетæгимæ. Куыд радзырдта, афтæмæй районы размæ ахæм хæс æвæрд цæуы, цæмæй 2020 азы онг ног дыргъдæттæ сагъд æрцæуой 120 гектары. Ныронг уал алтъамийы талатæ 4 гектары садзын бахъуыд Дзуарыхъæуы быдыры Алагирæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы рахизфарсы, уæлдзæджы та хъæууонхæдзарадон куыстуат «Нива»-йы æххуысæй 5 гектары дыргъдон сагъд æрцæудзæн Црауы, æмæ талаты аргъæй фæстæмæ уыдонмæ зилыны куыстытæ дæр, цалынмæ дыргъ дæттын райдайой, уæдмæ цæудзысты паддзахады хардзæй. Хорз хъуыддаг у, районы дыргъы куыстмæ, æппынæрæджиау, хъусдард кæй æрцыд, уый. Фæлæ Хетæджы-фырты ныхасмæ гæсгæ, фидæны кæй садздзысты, уыцы талатæ уыдзысты, бæрзонд чи нæ рæзы, ахæмтæ, æмæ ацы хъуыдыйæ зæрдæ нæ барухс. Æнæмæнг, алагираг кæрдо бахъахъхъæныныл абон æппæт хъарутæй дæр бацархайын хъæуы. Ныхас канд кæрдойыл нæ цæуы, фæлæ ма фæткъуыйы раздæры бирæ хуызтæ дæр сæфын райдыдтой. Уыдон та хæрзаддæр, лæууондæр кæй уыдысты, ныртæккæ та бынæттон цæрджытæй æрыгон дыргъдæттæ кæй никæмæуал ис, уыдæтты фæдыл мын дзырдтой фæллойы ветерантæ Дзобаты Барис, Реуазты Барис æмæ бирæ æндæртæ. Уæдæ цы саразын хъæуы алагираг кæрдойы раздæры кад фæстæмæ раздахыны тыххæй? Фыццаджыдæр, чи базæронд, уыцы дыргъбæлæсты раивын хъæуы талатæй. Фæлæ ацы ран цæрджыты размæ бирæ цæлхдуртæ лæууы. Алагиры районы уалдзæджы æмæ фæззæджы мæйты зын ссарæн вæййы хъæугæ талатæ. Базартæ æмæ уынгты кæй фæуæй кæнынц, уыдон та вæййынц æндæр рæттæй ласт, æмæ фылдæр хатт сæ дыргъ нæ фæбæззы. Цраумæ хæстæг уыдис, кæрдо æмæ фæткъуыйы талатæ кæм хъомыл кодтой, ахæм таладон. Уалдзæджы æмæ дзы фæззæджы мæйты уæй кодтой, бынæттон уавæрты хорз тыллæг чи лæвæрдта дыргъбæлæсты, ахæм талатæ, æмæ алкæмæндæр фадат уыдис йæ дыргъцæхæрадонмæ базилынæн. Хъыгагæн, 50-æм азты дыккаг æмбисы таладон æхгæд æрцыд, æмæ районы цæрджытæ уæдæй нырмæ тыхсынц садзæн æрмæгыл. Афæдздзыд кæнæ дыууæ азы кæуыл цæуы, ахæм тала балхæнæн вæййы 200-300 сомæй, æмæ ахæм аргъæй бирæты бон нæу дыргъцæхæрадон саразын. Фыццагдæр, Алагиры дыргъы куыст чи райдыдта, уыдон та тауæн æрмæг самал кæныны тыххæй искæмæ æнхъæлмæ нæ кастысты. Цæвиттон, Алагиры цæрджытæй-иу бирæтæ Уæлладжыры комы Субийы хъæдæй æрластой хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуыйы дыргътæ. Мигæнæнты-иу сæ бантыдтой, æмæ сæ афтæмæй къуымæл дыгътой. Дыргъты мыггаг та фæззæджы тыдтой хъæздыг мæры. Æрыгон талайыл дыккаг аз культурон фæткъуыйы, кæрдойы къуыбыр бафтау, æмæ дын — цæттæ бæлас. Дыргъы куыст чи зыдта, ахæмтæ Салыгæрдæны иу æмæ дыууæ нæ уыдис. Абон дæр ма хистæр адæм хорзæн æрымысынц Бурдзиуты Дзаххотты, Цихиты Саулохы, Гозымты Дрисы, Зæнджиаты Налыхъы æмæ Микъалайы рухс нæмттæ. Горæты цæрджыты дыргъцæхæрадæтты ныртæккæ цы зæронд бæлæстæ зайы, уыдоны дзæвгар хай чысылæй сæ къухтæй рацыдысты. Алкæмæн дæр дзы уыдис таладон, æмæ сæ фæллой æвгъау нæ кодтой сæ алыварс цæрджытæн, зонгæтæн, суанг æцæгæлæттæн дæр. Раст зæгъгæйæ, уæды заманы салыгæрдæйнаг хуымæтæг лæгтæн дыргъы куыст ссис канд сæ царды нысан нæ, фæлæ ма сæ царды фæрæз дæр. Алагиры районы раздæры хъæууонхæдзарадон управленийы сæйраг агроном Габолаты Славик (рухсаг уæд) мын куыд дзырдта, афтæмæй-иу дыргъдон кæмæ уыдис, уы дон кæрдо æмæ фæткъуыйы талатæ галуæрдæтты ластой Кæсæджы хъæу тæм, æмæ сæ уым ивтой хорыл. Афтæ хуымæтæг мадзалæй Алагиры район йæ рæстæджы ссис Цæгат Ирыстоны дыргъ гуысты центр. Уымæй уæлдай уæд ацы архайдмæ се ‘ргом аздæхтой сыхаг Кæсæг-Балхъары цæрджытæ дæр. Ныр уыдон дыргъгуысты цы æнтыстдзинæдтæ æвдисынц, уымæ махæн ис бахæлæггæнæн. Абон нæ размæ ахæм ахъаззаджы фарста лæууы, цæмæй Алагиры районы хъæуты цæрджыты дыргъцæхæрадæтты ма цы кæрдойы рагон хуызтæ: «Беребоск», «Сенжермен», «Кюре» æмæ æндæртæ ис, уыдон фидæны фæлтæртæн хъахъхъæд æрцæуой къуыбыр æфтауыны ‘руаджы. Уымæн æмæ раздæры хуызтæ сæхи хуыздæр æвдисынц Алагиры районы уавæрты. — Фæстаг азты дыргъбæлæстыл алыхуызон низтæ сыстад, — загъта црайуаг, РЦИ-Аланийы сгуыхт агроном Бесолты Павел. — Кæрдобæлæстæн згæхуыз низ æмæ парша хæссынц уæлдай стырдæр знаггад. Дыргътæ вæййынц саухъулæттæ, зылынтæ æмæ сæ хæдзары хицæуттæй бирæтæ тонгæ дæр не ‘ркæнынц. Дарддæр Бесолы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй дыууæ низты ныхмæ зын тохгæнæн нæу. Æрмæст сæм рæвдз фæлæууын хъæуы. Уалдзæджы сыфтæр рафтауыны агъоммæ рынчын дыргъбæлæстæ хъуамæ пырхгонд цæуой бордоссаг тæнгъæдæй (цъæххос æмæ чъыр фæйнæ 3-4 килограммы сызмæнт 100 литры доны). Фæстаг азты алыхуызон зианхæссæг сасктæ дæр хъыгдарынц дыргъбæлæсты, калифорнийаг щитовкæ та кæны уæлдай фылдæр знаггад. Дыргъбæлæсты низтæ æмæ алыхуызон саскты ныхмæ тох кæнынæн бæргæ бирæ мадзæлттæ ис. Фæлæ маргджын химикаттæ нæ вæййы районы хæдзарадон дуканиты. Уæдæ раздæр азты адæм дыргъцæхæрадæтты мæр хъæздыг кодтой фаджысæй. Ныр иуæй-иу хæдзар йеддæмæ фос ничиуал дары Алагиры. Дыргъцæхæрадæтты зæхх тынг смæгуыр, фæлæ минералон хъацæнтæ балхæнæн ис æрмæстдæр Æрыдоны. Мах афтæ æнхъæл стæм, æмæ, дыргъы куыстмæ нæ хъус ногæй куы адариккам, уæд дзы ницæмæй фæрæдииккам. Статистикон управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, районы 5,6 мин хæдзармæ ис æххуысадон дыргъцæхæрадæттæ. Адонæй æртæ мины сты Алагиры цæрджытæм. Æмæ сæ чысыл тыллæг заид, дыккаг цард сын куы радтиккам, уæд? Ныр та азæй-азмæ сæфы, дæлæмæ хауы алагираг разагъды кæрдойы кад. Цымæ йæ чи бахъахъхъæндзæн? Кæмæ разындзæн ныфс, хъару æмæ хъæппæрис? Ацы æрмæг мыхуыр кæнгæйæ, мах нæ зæрдæ дарæм газеткæсджыты цæстуарзон æххуысыл. Сымахмæ та куыд кæсы, цы саразын хъæуы горæт Алагиры, районы хъæуты дыргъы куыст ногæй райдайыны тыххæй? Иу ныхасæй, алагираг кæрдойы хъысмæтыл чи тыхсы, уыдонæй курæг стæм, цæмæй нæм ацы хъуыддаджы фæдыл сæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ æрбарвитой.

ТОХСЫРТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here