Фидæны курортыл ацæудзæн

0
817
Fusion x64 TIFF File

Туристон проект «Цытджын цыллæвæндаг» ацæудзæн фидæны цæгатирыстойнаг курорт «Мамысон»-ыл.

— Цæгат Кавказы хъуыддæгты министрад кæуыл бакуыста, Цæгат Ирыстон бахастой уыцы трансрегионалон туристон маршрут «Цытджын цыллæвæндаджы» проектмæ. Маршрутæй нæм чи хауы æмæ фидæны курорт «Мамысон»-ыл чи ацæудзæн, уыцы хайыл биноныг бакуыстам æмæ йæ амынд министрадмæ барвыстам. «Мамысон»-æй фæстæмæ маршрутмæ Дайраны æмæ Уæлладжыры кæмттæ хаст кæй æрцыдысты, уый фæрцы ахсджиаг фæндæгтæ кæуыл цыдысты, проект æппæт уыцы территоритыл аххæсдзæн. Ирæтты рагфыдæлтæ алайнæгты рагзамантæй нырмæ чи баззад, Цæгат Ирыстоны уазджытæн уыдзæн æрдзы æмæ историйы уыцы цыртдзæвæнтимæ базонгæ уæвыны фадат. Мамысоны комы чи ис, уыцы хъæутæ банымайæн ис тыгъд уæларвы бын мидисджын музейтыл. “Цытджын цыллæвæндаг” кæуыл цыд, республикæйы æппæт кæмтты æрдзы æмæ историйы уыцы ахадгæдæр цыртдзæвæнтыл аххæссыныл бацархайдзыстæм, — загъгта РЦИ-Аланийы Туризмы комитеты сæрдар Гаджиты Вильям. Туристон-рекреацион комплекс «Мамысон» аразын райдыдтой 2013 азы. Ныридæгæн хæххон курорты инфраструктурæйыл бахардз кодтой 2 миллиард сомы бæрц. Цæдис «Цæгат Кавказы курорттæ» æртæ егъау туристон проектæн (уыдоны æхсæн — «Мамысон» дæр) бюджетæй æхцайы фæрæзтæ кæй нал дæттынц, уый тыххæй 2014 азы июлы фехъусын кодта Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей Меликов (ныхас цæуы æрмæст инвестицион хæрдзтыл). Бюджетæй æхца дæтдзысты «Архыз» (ХъæрæсеЧеркеси) æмæ «ЭльбрусБезенги»-йæн (КæсæгБалхъар). Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here