Зарæг райгуыры зæрдæйы

0
1723

Сфæлдыстадон адæймаг йæ къухмæ фыссæн сис куы райсы, уæд уый хуымæтæджы хабар нæу. Зæрдæйы хъынцъымы суадонау фемæхсынц фыссæджы арфдæр хъуыдытæ. Риу кæй нал бауромы, уыцы зæгъинæгтæ æмæ сагъæстæ сæ бынат ссарынц гæххæттыл. Афтæ райгуыры ног уацмыс, ног æмдзæвгæ, зарæг… Уыцы зæгъинæгтæ рæстæджы æцæгдзинад куы хæссой, уæд сын адæмы ‘хсæн æнæбаззайгæ нæй. Свæййынц хъуыдыйаг, уарзон. Хорз уацмыс йæ ныффыссæгæй фылдæр цæры, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Æрæджы ирон сценæйыл нæ зарæггæнджыты репертуары фæзынд ног зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ. Адæм сæ кæрæдзи дзыхæй исынц æмæ афтæмæй æвзаджы цъуппыл æрцардысты. Нывæст сты сыгъдæг уарзондзинад æмæ хæлбурцъгæнæг монцтæй, арф æнкъарæнтæ, зæрдæйы зæгъинæгтæ æмæ бæллицтæй. Ныффыста сæ нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады дæлбулкъон ХУЫБИАТЫ Зауыр.

Чи нæ фехъуыста Зæгъæгаты Зæирæйы зарæг «Кларнет». Уды цардæвзарæнты кадæг. Æнкъард мелоди, зæрдæйы катай … зарæгмæ хъусæг йæ уацары бахауы æмæ арф хъуыдыты ныххауы. Йе, зарæг «Фыды фæдзæхст». Бирæ ныйййарджытæн зарæгмæ хъусгæйæ сæ рустæ ауымæл вæййынц. Сæ цæстытыл ауайы, искæцы бон сæ алчидæр йæ чызджы моймæ куы æрвита, уæд уыцы уысм йæхи куыд дардзæн, цытæ фæдзæхсдзæн йæ хъæбулæн йæ царды ног æмæ дæргъвæтин фæндагыл æрлæууыны агъоммæ. Ацы æмдзæвгæ Зауыр ныффыста, йæ чызг Роксанæ моймæ куы цыд, уæд. Стæм хатт раргом кæны фыд йе ‘нкъарæнтæ. Фæлæ йын йæ ног бинонты къæсæрæй бахизыны агъоммæ цы зонд амоны, уый бирæтæн бафæзминаг у абоны царды:

Цæуыс, мæ чызг. Фæдзæхсын дæ Хуыцауыл,

Дæ мыггагæн ды макуы ‘руадз йæ фарн.

Дæ ног хæдзары фарн æмæ æгъдауыл

Ды баиу кæн дæ цæгаты æфсарм.

Кæнæ:

О, Мады-Майрæм! Кувы дæм ирон фыд,

Мæ хъæбулы мын амондджын фæкæн.

Нæ фидауы нæлгоймагыл цæстысыг,

Фæлæ кæм кæсы коммæ зæрдæ, кæм?

Зауыр у хайджын бинонты фарнæй. Ис ын æртæ хъæбулы æмæ æртæ та хъæбулты хъæбултæ. Хуыбиайы-фырты æмдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ. Зарынц сæ Сечъынаты Альбинæ, Зæгъæгаты Зæирæ, Тыбылты Леонид, Плиты Мурат æмæ иннæтæ. Кæддæр, йе ‘взонджы бонты, Зауыр бæллыд фыссæджы дæсныйадмæ. Не Скæнæг Хуыцау та нæ бæлццоны, фидæны царды ивддзинæдтæ рагацау зонгæйæ, цæттæ кодта æндæр фæндагмæ. Ставд-Дурты астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд ын йæ ахуыргæнæг Черчесты Хъасболат мадæлон æвзаг æмæ литературæ уыйбæрц бауарзын кодта, æмæ æвзыгъд скъоладзауæн йæ дарддæры цардыл хъуыдытæ иууылдæр систы ирондзинад, ирон æвзаг æмæ литературæйæн балæггад кæныныл. Фæлæ… 1980 азы Зауыр каст фæцис астæуккаг скъола æмæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта ЦИПУ-йы филологион факультетмæ. Скъолайы ахуыры рæстæг ын районы газеты мыхуыр кодтой йæ уацхъуыдтæ, æмдзæвгæтæ. Адæмы зæрдæмæ кæй цыдысты, уый йын лæвæрдта фылдæр ныфс. Фæлæ, цыдæр æгъдауæй, фæлварæнты нæ ацыд. Æрыгон лæппу цæмæй зыдта, цард æй æндæр хабæрттæм цæттæ кæны, уый. Уæдмæ бафыста йæ æфсæддоны хæс Фыдыбæстæйы раз Китайы арæнтыл. Куы ссыд, уæд та уыд Фæскомцæдисонты къорды командир Тюмены нефт æмæ газы гуырæнты арæзтæдты. Дыууæ азы фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Куыста Кировы районы газет «Размæ»-йы редакцийы. Фæлæ йæ ахуыры хъуыдытæ иу ран нæ уагътой. Ног та балæвæрдта йæ гæххæттытæ ирон филологийы факультетмæ æмæ йæ хал схауд. 1986 азы ацы факультеты байгом журналистикæйы хайад. Ссис Ирон филологи æмæ журналистикæйы факультет. Студенттæн сæхи фæндонмæ гæсгæ бар уыд равзарын, кæй сæ кæцы хайады фæнды дарддæр ахуыр кæнын. Фæлтæрдджын студентæн журналистикæ ссис рæбинагдæр æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис. Фæндтæ æмæ бæллицтæй фылдæр та цы вæййы сфæлдыстадон адæймаджы удыхъæды. Æрлæууыд 1992 аз… Нæ сыхаг фыдгæнджытимæ хæст нæма райдыдта, фæлæ бæрæг уыд, стыр змæстытæм кæй расайдзысты, нæ сыхæгты къухæй нæ адæмæй иугай мæрдтытæ, сусæг лæбурдтытæ, мæстæймарæн митæ сарæх сты. Республикæйы бахъуыд гварди саразыны сæр. Йæ рæнхъы чи æрлæууыд, уыдоны раззагдæртæй иу уыд Зауыр. Уæдмæ йæм Мидхъуыддæгты министрадæй фæсидтысты ног сæрмагонд къорды архайынмæ. Стæй йæ аивтой хицæн батальоны кадрты хицауæй кусынмæ. Райдыдта экстремисттимæ хæст. Уым йæхи хуызæн сæрæн лæппутимæ архайдта Зауыр дæр арæнтæ хъахъхъæнгæйæ. Уыд батальоны сæргълæууæг. Куы сæ иуæрдыгæй æхстой, куы — иннæрдыгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы цæфтæ, мæрдтæ. Нæмыг кæм уа, уым мæлæт хæстæг у. Фæлæ лæппутæ фæсте никæд фæлæууыдысты. Сæ разæй уыд Зауыр дæр. 2008 азы Хуссар Ирыстоныл гуырдзиаг фыдгæнджытæ арт куы бандзæрстой, уæд уырдæм Цæгат Ирыстонæй фæдисы бирæ адæм ацыд. Дыууæсæдæ фæндзай æфсæддоны арвыста Мидхъуыддæгты министрад Хуссармæ. Уыдонимæ Зауыр дæр. Дзиццойты Майрæм уыд Хуссар Ирыстоны зæххыл УФйы пъæлицæйы къорды сæргълæууæг. Зауыр та — йæ хæдивæг. Цыбыр рæстæгмæ ссис къорды сæргълæууæг. Хъахъхъæдтой арæнтæ, адæмы тыхгæнæджы нæмыджы азарæй. Уæрæсейы Федераци æмæ фæсарæнтæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн хæсты фæстæ цы гуманитарон æххуыс æрвыстой, уыдон дæр бынатмæ æнæцухæй хæццæ кодтой Зауыры къорды цæстдардæй. Хуссар Ирыстоны куыст ахаста цыппар азы æмæ æрдæг. Æдæппæтæй та Мидхъуыддæгты министрады Хуыбиаты Зауыр бакуыста дыууын иу азы. Уыцы рæстæгмæ хорзæхджынгонд æрцыд: орден «Серебряный крест»; майдантæ «За отличие в охране общественного порядка», «За отличие в службе» (I, II, III къæпхæны), «За ратную доблесть», «За боевое содружество», «Во славу Осетии», «За службу на страже мира Южной Осетии», «Участник в операции по принуждению Грузии к миру», «За отличие в службе в МВД», Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Пенсийы ацыд дæлбулкъоны цины. Нæ сыхаг экстремисттæ æмæ гуырдзиæгты фыдмиты хъæдгæмттæ абон дæр нæма бадзæбæх сты. Уæдæ цыма цы ми кæнынц фыссæджы риуы та хæсты фæстиуджытæ. Дудынц… нырма дæр кæрзынц. Æвæдза, зæрдæйы арфы æмбæхстæй цы апп баззайы, уымæн иу уалдзæг æнæ дидинæг ракалгæ нæй. Зауыр йæ иу къухы хæцæнгарз хаста, иннæйы — фыссæн сис. Йæ зæрдæйы та — Фыдыбæстæмæ, ныййарæг мадмæ, уарзон сылгоймагмæ, хъæбулмæ æмæ йæ адæммæ уарзондзинад. Йæ æмдзæвгæтæ дæр уыдоныл фыст сты. Æргом сын кæны сæ удыхъæд, сæ уды бæркад, сæ монон дуне.

О, Сабыр цард! Нæ дæ хæссын мæ сæрмæ,

Мæхицæн дзурын: «Фезмæл-ма, ыстæлф!»

Ифтыгъд нæмыгау æз кæсын æнхъæлмæ,

Кæд мыл сæмбæлдзæн иу зынджы ыстъæлф.

Лæджы намыс, ном, кад, лæгдзинад æппæт дæр нæ поэт бары Райгуырæн бæстæйы уарзондзинады барæнæй. Йæхæдæг дæр сын хи хъæбулау лæггад кæны. Ирыстоныл уæларвæй чъизи къæвда куы ‘рцæуы, уæддæр ыл йæ зæрдæ риссы. Хæрам у Зауыр æнæраст адæммæ, дам-думгæнджытæм, цъыфкалджытæ æмæ хуымæтæг адæмы цард халджытæм. Йæ уарзон Ирыстон æмæ йæ адæмæн тугæвзарæн чи бакодта, уыдонмæ хæссы фыдзæрдæ æмæ сæ куры:

Ныууадзут нæ. Нæхи бар нæ ныууадзут,

Ирæттæ стæм. Мах равзæрста нæ дуг.

Сыстытау нын нæ уæздан туг ныуазут,

Æвзæр куыйтау ныл сусæгæй хæцут.

Фыссæгæн йæ зæгъинæгты сæр у Фыдыбæстæ. Йæ алы рæнхъæй дæр æнхъæвзы Ирыстонмæ уарзондзинад. Цы хуызы ма йын балæггад кæна, цы хорзы ма йын бацæуа, ууыл у йæ хъуыды:

Фæлæ, Ирыстон, æз курын æрмæст,

Искуы мæ адзалы боны

Митау дæ риуыл куы батаин æз,

Иу хатт мæ суадзис дæ дойны.

Зауыры фыст æмдзæвгæты хицæн бынат ахсы ныййарæджы темæ. Куыд царды, афтæ сын йæ уацмысты дæр кæны лæггад, мысы йæ сабидуг æмæ бинонтæ иумæ цы амондджын рæстæг арвыстой, уыцы æнæмæт æмæ фæрнæйдзаг бонтæ:

Иу изæр нæ суджы пецы размæ

Рамбырд кæн дæ кæстæрты, нана.

‘Рывæр-иу дæ пирæн ды дæ фарсмæ,

Асæрф ын йæ дæндæгты хъуына.

Кæнæ мæнæ ацы рæнхъытæ:

Мæ фæлмæн мад, дæ номæй дæм нæ дзурын,

Дæу буцæй хонын æз мæхи нана.

Фæлæ уæддæр куы фесхъиуын — мæ цуры,

Куы айхъусын æз искæмæй «Дуна».

Йе:

Фæбадæм та кæркуасæнтæм, гыцци,

Æрымысæм нæ фыды рухс ном ахсæв.

Йæ цард йæ тæккæ тæмæныл фæци,

Мæ фыдмæ-ма мæ азты сæрты аргъæв.

Сфæлдыстадон адæймагæн йæ зæрдæ æппынæдзух дæр у уарзондзинадæй нывæзт. Дзаг у æнкъарæнтæ æмæ сагъæстæй. Нæй бамбæхсæн хъысмæты æвзарæнтæй. Уарзты цæхæры бахаугæйæ поэт йæ сагъæстæ кæны йæ уарзон музыкалон инструментæн:

Кларнет — мæ уды зарæг,

Кларнет — мæ уды маст.

Фæкæндзынæн дын ахсæв

Æфхæрд зæрдæйы хъаст.

Мыййаг, кæд ардæм искуы,

Куы фæзына мæ хур.

Мæ ныхæстæ-иу уымæн

Уæд сусæгæй фæдзур.

Иннæ æмдзæвгæйы мысы йæ рагуарзт æмæ агуры уарзон сылгоймагимæ фембæлд. Арф философон æмæ романтикон рæнхъыты ис хъæууон царды фæзындтытимæ абарстытæ. Уымæй æмдзæвгæ у бæркадхуыз æмæ æвдисы поэты цардæмбарынад:

Цард у чиныг, бонтæ та — йæ сыфтæ,

Рæстæг та — æнæуынгæ фыссæг.

Агурын мæ чиныджы дæ нывтæ,

Нал та хæцы цæстытыл хуыссæг.

Бонæй-бонмæ сыфтæ æз фæлдахын,

Æмæ та дæу фенынмæ бæлгæ…

Ивгъуыд цард къуырттон каркау æз къахын,

Искуы дзы куы ссарин дæу, бæргæ…

Фæлæ ма ас кары дæр уарзондзинад æрбахойы зæрдæйы дуар. Цыма йæхи кæмдæр аххосджынæй æнкъары, уыйау поэт бахаты хъысмæтмæ:

О, Стыр Хуыцау! Æз-иу дæумæ куы куывтон,

О, ма мын ратт зæронды бонты уарзт.

Фæззыгон хуым мæ зонгуытыл фæрывтон,

Фæлæ йæ тыллæг нал æрцыди карст.

Хуыздæрæн ма цы сарæзтаин, марадз,

Йæ зæхх ын кодтон хъарм донæй лæхъир.

Фæлæ йыл фæззæг аппæрста цъæх халас,

Æмæ мæ хуым нæ рафтыдта æфсир.

Алцы арф æнкъараг зæрдæйы хицаумæ цард арæх рæдау цæстæй нæ ракæсы, æмæ йæм уæд «йæ дзæнæт æркæсы зындон»:

Нæ мын бауарзта хорз амонд лæджы цæст,

Хæлæг ысты зæххон адæм, фыд-зонд.

Мæ сабыр цардæй расидтысты карз хæст,

Мæ дзæнæтæй мын сарæзтой зындон.

Уырыссаг поэт Сергей Есенин кæддæр афтæ загъта, мæ царды иннæ хабæрттæ, дам, мын мæ æмдзæвгæтæ бакæсгæйæ базондзыстут. Уыйау Хуыбиаты Зауыры æмдзæвгæтæ дæр æргом кæнынц авторы цард, миддуде, зæрдæйы ахаст айдæнмæ кæсæгау. Зауыр цы цардæвзарæнты ацыд, уыдоны фæстæ баззад сыгъдæг æмæ рухс зæрдæйы хицауæй. Фæтæн уæхсчытыл — царды уаргъы фæндзай æртæ азы, сæрыхъуынтæ — урсурсид, цæстыты — уарзондзинад. Цардмæ уарзондзинад! Æцæг, хæлбурцъгæнгæ уарзондзинад æмæ ныфс! Цы ма уа хуыздæр!

Æрмæг бацæттæ кодта УАНИТЫ-ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here