Æргом ныхас — сæйраг дохтыртимæ

0
1066

«Алцыдæр нæм куыд хорз у, æмæ ма суанг сыхаг республикæты цæрджытæ дæр сæхи дзæбæх кæнынмæ мах рынчындæттæм цæуынц, уыдæттыл нæ дзурдзыстæм. Æргомæй зæгъæм, абон ацы ахсджиаг къабаз цы зындзинæдтæ æмæ къуылымпытæ æвзары, æмæ сæ сраст кæнæн цавæр мадзæлтты фæрцы ис, уый. Рæсугъд, æппæлыны ныхæстæ æмæ лозунгты тыххæй не ‘рæмбырд стæм ардæм», — знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеславæн æргом, бындурон ныхас рауад æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæтты разамонджытимæ.

Фембæлды-ма архайдтой Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр Реутов, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Реуазты Таймураз, æндæр бæрнон адæймæгтæ. «Рынчын афтæ æгад кæдмæ уыдзæн?» «Иу бæллæх æрцыд, æмæ адæймаг фæрынчын, фæлæ йæм дарддæр цытæ фенхъæлмæ кæсы, уыдон ма йын йæ низыл бафтауынц. Суанг «Тагъд æххуыс»-мæ бадзурынæй райдай, æмæ цалынмæ рынчындоны къæсæрæй нæ бахиза, уæдмæ. Никæй кой кæндзынæн. Мæхæдæг цытæ федтон, бавзæрстон, уыдæттæ уын æрхæсдзынæн», — Битары-фырт хатыр ракуырдта, йæ ныхас æнкъарæнтæй дзаг кæй у, уый тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ бирæ рынчындæттæ æвзарынц зындзинæдтæ æхцаимæ. Фæлæ, рынчынмæ куыд æмбæлы, афтæ ракæс, лæгъз æм сдзур, баузæл ыл, цы хæстæ дæм хауы, уыдæттæ зæрдиагæй бакæн — уым та цавæр æхцатæ хъæуы? «Мæ фыд цалдæр азы размæ реанимацион хайадмæ уæззау уавæры бахауд. Уыдтæн йæ цуры, хъуамæ йын уыргты тыххæй скодтаиккой дзæбæхгæнæн мадзал, фæлæ йæ æргъæвтой æмæ æргъæвтой. Уыцы специалистмæ куы ссыдтæн, уæд йæхи афтæ фыдуындæй равдыста, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уый тыххæй не ‘рхастон ацы хабар æмæ искæмæй мæ маст исын, фæлæ хъуамæ уыдæттæн бынат ма уа. Алы рынчынмæ дæр кæсын хъæуы зæрдиагæй, хосгæрдæг уа, æви республикæйы разамонæг. Кæдмæ агурдзыстæм зæрдиаг ахаст телефонтæй кæрæдзимæ дзургæйæ, ома, фæкæсут мæ рынчынмæ?!» — загъта Битары-фырт. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ чиновниктимæ куы фæныхас кæны, уæд уайтагъд æхцайы кадавардзинад радавынц. Алцыдæр æхцаимæ баст нæу. Бынат чи ахсы, бонджын чи у, уымæн — иу хуызы лæггад, хуымæтæг адæймаг та хауæддзаг свæййы. Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг фæсидт сæйраг дохтыртæм, цæмæй медицинон кусджыты бæрнондзинадмæ фылдæр æргом здахой. «Уæд хицаудзинады нæма куыстон, «Тагъд æххуыс»-мæ бадзырдтам, мæ мадæн йæ туджы æлхъывдад сбæрзонд. Нæхи бон ын ницыуал уыд. Сæ фыццаг фарст: цал азы йыл цæуы? Цæмæй йыл сæ къух ма ауигъой, уый тыххæй сын 68 азы загътам (цæуы йыл 93 азы), фæлæ нæм уæддæр цалдæр сахаты фæстæ фæзындысты. Хъуыды кодтон, куыд ис уавæр аивæн, æмæ уæд мæхи куыстуаты адæмæн (1000 бæрц сты), «Тагъд æххуыс»-ы машинæ балхæдтон, цæмæй сæ зæгъын, ахæм зындзинæдтæ æвзарын ма хъæуа. Ома, цыдæриддæр дзурын — уыдон зонгæйæ. Адæм разы не сты дохтыртæй, куыд сын лæггад кæнут, уымæй», — ахæм уыд йæ хатдзæг ныхасгæнæгæн. Йæ хатдзæг раст у, æви нæ — уымæй ма бафарста, æмбырды дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæй чи архайдта, уыдоны дæр. Битары-фыртимæ уыдысты разы.

Дохтыртæ ма нæ цæмæн хъæуынц? Хуыцауы бар бакæнæм нæхи…

Æмбырды архайджыты размæ Битарты Вячеслав цы фарстатæ рахаста, уыдоныл æхсæнады рагæй кæнынц тæрхæттæ. «Ныридæгæн дæр мæм цалдæрæй æрхатыдысты, сæ хиуæттæ рынчындæтты амардысты æмæ сын дзуапдæттæг нæй», — дзырдта дарддæр республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг. Ахæм цаутæ хъуамæ бæстон æвзæрст цæуой, цæмæй сбæрæг уа, цæмæн афтæ рауад, кæй аххосæй. Фæлæ цард куыд æвдисы, афтæмæй сæ сабыргай-сабыргай ныммынæг кæнынц. Иунæг дохтыр дæр æфхæрд нæ баййафы. «Ахæм дзуапп дæр мын радтой, уый, дам, ома, Стыр Хуыцауы фæнд уыдис. Омæ уæд кувæн хæдзæрттæ аразæм, Хуыцауы бар бакæнæм нæхи. Дохтыртæ та ма нæ цæмæн хъæуынц? Курын уæ, цæмæй æппæт ахæм æнамонд цаутæ æвзара сæрмагонд къамис, дарддæр та — барадхъахъхъæнæг органтæ. Дохтыр хъуамæ йæ рынчыны тыххæй дзуапп дæтта. Æндæрхуызон уæвæн нæй», — йæ курдиат Битары-фырт бахæс кодта Александр Реутов æмæ Реуазты Таймуразæн. Дарддæр Битары-фырт фæбæрæг кодта æнæхъуаджы хæрдзты фарста. Сæйраг дохтыры мызд 100 мин сомы куы уа, хорз хæдзарæй уæлдай ма кæмтты цалдæргай бæстыхæйттæ куы сараза, æмæ йын уыцы иу рæстæг хостæн æхца куы нæ фаг кæна, уæд уый цæуыл дзурæг у? «Хъуамæ сæйраг дохтыры мæты æфтауа, а-ма, мæ рынчынæн цымæ дзул цал сомæй æлхæнынц? 25 сомæй æви 18 сомæй? Чидæр æнæфсармæй рынчын сывæллæтты дзыхæй æхцатæ тоны, æмæ уый давæг схонæн нæй? Кæмæн куыд æнтысы æмæ куыд уайы, уымæ гæсгæ ныр хостæ дæр, хойраг дæр, æндæр товартæ æлхæд нал цæудзысты. Дзуапдæттæг сын уыдзæн хицæн ведомство… Æмхуызон рынчындæттæ, фæлæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдтæн фидынц алыхуызон æхцайы бæрц. Уыдæттæ хъæуы банымайын æмæ кæрон скæнын æнæхъуаджы хæрдзтæн», — загъта Битарыфырт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, барджын къамисы фæрцы сбæрæг кæнын хъæуы æппæт кусæндæтты финансон уавæр. Къабазы дарддæры рæзты рахæцæнтыл бацархайыны охыл та ис фæсидæн фæлтæрдджын специалисттæм, ома, ныртæккæ рынчындæтты нал кусынц, фæлæ уавæр хорз чи æмбары, ахæмтæм. Æргом ма аздæхта Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонд, фæдзæхстадон компаниты æмæ рынчындæтты ахастдзинæдтæм. Куыд бафиппайдта, афтæмæй, йæ уайдзæфтæ рынчындæтты рæстудæй чи кусы, уыдонмæ нæ хауынц, фæлæ, адæмæн сæ низыл низ чи ‘фтауы, уыдонмæ.

Цæмæй уын баххуыс кæнæм?

Æмбырды архайджытæ сæ хъуыдытæ æмæ сæ фæндтæ загътой, Битарыфырт сын сæ размæ цы фарстатæ сæвæрдта, уыдоны тыххæй. Бæззаты Витали куыд бафиппайдта, афтæмæй Медицинон академийы студентты ‘хсæн ахæмтæ ис, æмæ сæ рынчынтæм уадзæн нæй. Фæлæ сыл хæцджытæ кæй ис, уымæ гæсгæ сæ дарынц. Кæнæ та, дам, хаттæй-хатт рынчындоны хайадæн разамонæгæй ахæмы сфидар кæнынц, æмæ æфснайæгæн дæр нæ фæбæззы. Уарзиаты Аркади та рæгъмæ рахаста дохтырты дæсныдзинад фылдæр кæныны хъуыддаг. Ома, кæцæй фæзындзысты хорз цæттæгонд специалисттæ, паддзахадон æмвæзады йыл куы нæ ахъуыды кæной, уæд. Ныртæккæ кæд дохтырмæ æхца ис, уæд цæуы ахуырмæ, фæлæ бирæтæн уыцы фадæттæ нæй, æмæ уый зыны дохтырты дæсныдзинадыл. Фыййагдоны пульмонологон рынчындоны сæйраг дохтыр Хæмæтаты Батыр куыд загъта, афтæмæй сæ фæлтæр кусын куы райдыдта, уæд æрыййæфтой æцæг дæсны специалистты, æмбал кæмæн нæ уыд, ахæмты. «Уæд нæм, æцæгдæр, сыхаг республикæтæй цыдысты сæхи дзæбæх кæнынмæ. Раздæр нын институты амыдтой предмет «Дзæбæхкæнынады аивад», ныр ахæм нал ис, æмæ йæ сног кæнын хъæуы»,— бафиппайдта Хæмæты-фырт. Сæ хъуыдытæ загътой Зураты Хъазыбег, Таматы Мери, Малиты Батырбег, Кучиты Таймураз. Баст уыдысты специалисттæ цæттæ кæныны мадзæлттимæ æмæ фадæттимæ, суанг бынæттон закъонæвæрынадон хъæппæристимæ. Райхъуыст амалхъомтæй æххуыс бацагурыны фæнд дæр. Битарты Вячеслав лæмбынæг байхъуыста алы дзурæгмæ дæр, фæсидт, цæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынад къуырцдзæвæнæй ракæныны охыл скæной цæлхæмбырд. «Мах хъуамæ сбæрæг кæнæм, цавæр æххуыс уæ хъæуы, уый. Уый фæстæ фæсиддзыстæм амалхъомтæм, цæмæй уæ фарсмæ æрбалæууой. Куыд ма дзырдтон, афтæмæй мын уыд фембæлд Санкт-Петербурджы не ‘мзæххонтæ Боллоты Таймураз æмæ Гергиты Валериимæ. Мæ курдиат уыд республикæйæн истæмæй баххуыс кæнын. Куыд загътой, афтæмæй сты цæттæ, æрмæст, дам, бацамонут, цы хъæуы, цавæр хъуыддаджы балæууæм, фæлæ, дам, уын цы радтæм, уый ма фæдавут… Æнхъæлмæ кæсын уæ хатдзæгтæм, куыстмæ уæ ахаст кæй аивдзыстут, уымæ»,— загъта Битарты Вячеслав. Тускъаты Таймураз, Александр Реутов æмæ Реуазты Таймуразæн бахæс кодта бæлвырд хъуыддæгтæ.

БУТАТЫ Эльзæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here