Хъæуы сæ, æнæмæнг, бахъахъхъæнын

0
1318

Абон нæ алыварс куы акæсæм, уæд бирæтæй фехъусæн вæййы: «Нæ фæсивæд сæфынц», «Нæ рæзгæ фæлтæр нал бæззынц» кæнæ та дын иу æвзæр-ницæййаг лæппу йе чызджы дæнцæгæн æрхæсдзысты æмæ иннæты дæр уымæ гæсгæ æвзæртыл афыссынц. Ирыстоны тынг бирæ ис аккаг фæсивæд. Зынгæ та уый тыххæй нæ кæнынц, æмæ сæ бирæтæ размæ нæ уадзынц. Иуæй-иутæ бынæтты пъæззытау ныффидар сты æмæ сæхимæ паддзæхтæ æркастысты. Хорз хистæр хъуамæ йæ удæй арт цæгъда, цæмæй йæ фæстæ аккаг кæстæртæ уа. Кæйдæрты та Хуыцау æхцайыл скодта, сæхи номы мæт йеддæмæ сæ ницæй мæт ис. Иу дæр сæ нæ сомбоныл нæ хъуыды кæны. Уыдон куыд нæ хъуыды кæнынц, мæ фæстæ цы фæд ныууадздзынæн, зæгъгæ. Нæ фæсивæдæй исчи размæ хорз хъуыддаджы фæдыл куы фæцæуы, уæд ын хъуамæ йæ размæ цæлхдуртæ æвæрой.

Нæ горæты æрыгон фæлтæры фылдæр æмбисæн зонгæ сты æхсæнад «Портал»-ы архайджытæ. Ацы æхсæнæд æрбынат кодта, республикон Национ бæстæзонæн музейы кæрты цы хæлддзаг бæстыхæйттæ ис, уыдонæй иуы. Раздæр ам уыдысты фондты æвæрæнтæ, фæлæ сæ, æвæццæгæн, æндæр бынæттæм ахастой æмæ бæстыхай алы быронæй байдзаг. Бафснайдтой йæ «Портал»-ы бындурæвæрæг, нæ республикæйы хъуыстгонд адæмон уадынгæрзтыл цæгъдæг къорд «Къона»-йы уæнг, Иры фæсивæды минæвæрттæй иу, Тогойты Альберт æмæ йæ хæлæрттæ. Адон сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ бæстыхайы алфамбылай ссыгъдæг кодтой бæрæзе æмæ хъамылæй. Мидæгæй йæ чъырæй сцагътой. Скодтой дзы æцæг ирон хæдзар. Æмæ ма цы хъуамæ уа уымæй хуыздæр, горæты цæргæйæ дæ бон куы уа бацæуын фыдæлтыккон хæдзармæ, кæцыйы ис ирон пец, алыхуызон уадынгæрзтæ: дала фæндыр, гуымсæг, гитарæ, пианино, балалайкæ, къæрцгæнæнтæ, фæндыр. Уæдæ дзы æрвылбон цы зæрдæмæдзæугæ изæртæ ацæуы ирон зард æмæ аив ныхасимæ, уый та! Ардæм алкæмæн дæр йæ бон у бацæуын æмæ лæвар бакæсын концертон равдыстытæм. Уыимæ дзы ис алы уадынгæрзтыл ацæгъдыны фадат дæр. Ахсджиаг æмæ уæлдай ахадгæ та сты, ахуыргæндтæ æмæ, сæ цард æмæ сфæлдыстадæй цымыдисаг чи сты, ахæм æрыгæттимæ фембæлдтытæ. Мæхæдæг сæм фыццаг хатт куы бафтыдтæн, уæд бынтон дисы бацыдтæн къулыл конд нывæй: лæг кæсы газет «Рæстдзинад». Уый дзурæг у, амы фæсивæд сæ бæстæйы, сæ мадæлон æвзаджы хуыздæр патриоттæ кæй сты, ууыл. Кæй никуы æруадздзысты сæ бæстæйы кад дæлæмæ. Ныридæгæн æз ацы æхсæнады уазæг дыууæ азæй фылдæр дæн æмæ æз ам никуы никæй федтон æвзæр дзыхæй дзургæ, тамако дымгæ, кæрæдзи снæмгæ нæ, фæлæ хылгæнгæ дæр. Алчидæр сæ, фыццаджыдæр, хъуыды кæны йæ фарсмæ бадæг адæймагыл. Ничи сæ никуы схуыдта йæхи иннæмæй хуыздæр. Фæлæ абон Иры фæсивæды артдзæсты сæрмæ сау мигътæ æмбырд кæнын райдыдтой — хъуамæ сыстой æмæ ацы бæстыхай суæгъд кæной. Ацы фарст сын сæ размæ цæхгæр æрæвæрдта Национ бæстæзонæн музейы директор Сохиты Ларисæ. Уый æрæджы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæдон газет «Слово» (“Ныхас”)-ы уацхæссæг Фаризæ Хадашевайæн «Портал»-ы фæдыл ахæм комментаритæ радта: «Почему бы им не пойти на какую-нибудь другую стройку, не объявить ее зону «Порталом» и не развивать там свое творчество?». Дарддæр Сохиты Ларисæ бафиппайдта, æрыгон курдиатджын фæсивæды ныхмæ нæ дзуры, зæгъгæ. Уадз æмæ, дам, сæхиуыл кусой æмæ сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæной. Фæлæ уый хыгъд йæ ныхас комкоммæ афтæ у: «Почему я должна закрывать глаза на самовольный захват здания, принадлежащего Национальному музею РСО-Алания, из которого по сути сделали проходной двор? В конце концов это государственное учреждение, за безопасность на территории которого я несу ответственность по должности. Не дай Бог что-то случится, отвечать мне. Я на себя такую ответственность брать не рискую и считаю, что условия безопасности грубо нарушаются». О, кæй зæгъын æй хъæуы, Сохиты Ларисæ иуæрдыгæй рæстытæ дзуры, стæй дзы хицау кæй у, уый дæр дзы рох кæй нæ у, уый хорз у. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ацы фæсивæдæй иу дæр æвзæр кæнæ æнаккаг нæу, стæй раст нæу, цæмæй сæ исчи ратæр-батæр кæна. Дыккаджы та ацы фæсивæдæй иу дæр афтæ нæ зæгъы, æмæ ам, цы бæстыхайы сты, уый сæхицæй искæй у. Тынг хорз æй æмбарынц, кæй дæлбар ис ацы бынат, уый. Æртыккаджы та, Сохиты Ларисæ «проходной двор» кæй рахуыдта, уый ахæм дæр нæу. Ацы бæстыхаймæ наркомантæ, расыггæнджытæ æмæ æндæр æвзæргæнджытæ не ‘рбацæуынц, фæлæ аккаг фæсивæд. Айдагъ нæхи республикæйæ нæ, фæлæ ма фæсарæнтæй дæр. Æмæ сæ алчидæр ацæуы цавæрдæр диссаджы уæлмонцтимæ. Уый та, мæнмæ гæсгæ, стыр ахъаззаг у не ‘ппæтæн дæр. Музейы бæстыхайы уыйбæрц æдзæллаг бынæттæ ис, æмæ ацы агъуыст се ‘хсæнæй зынгæ дæр нæ кæны. «Портал»-мæ цы æвзонг адæм æрбамбырд вæййы, уыдон схонæн ис нæ республикæйы æрыгон фæсивæды цæсгом. Æмæ сæ тæрын нæ хъæуы, фæлæ сын баххуыс кæнын хъæуы. Алчидæр нæ зоны, 2017 азы нæ музей хъуамæ бæрæг кæна йæ 120 азы. Æмæ хорз уаид, ацы фæсивæд цы бæстыхайы сты, уый цалцæггонд куы ‘рцæуид æмæ куы баззаид «Портал»æн. Уымæн æмæ, фæсивæдæй йæ удварн хъæздыг кæныныл чи архайы, уыдонæн æнцон ссарæн у. Нæ республикæйы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Атайты Мæдинæ ацы фарстамæ ракаст æргом цæстæнгасæй æмæ куыд æцæг патриот, афтæ фæсивæды ныхмæ нæ рацыд, фæлæ зæрдæ бавæрдта фæсивæдæн, кæй сын баххуыс кæндзæн, уымæй: «…Да, они неформально там «проросли», как трава, но то, что они создали, — на самом деле достойно, интересно, это действительно современное искусство. В этом смысле мы будем ребят всецело поддерживать и искать им место в городе». Атайты Мæдинæ зæрдæ кæй бавæрдта, кæй фехъуыста æрыгæтты ныхас, уый у стыр кады аккаг. Фæлæ йæм ис курдиат, цæмæй кæд гæнæн æмæ мадзал уа, уæд «Портал»-ы бынат баззайа ам. Уымæн æмæ куыд загътон, афтæмæй алкæмæн дæр у зонгæ. Ардыгæй алкæй бон дæр у ацæуын изæрыгон йæ хæдзармæ. Ацы фарстатæ та мæнмæ гæсгæ, ахъуыдыйаг сты. Мæ ныхасы кæрон ма иу хатт зæгъдзынæн, ацы фæсивæд сты нæ рæзгæ фæлтæры хуыздæр минæвæрттæй æмæ сæ схойын нæ хъæуы, хъæуы сæ фарсмæ балæууын. Уыдон сты нæ райсом, нæ Иры фидæн…

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here