Сихъоты Тимур — ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг

0
981

Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы коллективæн цы æмбырд уыд, уым РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг АТАЙТЫ Мæдинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ансамблы ног разамонæгæй нысангонд æрцыд СИХЪОТЫ Тимур.

Нæ республикæйы культурæйы къабазы кусджытæн, стæй аивадуарзджытæн дæр хорз зындгонд у Сихъойы-фырты ном. Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сихъоты Тимурæн ис хъæздыг сфæлдыстадон биографи. 1984 азы Краснодары Культурæйы паддзахадон институт каст куы фæци, уæд кусын райдыдта ансамбль «Алан»-ы балеты артистæй. Фæстæдæр куыста Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны хормейстерæй, театр «Саби»-йы актерæй, Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры актерæй, кæфтытæ æвæрæгæй, балетмейстерæй, театр «Арвайдæн»-ы сæйраг балетмейстерæй, бæхты театр «Нартæ»-йы балетмейстеркæфтытæ æвæрæгæй. 2012 азæй нырмæ уыд ансамбль «Алан»-ы балетмейстеркæфтытæ æвæрæг. Культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æхххæстгæнæг Сихъойыфыртæн арфæ ракодта, ног æмæ йæ бæрнондæр бынатмæ кæй снысан кодтой, уый фæдыл, æмæ загъта, ансамблæн йæ зæрдæ ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ кæй зæгъы, уый. Уымæй уæлдай, Атайты Мæдинæ ансамблы раздæры аивадон разамонæг Къубалты Эльбрусæн (куыд зонæм, афтæмæй уый æрæджы нысангонд æрцыд культурæйы министры хæдивæгæй) бузныг загъта йæ зæрдиаг куысты тыххæй. Министры ныхасмæ гæсгæ, фæстаг азты зынгæ фæхъомысджындæр ансамблы материалон-техникон ифтонгдзинад, артисттæ арæхдæр цæуынц гастролон балцыты. Атайты Мæдинæ куыд бафиппайдта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, коллектив йæ ног разамонæгимæ ноджы стырдæр сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæм кæй цæудзæн, ууыл.

АБАЙТЫ З.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here