Кусын кæй фæнды, уымæн цæттæ дæн мæхæдæг баххуыс кæнынмæ

0
897

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд нæ республикæйы амалхъом адæмимæ. Æмбырды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ТУСКЪАТЫ Таймураз, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдар Алексей МАЧНЕВ, экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ГУЛУТЫ Олег, хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ДЗИЦЦОЙТЫ Риммæ, Хицауады финансон-экономикон хайады разамонджытæ, Хъалонты федералон службæйы республикон управленийы бæрнон кусджытæ æмæ дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Битарты Вячеслав загъта: — Нæ фембæлды сæр хуымæтæг нæу, нæ ныхас у республикæйы экономикон райрæзты фарстатыл. Республикæмæ нæ хæццæ кæнынц фаг æфтиæгтæ, бирæтæ нæ фидынц хъалон. Уый гæнæн нæй, æмæ адæмы 100 процентæй æрмæст 20 проценты официалон æгъдауæй фидой хъалон. Уый дзурæг у ууыл, æмæ бирæтæ æнæзакъонæй кусынц куыстуæтты. Æргом уæ курын, цæмæй нæ хъус æрдарæм ацы фарстамæ. Æххæстгæнæг хицаудзинад æмæ хъалонты службæйы органтæ егъаудæр куыстуæттæ æмæ организацитимæ иудадзыг æмгуыстад куы кæной, уæд уый стыр ахъаз уыдзæн республикæйы бюджеты æфтиæгты рæзтæн. Бюджеты уæлæмхасæн æфтиæгтæ нын фадат ратдзысты ног программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæнынæн. Уыдон та ахъаз уыдзысты республикæйы рæзтæн. Афтид бюджетимæ размæ цæуæн нæй. Уый тыххæй алы амалхъомæй дæр курын, цæмæй сæ куыстуæттæ фæуæрæхдæр кæной, байгом уой ногтæ, рæзой æмæ куыстуæттæм æрбацæуой, æгуыстæй чи бады, уыцы адæм. Мæхæдæг дæр хорз зонгæ дæн уыцы куыстимæ. Æмбарын уын уæ фæллой. Уæззау æмæ зын куыст у. Уый тыххæй нæ амалхъомты нымæц ацы аз ноджыдæр фæкъаддæр. Курын, цæмæй сын сæ уавæртæ фæрогдæр кæнæм æмæ нæ Ирыстон йæ пъæззыйæ фервæза. Иннæ хъуыддаг та ма уый у, æмæ уæ кусджытæ хъуамæ нæдæр социалон уавæр, нæдæр мыздæй æфхæрд ма цæуой. Алкæй дæр сæ хъæуы бинонтæ дарын. Мæхæдæг цæттæ дæн байхъусын æмæ баххуыс кæнын, Ирыстоны ма кусын цы адæмы фæнды, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Æргомæй уын зæгъын мæ телефоны номыртæ 8-989039-66-77. Дзурдзыстæм æрмæстдæр хъуыддагыл. Бæргæ мæ фæнды нæ царды уавæртæ зæрдæйы фæндиаг куы уаиккой. Уымæн бахъæудзæн рæстæг. Ныр уал нæ къухы бафтыд электрон тыхы лæггæдтæ фæасламдæр кæнын, æмæ Хуыцауæн табу. Дарддæр дæр архайдзыстæм. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой сæ куысты арæхдæр цы фарстатимæ æмбæлынц, куыстуаты райрæзтæн къуылымпыйы хос чи у, уыдоныл. Радзырдтой сæ фæндтæ алы районты минæвæрттæ, æмæ сæ хицауады уæнгтæ сæхимæ фæнысан кодтой. Скодтой докладтæ Ирыстоны амалхъомады райрæзт цы къуылымпыдзинæдтæ æййафы, цавæр Федералон программæты архайгæйæ ис æххуыс райсæн, уый фæдыл. Фæстаг азты амалхъом адæмы æмбырд фыццаг хатт у. Хъæугæ та кæны, цæмæй æппынкъаддæр суа æрвылазон. Æргом æмæ комкоммæ ныхас дæтты фадат иумæйаг нысанмæ комкоммæ цæуынæн.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here