Хицауад тырны ГТО-йы домæнтæ раттынмæ

0
960

Афæстаг 20-30 азы нæ бæстæйы адæмы æнæниздзинад зынгæ кæй фæцудыдта, уый Уæрæсейы разамонджыты зæрдыл æрлæууын кодта, кæддæр Советон хицаудзинады рæстæг цы паддзахадон мадзæлттæ арæзт цыди æнæниздзинад хъахъхъæнынæн, уыдонæй иу. Физкультурон комплекс ГТО æнæмæнг уыди, адæймаджы йæ физикон цæттæдзинадыл фылдæр хъуыды кæнын æмæ архайын чи кодта, ахæм хъæугæ мадзал.

Уæрæсейы Президент Владимир Путин ацы кæддæры хъæугæ хъуыддаг сног кæныны тыххæй Указ кæй рауагъта, уый нæ бæстæйы милуангай адæймæгты зæрдыл æрлæууын кодта, се ‘нæниздзинад сæхицæй аразгæ кæй у, уый. Куыд уынæм, афтæмæй фылдæрæй-фылдæр кæнынц спортивон фæзтæм, залтæм, кæнæ æрдзы хъæбысмæ йе ‘нæниздзинад фæфидардæр кæнынмæ чи тырны, уыдоны нымæц. ГТО-йы нормæтæ раттын кæй фæнды, уыдоныл дæр дзæвгар фылдæр бафтыд. Ацы хъуыддаджы скъоладзауты, студентты, куыстуæтты алыхуызон специалистты æмрæнхъ æрлæууыдысты РЦИ-Аланийы разамонджытæ æмæ Хицауады кусджытæ дæр. 9 апрелы Цæгат Кавказы паддзахадон технологон университеты спортивон комплексы сæ физикон цæттæдзинад равдисынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав, нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, йæ фыццаг хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Белеккаты Рафаэль, республикæйы министрты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнджытæ, паддзахадон куыстуæтты разамонджытæ: Икъаты Русланбег, Реуазты Таймураз, Игорь Шаталов, Бæройты Хасан, Дзиццойты Риммæ, Сæлбиты Зитæ, Хадыхъаты Сослан, Фадзайты Æхсар, Александр Реутов, Челæхсаты Рустем, Таймазты Тимур æмæ иннæтæ. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты спортивон скъолаты разамонджытæ æмæ æндæр специалисттæ: Мæхъиты Иринæ, Джиоты Инал, Бады Зауыр, Беджызаты Эдуард æмæ иннæтæ. ГТО-йы нормæтæ æххæстгæнджыты размæ рацыд Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау Хуыгаты Алан æмæ семæ скодта цæттæгæнæн гимнастикæ. Куыд зонæм, афтæмæй Хуыгайыфырт у Уæрæсейы ГТО-йы сæрмагонд минæвар. Уыцы бон Хæххон-металлургон институты Спортивон комплексмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдоны дисы бафтыдтой, нæ республикæйы разамонджытæй бирæтæ цы хорз физикон цæттæдзинад равдыстой, уый. Æппæты разæй зæгъдзыстæм, Битарты Вячеслав куыд хорз сарæхст ГТО-йы нормæты домæнтæм, уый тыххæй. Æппæт хуызы фæлварæнтæ дæр Битары-фырт сæххæст кодта ГТО-йы «Сыгъзæрин нысан»-ы домæнты æмвæзадæй хуыздæр. Зæгъæм, кæд æмæ турникыл хи хæрдмæ сивазын хъуыди 12 хатты, уæд уый йæхи систа 19 хатты. Æфсæйнаг гир исын кæд хъуыди 15, уæд уый систа 20 хатты. Æмæ афтæ иннæ фæлварæнты дæр. Сæрæнæй равдыстой сæхи Тускъаты Таймураз, Алексей Мачнев, Белеккаты Рафаэль, Челæхсаты Рустем, Александр Реутов, Фадзайты Æхсар æмæ иннæтæ. Дзыхъы лæуд нæ уыдысты сылгоймаг министртæ Сæлбиты Зитæ æмæ Дзиццойты Риммæ дæр. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы куы бафарстам, афтæ æнцонæй йын куыд бантыст фæлварæнтæ уæлдæр бæрæггæнæнтыл раттын, уæд загъта: «Адæймаг хъуамæ йе ‘нæниздзинадыл, фыццаджыдæр, йæхæдæг хъуыды кæна. Гæнæн æмæ амалæй фылдæр змæлын хъæуы. Ноджы хи хъахъхъæнын хъæуы фыднозт æмæ фыдхæрдæй. Æз кæд цыфæнды æнæвдæлон вæййын, уæддæр архайын ме уæнгтæ аивазыныл куы спортивон залы, куы бассейны. Кæд мын, мæхи куыд фæнды, уый бæрц фадат нæй, уæддæр, цы ис, уый пайдайы хос у. Мæн тынг фæнды, нæ адæм æнæниз æмæ цардхъом цæмæй уой, уый. Ацы хъуыддагæн, нæ бон цы уа, уымæй архайдзыстæм уавæртæ аразынмæ. Абоны бонæй æз разыйæ баззадтæн, æмæ та бацархайдзыстæм ногæй ахæм фæлварæнтæ скæнынмæ. Æз зæгъын бузныг, ацы хъуыддаг афтæ рæсугъд æмæ æнæкъуылымпыйæ кæй фæрцы ацыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр». Битарты Вячеслав æмæ Алексей Мачнев ма уыцы бон сæххæст кодтой иу æхсызгон хæс: ГТО-йы «Сыгъзæрин нысан» сæ риутыл бакодтой, нæ республикæйæ уыцы нысанæй фыццаджыдæр цы 19 лæппуйы æмæ чызджы схорзæхджын сты, уыдонæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here