Битарты Вячеславы интервью информацион агентад «ТАСС»-æн

0
1002

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав дзуапп радта ТАСС-ы сæйраг редакторы хæдивæг Александр КУПРИЯНОВЫ æмæ ТАСС-ы регионалон информацийы хайады разамонæг Людмилæ БОРЩЕВАЙЫ фæрстытæн.

— Амалхъомад дын æнæзонгæ нæу, стыр фæлтæрддзинад дæм ис, уый та, æвæццæгæн, экономикон къуырцдзæвæны заман регионы разамонæгæн тынг ахсджиаг у. Уыцы фæлтæрддзинад дын куыд фæпайда?

— Мæ цæстæй акæсгæйæ, кæцыфæнды паддзахады экономикæйы бындур у амалхъомады æмæхсæнад. Амалхъомад куыд фидар у, куыд размæцыд, куыстæн ын цавæр уавæртæ ис, уыимæ баст у паддзахады цард дæр. Хъалонтæ, финансон авналæнтæ уырдыгæй æфтынц æмæ сæ фæрцы æппæт социалон фарстатыл дæр ис аххæссæн. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ныры онг уыдтæн амалхъом, иу æмæ дыууæ къуырцдзæвæны нæ бавзæрстон. Уымæ гæсгæ æмбарын, амалхъомады размæ регионы цы цæлхдуртæ ис, уыдон æвæстиатæй аиуварс кæнын куыд ахсджиаг у, уый. Фæлæ мæ куысты сæйраг рахæцæнтæ, бындуртæ æрмæст мæ раздæры фæлтæрддзинадыл не ‘нцайынц. Æппынæдзух æмбæлын алыхуызон амалхъомадон структурæтимæ. Кæд æмæ амалхъомадæн разамынд дæттыны мадзæлттæ паддзахадон куысты фæткы хуызæн не сты, уæддæр уынаффæ хæссыны, æххæст кæныны, цæст сæм фæдарыны бындуртæ кæрæдзийæ уыйас нæ хицæн кæнынц.

— Ирыстойнаг амалхъомтæ цавæр зындзинæдтæ æвзарынц?

— Æрæджы нын æргом ныхас рауад амалхъомтимæ фембæлды. Уыдон дзырдтой, рагæй сæ цы тыхсын кæны, барæй конд административон цæлхдурты тыххæй. Уыдæттæ æвæстиатæй сыскъуынын хъæуы сæ бындзарæй. Уымæ æрцыдысты, æмæ сæ домынц алыхуызон гæххæттытæ, кæд федералон закъонмæ гæсгæ хъæугæ дæр нæ фæкæнынц, уæддæр. Администрацитæ сæ куыст афтæ аразынц, цæмæй адæймаг рацу-бацу кæна, рады дæргъвæтин рæстæг æрвита, уыцы гæххæттытæ райсыны охыл ма сын æхца дæр авæра. Ныртæккæ нæ республикæйы цæрджытæ хицаудзинадыл не ‘ууæндынц. Æз сын загътон, давгæ ничиуал кæндзæн, хъуыддаг саразыны тыххæй уæ уæлæмхасæн æхца ничиуал домдзæн, паддзахадон нысаниуæгимæ æлхæнинæгтæ баргонд сты иунæг управленийæн. Рацæут, архайут! Нæма сæ уырны… Сæйрагдæр у адæмы æууæнк хицаудзинад æмæ закъонмæ раздахын. Ныртæккæ нæм цæуынц уалдзыгон быдырон куыстытæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ алы зæххы хайыл дæр тох сыстад. Цæгат Ирыстоны æппæт регионтæй фегуырынц нæ «æгæр сæрæн» æмзæххонтæ, æмæ рагæй дæр зæххыл рæстудæй чи куыста, уыцы фæллойгæнджыты къуыммæ тæрынц, нæ сæ уадзынц кусын. Чи сæ æндæр регионæй фæзынд, чи ахæстоны фæбадт, æмæ ныр æрхъуыды кодтой, зæхх сæ кæй хъæуы, уый. Зæхх та æппæты фаг нæ кæны, æмæ уæд архайынц тыхæй, сæ бынæттæй фенкъуысын кæнынц æнтыстджын фермерты, арендаторты. Ахæм тох кæм бацайдагъ, уыцы районты сæргълæуджытæн, мидхъуыддæгты органтæн амынд æрцыд, домæнтæ сын сæ размæ сæвæрдтам.

— Дæумæ гæсгæ, æнæпайда зæххыты бæрц цас у?

— Гыццыл нæу. Бæлвырддæр æй зæгъдзынæн, зæххы инвентаризаци кæронмæ куы скæнæм, уæд. Зæрдиагæй, хæдзардзинæй чи нæ кусы, ахæмтæ бирæ сты. Уыдон сты, сæ куысты бынæттæй, сæ бартæй чи спайда кодта, æмæ уый фæрцы цалдæргай мин гектары бирæ азтæм хаццоны чи райста æмæ йæ кусынмæ та æндæртæм чи радта, ахæмтæ. Уыцы «æлдæрттæ» сæхæдæг Ирыстоны нал цæрынц, Мæскуыйы æрбынæттон сты, фæлæ сæ зæххыты тыххæй æхца исынц. Муниципалон бюджетмæ та гектарæн фидынц 1 мин сомы. Субарендæйы тыххæй та сæхæдæг гектарæн 5-6 мин сомы исынц. Федералон закъон сын уыцы бар дæтты, фæлæ уый раст нæу. Мах уыцы «латифундистты» сбæрæг кæндзыстæм æмæ сын тæрхондоны фæрцы сæ зæххытæ райсдзыстæм.

— Дæ уынаффæйæ фæзынд Экономикæ, инновацитæ æмæ ерысхъом политикæйы тыххæй Совет. Цавæр хæстæ йыл сæвæрдтай, цæмæ йæм æнхъæлмæ кæсыс?

— Уынаффæтæ мæхæдæг рахæссын, фæлæ хъуыддаг хорз чи зоны, фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыдонмæ кæддæриддæр байхъусын, бафæрсын сæ. Раст уынаффæ ис рахæссæн адæмимæ аныхас кæнгæйæ. Фæдзырдтон, хицаудзинады чи нæ кусы, фæлæ экономикæ чи зоны, йæ цард уыимæ чи сбаста, ахæмтæм. Мæхæдæг разамынд дæттын Советæн, ис дзы зонады, амалхъомады минæвæрттæ. Æппæт экономикон зындзинæдтæ æмæ фарстатæ, нысантæ уал-иу æвзæрст цæудзысты Советы, уый фæстæ-иу сæ рахæсдзыстæм Хицауады æмæ Парламенты æмбырдтæм.

— Бюджет баххæст кæныны фарста куыд лыггонд цæудзæн?

— Цæгат Ирыстон, бæстæйы иннæ регионты æмрæнхъ, зындзинæдтæ æййафы бюджетимæ. Цы фæрæзтæ фæнысан кодтам, уыдон фаг сты мызд бафидынæн æмæ социалон зæрдæдарæнтæн. Республикæйæн æнцон нæу, уæззау социалон-экономикон уавæрæй рахизыны мадзæлттæ цыбыр æмгъуыдмæ фæбæрæг кæнын, æмæ рæзты программæмæ раивын. Ахсджиаг сты ног рахæцæнтæ, ног амалхъомадон хъуыддæгтæ, фæндтæ. Советы иу æмбырды уал ныхас цыдис æрдзон фæрæзтæй спайда кæныныл. Зæгъæм, ис нæм зæрдæйыфæндиаг доломиты æвæрæнтæ. Хъомысджын къахдзæф скæнын хъæуы æмæ стыр æхцайы фæрцы авгуадзæн завод саразын. Уый æрмæст иунæг дæнцæг. Цæмæй бюджеты зындзинæдтыл æххæссæм, уый тыххæй нæ хъæуы хъалонтææвæрæн базæ. Цы нæм ис, уый фаг нæу, уыимæ азæй-азмæ къаддæргæнгæ цыдис. Амалхъомтæ-иу сыстадысты æмæ æндæр регионтæм сæхи айстой. Æвæццæгæн, сымах фехъуыстат уæрæсейаг æмвæзады зындгонд амалхъомтæ Боллоты Таймуразы, Хъесаты Игоры, Къациты Сергейы тыххæй. Ныртæккæ Къациты Сергей æрбаздæхт Ирыстонмæ, бузныг ын уый тыххæй, æмæ Горæтгæрон районы 600 гектарыл дыргъдæтты куыст кæны. Мах архайдзыстæм, цæмæй Ирыстонмæ фæстæмæ æрбаздæхой æмæ хъуыддæгты уæлхъус æрлæууой, кæддæр æндæр регионтæм чи фæцыд, уыцы амалхъом адæм. Мæхæдæг фембæлдзынæн алкæимæ дæр, цæмæй сæ сразæнгард кæнон республикæйы исты хъуыддæгтæ скæнынмæ. Уæд нæм инвестицион проекттæ кæнынæн фæрæзтæ фæзындзæн, зæрдæдарæнтæ, разæнгардгæнæнтæ кæцыдæр къабæзтæн дих кæнынæн. Зæгъæм, хъæууон хæдзарадæн дæр. Махмæ бирæ ис хæххон фæзуæттæ, фæлæ ныртæккæ пайдагонд нæ цæуынц. Кæддæр фосы дзугтæ æмызмæлд кæм кодтой, уыцы бынæттæ сафтид сты. Цæмæй дзы цард йæхиуыл схæца, адæм хæхбæстæм баздæхой, фосдарынадыл ныххæцой, уый тыххæй та хъæуы фæндæгтæ, уавæртæ кæнын. Уыдæттæ та домынц хæрдзтæ, уырны мæ, ахæм æхца нæм кæй разындзæн, уый.

— Цæгат Ирыстон зындгонд уыдис йæ хъæбæр нозтуадзæн къабазæй. Куыстад ма йæхиуыл схæцдзæн?

— Архайæм æмбæлгæ мадзæлттæй, цæмæй къабаз æмæ йæ заводтæ сæндидзын кæнæм. Уыдон уыдысты нæ экономикæйы бындур. Æвæццæгæн, раздæр цы хуызы уыдысты æмæ цас продукци уагътой, уый нæдæр республикæйы хъæуы, нæдæр паддзахады. Йæ фылдæр хай уыдис «аууоны», фæлæ закъоны бындурыл, æргомæй цы заводтæ куыста, уыдонæн дæр ахæм æнæзакъон митæ фæкодтой, æмæ æхгæд æрцыдысты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ма хъуамæ республикæйы баззайа æртæ-цыппар егъау куыстуаты æмæ сын хомаг цæттæгæнæг уал спъиртуадзæн заводы. Уыдис нын фембæлд Уæрæсейы хъæбæр нозтуадзæг къабазы разамонæг Игорь Чуянимæ. Нæ ныхас дæргъвæтин рауад, кæрæдзи цыма бамбæрстам, афтæ мæм кæсы. Нæ домæнтæ сты æмхуызон — закъоны бындурыл куыст, акцизтæ афойнадыл фидын. Мах дæр æндæр ницы хъæуы. Хъæбæр нозтуадзæг куыстуæтты разамонджытимæ ныртæккæ ныхас кæнын лæгæй-лæгмæ. Хъуамæ сæ баууæндын кæнон, цæмæй сæ куыст ногæй райдайой. Уыдон сты цæттæ заводтæ, цæмæй куыстхъом уой, уый тыххæй сæ заманты бавæрдтой сæдæгай милуан доллæртæ. Ис дзы рæстæджы домæнты аккаг нырыккон ифтонггæрзтæ, æрмæстдæр сæ скусын кæн, æмæ паддзахадмæ æрвит хæрзхъæд хъæбæр нозт. Уыцы хъуыддæгтæн æз, куыд республикæйы разамонæг, дæн дзуапдæттæг. Тагъд рæстæджы мах бацæттæ кæндзыстæм, закъонмæ гæсгæ, æппæт домæнтæ хынцгæйæ, кусынвæнд кæмæ ис, уыцы куыстуæтты хыгъд æмæ йæ арвитдзыстæм Уæрæсейы Хъæбæр нозтуадзæн къабазæн дзуапдæттæг ведомствомæ. Республикæ йæ зæрдæ дары, ацы къабаз йæхиуыл кæй схæцдзæн, ууыл.

— Беслæныхъæуы «Исток»-ы уавæр цавæр у? Кæддæр зындгонд уыдис, куыд хъæбæр æмæ шампайнаг нозтуадзæг уæрæсейаг егъаудæр куыстуат.

— «Исток» ныртæккæ æвзары гаффутты уавæр. Фæзындысты, заводы хæстæ бафидынвæнд кæмæ ис, ахæм инвестортæ. Гаффутмæ дæр хæсты тыххæй æрцыд завод. Нæ зæрдæ дарæм, 2016 азы завод кусын кæй райдайдзæн, ууыл. Уæд нæм ног куысты бынæттæ фæзындзæн сæдæгай æмæ сæдæгай адæймæгтæн, уæдæ бюджет дæр уæлæмхасæн æхца райсдзæн сæдæгай милуан сомы.

— Æрæджы рахастай амалхъомады хицæн хуызтæн сæ хъалонтæ фæфылдæр кæныны хъæппæрис. Амалхъомадæн ныртæккæ æнцон нæу, ахæм æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыды дæм цæмæн фæзынд?

— Уый афтæ нæу. Ныхас цæуыл цæуы? Махмæ ис æрдзон хæзнаты æвæрæнтæ, хорз хуыр, æндæр æрмæг кæм цæттæ кæнынц, ахæм къахæнтæ. Сочийы Олимпиадæйы агъоммæ нæ республикæйы 100-йы бæрц скодтой къахæнтæ, фæлæ республикæйы бюджетмæ сæ архайдæй капекк дæр не ‘рбафтыд. Ныртæккæ дæр афтæ у. Æз дæн уый фарс, цæмæй куыстуæттæ хъалон фидын райдайой. Разы чи нæ у, уый та хъуамæ уыцы къабазæй ацæуа. Цæмæн сæ бахъуыд уыцы къахæн фæрæзтæ кусыны тыххæй бардæттæг документ? Лицензитæ фæстæмæ цы къахæнтæй райстам, уыдонæн цæттæ кæнæм инвестицион проекттæ, æмæ, рæстудæй чи кусдзæн, ахæм амалхъомтæн сæ ратдзыстæм.

— Республикæ хъуамæ райса стыр æхца федералон нысанмæарæзт программæты архайгæйæ. Ома, уыдонмæ хи фæрæзтæ дæр бахæсгæйæ. Уыцы æхца райсынæй уæ ныфс ис? Цавæр проекттыл сæ схардз кæндзыстут?

— Республикæ архайы 36 федералон нысанмæарæзт программæйы, 5 миллиард сомы бæрц сын бахъæудзæн. Уыдонæй 3,6 миллиард сомы радих кæндзæн федералон центр, иннæ æхца та хъуамæ мах бавæрæм. Мæ зæрдæ дарын, туберкулез дзæбæхгæнæн рынчындоны арæзтад нын федералон программæмæ кæй бахаудзæн, ууыл. Алцыдæр бацæттæ кодтам, фæлæ нæхи ‘рдыгæй æхца нæ фаг кæны. Уымæ гæсгæ курдзынæн федералон хицауадæй, цæмæй нын фадат радтой, хицæн финансон бындуримæ социалонэкономикон рæзты фондзазон пълан скæнынæн. Уый фæрцы, къаддæр æхцаимæ, бацархаиккам программæйы. Ахæм фæлтæрддзинад сыхаг регионты ис.

— Республикæйы Хицауады Сæрдар куы уыдтæ, уæд фыццагдæр хъавыдтæ бюджеты хæрдзтæ сбæрæг кæнын. Дæ къухы исты бафтыд?

— Æркастыстæм, равзæрстам нæхи хæрдзтæ æмæ сфæстауæрц кодтам æхца. Хорз нын фæахъаз, Уæрæсейы Финансты министрад нын бюджетон æфстæуттæ кæй радта, уый дæр. Коммерцион æфстæуттæн æрмæст сæ процент дæр цас у, æмæ бюджетон æфстæутты фæрцы сфæстауæрц кодтам 400 милуан сомы бæрц. Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæнын иу управленийы бар кæй бакодтам, уымæй дæр хъуамæ 500 милуан сомы бæрц фæстауæрцгонд æрцæуа. Уый дæр кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ æлхæнинæгтæ иу ран конд цæуынц, æмæ сæм æппынæдзух ис хъус дарæн, хатдзæгтæ кæнæн.

— Республикон бюджетыл цы æфстæутты, хæсты уаргъ æрæнцад, уый цас у?

— 10 миллиард сомы бæрц. Фарон нæ бон бацис бæстæйы Финансты министрады домæнтæ сæххæст кæнын. Уыцы домæнтыл аххæссын нын ацы аз тынг зын уыдзæн, фæлæ архайдзыстæм.

— Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн финансон æххуысы къуылымпыдзинæдтæ æвзарут Зæрдæдарæнты фонд æмæ Регионты рæзты банкы тыххæй. Цас ахадгæ куыст кæны Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысгæнæг инвестицион рæзты агентад?

— Регионты рæзты банк кæй ныггаффут, йæ лицензи йын кæй райстой, уый æрмæст егъау куыстуæттыл нæ фæзынд, фæлæ се ‘хца уыцы банчы чи æфснайдта, уыцы адæмыл дæр. Зæрдæдарæнты фонды фæрæзтæ дæр ацы банчы депозитты æвæрд уыдысты æмæ сын фæдзæхстадон гæнæнтæ дæттыны фадат нал уыд. Ис цæлхдуртæ Цæгат Ирыстоны Инвестицион Рæзты агентад, Цæгат Кавказы рæзты корпораци æмæ Ассоциаци «Цæгат Кавказ»-ы æмгуыстадæн. Республикæ Агентады акциты æххæст хицау нæу. Ныр архайæм республикон Зæрдæдарæнты ног организаци, ног корпораци скæныныл. Банк йæ архайд кæй баурæдта, уый фæзынд нæ республикæйы экономикæйы министрадыл дæр. Уым æфснайд уыдис 140 милуан сомы, æмæ сæ нæ бон райсын нæу. Æмæ ма, Зæрдæдарæнты фондимæ баст иу фарста. Уырдыгæй æхца лæвæрд æрцыд, здахын сæ чи нæ хъавыд, ахæм куыстуæттæн. Ныр хъуыддæгтæ тæрхондоны æвзарынц, æхцайы иу хай уал райстам æмæ амалхъомтæн чысыл æфстæуттæ, иу милуан сомы бæрц, ныллæг проценттыл дæттын райдыдтам. Мах агурдзыстæм Зæрдæдарæнты фонд фылдæр кæныны мадзæлттæ, фæнды нæ йæ сæйраг капитал фестырдæр кæнын. Уæд амалхъомтæн дæр фылдæр æхца дих кæндзыстæм.

— Фонды фæрæзтæй кæмæн лæвæрдтой, уыдон кæцæй фæзындысты, искæцæй мыййаг не ‘рбацыдысты?

— Æцæгдæр, афтæ. Зæгъæм, министртæй иуы исбонæн схицау, раздæр разамынддæттæг органты чи куыста, ахæм адæймаг. Æмæ-иу афæдзмæ бюджетæй уыцы исбонæн хаццоны тыххæй 60 милуан сомы бафыстой. Ныртæккæ нæ министртæн куыстадон машинæтæ нæй, уымæн æмæ раздæры хицауады уæнгтæ семæ сæ машинæтæ дæр атардтой. Ома, паддзахадон автотранспорт раздæр сæхицæн уæйгонд æрцыд, æмæ министртæ сæ машинæтæ сæхицæн аренды лæвæрдтой. Ныр уыцы хъуыддæгтæ барадхъахъхъæнæг органтæм лæвæрд æрцыдысты.

— Цæгат Кавказы Регионты ‘хсæн хызон компани (МРКС) йæ инвестицион программæтæ фæкъаддæр кæнын кæй хъавы, уый тыххæй цы зæгъис? Цæгат Ирыстоны та сæ бынтондæр бауромынвæнд кæны. Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказ азымджын кæнынц электрон тыхы ныллæг æргътæй æмæ стыр хæстæй.

— Республикæйы Хицауады Сæрдар ма куы уыдтæн, уæд Тарифты тыххæй регионалон службæйæн бахæс кодтон æргъты бындуртæ, куыстуæттæн сæ цы хуызы ис фæныллæгдæр кæнæн, уый банымайын. Уыцы хатдзæгтæ мын скодтой, æмæ 2016 азы 1 январы, ног тариф йæ тыхы бацыд. Æцæгдæр, Цæгат Кавказы Регионты ‘хсæн хызон компанийæн («Россети»-йы дæлхайад) уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Уыдон фæстаг азты æппæт зындзинæдтæ фæлхасгæнджыты уæхсчытыл æвæрын сахуыр сты. Фæрæзтæн, ома, электрон тыхæн, йе ‘цæг аргъ цæуыл æнцой кæны, кæцæй ист у, кæнæ сæм сæ разамынддæттæн æмæ фæрсаг хæрдзтæ фæкъаддæр кæныны хъуыды никуы фæзынд. Æз фембæлдтæн «Россети»-йы разамонæг Олег Бударгинимæ æмæ Цæгат Кавказы Регионы ‘хсæн хызон компанийы (МРСК) генералон директор Юрий Зайцевимæ. Кæд ма исты зонын, уæд баныхас кодтам сæ инвестицион проекттæ, æнæмæнг, сæххæст кæнын кæй хъæуы, ууыл. Уыцы программæтæм гæсгæ ма сæхæдæг хæсджын дæр сты раздæры азтæн. Фæлæ та цæмæдæр гæсгæ, компани инвестицион программæйыл бакусын тарифтæ фæфылдæр кæнынимæ сбаста. Ивгъуыд къуыри республикæйы амалхъомтимæ æмбырды æрхастой диссаджы бæрæггæнæнтæ. Электрон тыхы 1 кВт Стъараполы крайы 0,97 сомæй æлхæнгæйæ, æмæ йæ Цæгат Ирыстоны арæнтæм Кæсæг-Балхъары республикæйæ кæй фæхæццæ кодтой, уый тыххæй Цæгат Кавказы Регионты ‘хсæн хызон компани тарифмæ æфтауы 1 сом. Фæлхасгæнджытæн та уыцы 1 кВт сысты 4,83 сомæй 6,47 соммæ. Æргътæ куы фæныллæгдæр кодтам, уæд электрон тыхы иуæджы аргъ куыстуæттæн ссис 3,90 сомы, бюджетон организацитæн та — 3,80 сомы. Афтæмæй, бюджеты æхцайæ афæдзмæ сфæстауæрц кæндзыстæм 300 милуан сомы бæрц. Уый мах республикæйæн гыццыл нæу.

— Металлургон завод «Электроцинк»-ы алфамбылай цы ныхас цæуы, уымæн хицаудзинад цавæр дзуапп ратдзæн, куыд равдисдзæн йæхи? Иуæрдыгæй, уый у егъау холдинджы хай. Холдинг та инвестор у. Иннæрдыгæй — республикæйы цæрджыты тыхсын кæны завод йæ алфамбылайæн цы зиан хæссы, уый, адæм рацæуынц быцæуы акцитæм. Сæ тыхст, сæ быцæуæн бындур ис?

— Иуæй-иу «архайджытæ» риссагдæр, уыдонимæ экологион фарстатæ дæр, политикон æмвæзадмæ раивтой. Куыддæр æвзæрстыты рæстæг æрбахæццæ вæййы, афтæ уыцы хъуыддæгтæ рæгъмæ рахæссынц. Фарста рагон у æмæ риссаг. Заводы «комулæфт» Дзæуджыхъæуы цæрджытæ рагæй æнкъарынц, XX æнусы райдайæнæй дзы æрæмбырд милуангай тоннæтæ æппарæццæгтæ. Заводы разамынды ныхасмæ гæсгæ, уыдонæй ницы тас у, фæлæ ахуыргæндты æмæхсæнадмæ æндæр хатдзæгтæ ис. Куыд гражданин, афтæ, мæнмæ гæсгæ, завод сæхгæнын хъæуы. Æмбæрстгонд у, уый æнцон æмæ рæвдз хъуыддаг нæу. Домдзынæн, цæмæй уал хæстæг рæстæг бауромой уæлдай зианхæссæг здыйы куыстад. Уырны мæ, заводы разамынд мæ кæй бамбардзысты æмæ мемæ кæй сразы уыдзысты, уый. Ныридæгæн уал фембæлдтæн Урайлаг холдинджы разамындимæ æмæ ныхас кодтам санитарон-хъахъхъæнæн дæрддзæджы, æппарæццæгтæ ласыны æмæ кусыны фарстатыл. Ныртæккæ экологтимæ æвзарæм, заводы зианхæссæг ахаст тынгдæр кæдæм хæццæ кæны, уый. Уыцы бынæтты хъуамæ конд цæуой санитарон домæнты мадзæлттæ. Уымæй дарддæр, ныхас кæнæм, регионы экологион уавæр бæрæггæнæг, хæдбар лабораторийы фæзындыл дæр. Ахсджиаг у республикæйы бюджетмæ хъалонтæ куыд æрвитынц, уый дæр. Ныртæккæ «Электроцинк» регионалон бюджетмæ ницы фиды. Хъалонтæ æрвитынц сæ сæйраг куыстуатмæ, уый раст нæу.

— Куыстуат ма Ирыстонмæ раздахæн ис?

— Заводы хицау Андрей Козицынимæ цыма кæрæдзи бамбардзыстæм, ахæм ныфс мæ ис.

— Холдинджы разамынд ныхасмæ цæттæ у?

— Арвыстон сæм фыстæджытæ, ома, ис мæм фембæлыны æмæ æрныхас кæныны фæнд, æвæццæгæн, хæстæгдæр рæстæг уыцы фембæлд бантысдзæн. Бирæ цæуылдæрты нæ хъæуы æрдзурын — куыстад сæхгæныны æмгъуыдтæ æмæ уавæртæ, кусджытæн æндæр бынæттæ ссарыны хъуыддаг. Уыдон та 2 мин адæймаджы сты, æмæ сыл мах хъуыды кæнæм.

— Æнæ зæгъгæ нæй ирон-мæхъæлон быцæуы тыххæй дæр. Цы ис зæгъæн, куыд республикæйы разамонæг, цавæр мадзæлттæ кæныс, цæмæй ахæм быцæутæ мауал æрцæуой.

— Дыууæ республикæйы разамонджыты ахастытæй бирæ аразгæ у. Аргъгæнгæйæ мæ хъус дарын Юнус-Бек Евкуровы архайдмæ. Хорз ахастытæ нын ис, æрæджы баныхас кодтам, æппæт хъуыддæгтæ, дзырддаг уавæртæ иумæ æвзарыны тыххæй. Фæнды нæ бацæттæ кæнын, сыхæгтæн куыд æмбæлы, афтæ хæларæй цæрыны сæрмагонд программæ. Цæмæй кæрæдзиимæ æмбæлой фæсивæд, хистæртæ, æхсæнадон организацитæ. Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы республикæ сты æмæ уыдзысты сыхæгтæ, æмæ нын хъуамæ уа æмбæлгæ ахастытæ, Кæсæг-Балхъаримæ нын æнусты дæргъы цы ахастытæ сфидар, ахæмтæ. Цæгат Ирыстоны-иу бирæ мæхъæлæттæ ахуыр кодтой. Хæххон хъæууонхæдзарадон институты мемæ чи ахуыр кодта, уыдон мæм æрæджы ‘ссыдысты, арфæ мын ракодтой.

— Уæрæсейы Президент дæ республикæйы Сæргълæууæджы бынатмæ куы бавдиса, уæд сразы уыдзынæ?

— Исчи мын-иу аз раздæр куы загътаид, ома, республикæйæн разамынд дæтдзынæ, уæд ыл, æвæццæгæн, бахудтаин. Ахæм нысантæ мæм никуы уыд. Зыдтон, амалхъомады хъуамæ уон раззагдæр, уымæ тырныдтон, æмæ алцыдæр уый тыххæй кодтон. Цæгат Ирыстоны цытæ цæуы, уыдæттæм дæр уыдтæн къæрцхъус. Парламенты депутат уæвгæйæ сыл иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтон. Æгъуызарты Тамерлан (республикæйы раздæры Сæргълæууæг, ацы аз февралы йæ цардæй ахицæн) мæм республикæйы Хицауадæн разамынд дæттыны тыххæй куы фæсидтис, уæд ын уайтагъд разыйы дзуапп нæ радтон. Ахъуыды кодтон. Фæстæдæр сразы дæн, дарддæр та хъысмæт цы скарста, уый скарста. Республикæйы Сæргълæууæг куы фæзиан, уæд мæм телефонæй æрдзырдтой, райсом, дам, Уæрæсейы Президенты администрацимæ æрбацу. Æз ма сыл бустæ дæр скодтон, Сæргълæууæджы ныгæнгæ дæр куы нæма бакодтам, зæгъгæ. Фæлæ мын бацамыдтой, ды, дам, дæ паддзахадон адæймаг, æмæ республикæ æнæ разамындæй хъуамæ ма уа. Кæд Владимир Путин сфæнд кæна, æмæ мын мæ кандидатурæ республикæйы Сæргълæууæджы бынатмæ бадæтта, нæ Парламент дæр мыл куы схъæлæс кæна, уæд дарддæр кусдзынæн — рæстудæй æмæ дывæр тыхтимæ. Адæймаг хъуамæ фылдæр тыхтæ æмæ уды хъарутæ кæцæй райса? Æрмæстдæр йæ райгуырæн зæххæй, мæ сабидуг цы хæххон гакъон-макъон фæндæгтыл ацыд, уырдыгæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here