Далафæндыр, ракæн-ма дæ кадæг!

0
1378

Царды ныхасæй зæгъæн цы арф зæрдæйы æнкъарæнтæн нæй, уый ис равдисæн аивадæй. Нывгæнæг йæ хъуыдытæ кæттагмæ рахæссы ахорæнты руаджы, скульпторæн йæ дæсны къухты архайдæй æлыг фесты удæгас шедевр, композиторæн нотæты руаджы йæ æнкъарæнтæй райгуыры музыкалон уацмыс. Фæлæ ма ис, уыцы уацмысыл базыртæ чи базайын кæны, æмæ йæ гæххæттыл фыст нотæты хуызæй мин хъæлæсæй чи сдзурын кæны, музыкалон уадынгæрзтыл ацæгъдгæйæ йын дыккаг цард чи ратты, ахæм дæсны музыканттæ.

IMG-20160418-WA0003Уыцы инструменталон къордтæй иу у сывæллæтты аивады республикон центр “Заря” — «Сæуæхсид»-ы адæмон инструменттыл цæгъдджыты къорд «Уадындз». Арфæйаг у сæ архайд. Сæ репертуары ис ирон композиторты фыст æмæ адæмон уацмыстæ. Цæгъдгæ дæр кæнынц айдагъ ирон адæмон уадынгарзтыл: далафæндыр, хъандзал фæндыр, хъырнæг фæндыр, къæрцгæнагтæ. Къорды аивадон разамонæг у РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ, УФ-йы сгуыхт ахуыргæнæг АГЪНАТЫ Земæ. Къорды архайынц: концертмейстер — Абайты Зæлинæ, солист — Дзидаханты Къоста, цæгъдджытæ — Багаты Георги, Тогойты Марат, Тедеты Алексей, Туаты Георги, Болататы Вадим, Сидахъаты Азæмæт, Гутъынаты Иринæ, Бимбасаты-Дзгойты Аллæ йæ чызг Аринæимæ, Лолаты Миланæ, Хъайтмазты Алинæ, Суменаты Зæринæ. Уыдонæй уæлдай ма дзы ис, къорды чи нæма архайы, фæлæ уадынгæрзтыл дæсны чи цæгъды, ахæм кæстæртæ. Ивгъуыд æнусы æхсайæм азты тæссаг уыд ирон национ музыкалон инструмент далафæндырæн йæ хъæлæс куы бамыр уа, уымæй. Цæгъдгæ йыл ничиуал кодта. Фенæн æй уыд æрмæст музейты æвæрæнты. Фæлæ ныртæккæ хъуыддаг цæхгæр аивта. Рæстæджы ивæнтæ Ирыстоны музыкалон аивадыл хорзæрдæм фæзындысты. Уæлдай æхсызгондæр та уый у, æмæ фæсивæд кæй тырнынц сæ уидæгтæм, кæй сног кодтой сæ фыдæлты музыкалон инструменттимæ далафæндыр дæр, се ‘ргом сæм кæй аздæхтой æмæ сыл зæрдиагæй кæй цæгъдынц. Агънаты Земæ æмæ центр «Сæуæхсид»-ы арфæйаг директор, УФ-йы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Мзокты Аллæйы разыйы дзуаппæй центры байгом хистæр кары далафæндырыл цæгъдджыты къорд. Ансамблы хистæр архайæгыл цæуы 36 азы, æппæты кæстæр та у астаздзыд Бимбасаты Аринæ. Уыдонæй далафæндырыл цæгъдын сахуыр сты иутæ æхсæз мæймæ, иннæтæ — æртæ мæйы æмгъуыдмæ. Афтæмæй, æрæджы национ наукон библиотекæйы цы зæрдæмæдзæугæ концерт радтой, уым къах бавæрæн дæр дзы нæ уыд. Земæйы фыдæбæттæн æмæ лæггæдтæн ранымайæн нæй. Зын у уый аргъ ныхæстæ ссарын дæр. Дыууын æртæ азы кусы нæ республикæйы паддзахадон оркестры. Къорд азы размæ Аивæдты лицейы ахуырадон уагæвæрдмæ бахаста фæндон, цæмæй лицейы хъандзал фæндырæй цæгъдджыты хайады ахуырдзаутæ, æнæмæнг, цæгъдын зоной далафæндырыл дæр æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Ссæдз азæй фылдæр Земæ Аивæдты лицейы ахуырдзауты ахуыр кæны далафæндырæй цæгъдын. Акæсут-ма сæм абон, куыд аивæй райхъуысы лицейы бæстыхайæ далафæндыры уадын æмæ йæ рог дымгæ Ирыстоны сæрмæ тауы. Уæдæ «Уадындз»-ы цæгъдджыты къордæн та Земæ бындур сæвæрдта 1960 азы æмæ уæдæй абонмæ кусы йæ аивадон разамонæгæй. Йæ бæркадджын æвæрæнтæ ирон музыкалон аивады сты, йæхæдæг кæуыл бакуыста, уыцы ирон фольклорон цæгъдтытæ — уæлейæ — исгæ, бынæй — ахадгæ. Уый та у стыр æмæ зын куыст. Кусы-ма курдиатджын сывæллæттимæ Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады центр «Ацæмæз» -ы дæр. Уыдоны дæр ахуыр кæны далафæндырæй цæгъдын. Земæ сфæлтæрдта йæхи методикон амынддзинæдты хуыз. Уымæ гæсгæ æнцонæй ис базонæн далафæндырæй цæгъдын. Агънаты Земæ райгуырд æмæ схъомыл Бирæгъзæнджы. Æхсæрдæсаздзыдæй фæстæмæ лæггад кæны Ирыстоны музыкалон аивадæн. Уый РЦИ-Аланийы адæмон артист æмæ УФ-йы сгуыхт артист, композитор, РЦИ-Аланийы адæмон инструментты паддзахадон оркестры аивадон разамонæг æмæ дирижер Гæздæнты Булатимæ оркестры цæгъдын куы байдыдта, уæд оркестры далафæндыр нæ уыд, æмæ йæ бæсты цагътой уырыссаг балалайка æмæ домрæйыл. Ахæм хабар дæр уыд. Нæ оркестр къорд азы размæ хуынд æрцыд адæмон уадынгæрзтыл цæгъдджыты дунеон фестивалы архайынмæ æмæ сын сæ къухы балалайкæтæ куы федтой, уæд сæ къамисы уæнгтæ сценæмæ нал рауагътой. Ома, дам, уый ирон адæмон уадынгарз нæу. Уый уыд стыр уайдзæф æмæ æфхæрд нæ ирон культурæйæн. Цæссыгтæ сæхæдæг рустыл уадысты. Уыцы рæхуыст Земæйæн æнцой нал лæвæрдта. Архайын райдыдта далафæндыр сæндидзын кæныныл. Иу афон аивæдты лицейы куыста Азæмæтты Андреимæ. Уый дæсны уыд скрипкæтæ аразын æмæ цалцæггæнæн куыстытæм. Каст фæцис Киевы Чайковскийы номыл консерватори. Сахуыр кодта хъисын уадынгæрзтæ аразæгыл. (Ныртæккæ цæры Мæскуыйы, аразы уадынгæрзтæ суанг Стыр Театры оркестрæн дæр). Земæ, уый фенгæйæ, Андрейæн бауайдзæф кодта, ома, нæхи далафæндыр чи сæндидзын кæна уый нæй, ды та уырыссаг уадынгæрзтæ аразыс, зæгъгæ. Уымæй нæ хъул сах абадт. Андрей классикон уырыссаг уадынгæрзты бындурыл кусын райдыдта далафæндыртæ аразыныл. Сабыргай паддзахадон оркестры бæлæлайкæтæ иу иннæйы фæдыл раивтой далафæндыртæй. Ныртæккæ, зæгъæн ис, далафæндырæн райдыдта йæ дыккаг цард. Ирыстоны алы къуымтæй тагъд хъуысдзæн йæ уадын. Адæмы ‘хсæн ссис уарзон æмæ зонгæ уадынгарз. Бирæ къордтæ йыл ныридæгæн дæр цæгъдынц æнцонæй. Уыдоны раззагдæртæй иу у фæзминаг æмæ арфæйаг къорд «Уадындз». Активонæй архайы нæ республикæйы культурон царды дæр. Арæх вæййынц иннæ регионты ‘хсæн æркæстыты æмæ райсынц раззагдæр бынæттæ. Сæ репертуары ис бирæ зæрдæмæхъаргæ аив адæмон уацмыстæ: «Хъуыбады», рагон у «Серафины цагъд», «Фæсивæды бæрæгбон», «Симд»-ы алы хуызтæ номæйноммæ, уæздан «Хонгæ»-йы хуызтæ, «Тымбыл кафт», «Зилгæ кафт» æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз цагъдæй фылдæр. Цымыдисаг уыд, фарон ирон æвзаджы бæрæгбоны Штыбы фæзы цы хъазтизæр — концерт скодтой, профессор Мæрзойты Исланбеджы æрхъуыдыйæ, уый. Райсомæй изæрмæ нæ цæрджытæн зæрдиагæй лæвар кодтой сæ аивад, сæхиуыл дæр ирон уæлæдарæс, афтæмæй. Сæ нысан уыд адæмы ‘хсæнмæ ирондзинад хæссын æмæ йæ парахат кæнын. Фарæстæм майы бæрæгбоны та далафæндыртыл ацагътой хæстон зарджыты цæгъдтытæ «Синий платочек», «Катюша» æмæ æндæртæ. Уый уыд цымыдисаг лæвар нæ горæты цæрджытæн, уæлдайдæр та — хæсты ветерантæн. Дзидаханты Къоста, къорды солист: — Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мын адджын ссис ирондзинад. Уæлдæр ахуырмæ куы бацыдтæн, уæд уыдтон нæ алыварс цæрджыты культурæ, æмæ мын нæ къуылымпыдзинæдтæ æнцой нал лæвæрдтой. Мæ фыдыфыд дæр цагъта балалайкæйыл. Адæмон уадынгæрзтæ мæ зæрдæйæн уыдысты хæстæг æмæ адджын, уæлдайдæр та — ирæттæ. Уæдмæ мыл сæххæст 21 азы. Райдыдтон тырнын ирон уадынгæрзты къухмæ райсынмæ. Уалынмæ телеуынынадæй равдыстой репортаж Азæмæтты Андреимæ. Уæд ссыд Америкæйæ, йемæ Ирыстонмæ сласта профессионалон æгъдауæй алцæмæй æххæст, зынаргъ хъæдæй йæхи къухæй конд æртæ далафæндыры. Уыдысты сæрмагондæй Гæздæнты Булаты оркестрæн арæзт. Репортажы равдыстой Агънаты Земæйы дæр. Агурын æй райдыдтон. Уалынмæ Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ нæ горæты уынгтæй иуы хæрхæмбæлд фестæм. Куы адард, уæд йæ фæдыл згъорын, æмæ мæ фыццаг фæтарст. — Ды Агънаты Земæ нæ дæ? — О, æз дæн, фæлæ ды та чи дæ? — æнæууæнкæй мæм хæрдмæ каст, рагæй кæй уындмæ бæллыдтæн, уыцы сылгоймаг. Тæрсгæ дæр мæ куыд нæ фæкодтаид. Уый уыд нæ фыццаг фембæлд. Мæ хъуыдытæ йын куы бамбарын кодтон, уæд раст цыма рагæй дæр зонгæ уыдыстæм, уыйау систæм иузæрдион. Иу та нæ абон дæр кæны далафæндыр, Ирыстон æмæ ирондзинадмæ уарзондзинад. Земæ диссаджы адæймаг у. Куыд ахуыргæнæг, афтæ у домаг æмæ уыцы-иу рæстæг нæ къорды архайджыты стырдæр хæлар. Нæ цин, нæ хъыджы æрбалæууы нæ фарсмæ. Нæ уарзы зивæггæнджыты. Фæлæ зивæггæнагæй дæр скæндзæн дæсны цæгъдæг. — Къоста, æнцон у далафæндырыл цæгъдын? — Нæу. Æнахуырæй æнгуылдзтæ рисгæ фæкæнынц. Фæлæ йæ куы æртасын кæнай, уæд æй дæ къухæй нал суадздзынæ. Уый та дæу нал суадздзæн. Кæддæр Азæмæтты Андрей цы æртæ далафæндыры æрласта Америкæйæ, уыдонæй дыууæ сты мæ æвæрæнты. Æртыккаг фæсарæнтæм афтыд. Къорд «Уадындз»-ы æппæты æрыгондæр архайæг у астаздзыд Бимбасаты Аринæ. Кæд йæ мад Аллæимæ сæ къухмæ далафæндыр фыццаг хатт æхсæз мæйы размæ райстой, уæд хистæрты æмрæгъ Аринæ йæ гыццыл æнгуылдзтæй далафæндырыл хуры тынтау хъазы. Уарзон-ын у ирон музыкæ, æмæ дзургæ дæр кæны сыгъдæг ирон æвзагыл. Уымæн та бындур бавæрдтой, цы æгъдауджын бинонты ‘хсæн хъомыл кæны, уыдон. Абон далафæндыртæ аразынц Мæскуыйы — Азæмæтты Андрей, Дзæуджыхъæуы — Узегаты Тамерлан. Арæзта ма сæ дзæнæтыбадинаг Морауты Сослан. Йæ хъуыддаг ын дарддæр хæццæ кæны фольклорон-вокалон къорд «Къона»-йы архайæг Деметы Зауыр. Бæлвырд у иу хъуыддаг: хорздзинадæн фесæфæн нæй!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here