“Тынг мæ фæнды искæд Ирыстонмæ ссæуын, хи цæстæй Цæгат æмæ Хуссар Иры нæртон адæмы фенын”

0
6535

Ирон адæмы истори æмæ культурæ æнæбын фурдау сты арф æмæ хæзнадонау хъæздыг. Алы рæстæджыты сæм сæ хъус дардтой дунейы зындгонд ахуыргæндтæ. Æрæджы нæ республикæйы цæрджытæ Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бон куы бæрæг кодтой, уæд Интернеты тыгъдады цæст æрхæцыд Аргентинæйы цæрæг æрыгон лæппу Nestor Suarez-ы арфæйыл. Уый фыста: «Мæ зынаргъ ирæттæ! Арфæ уын кæнын Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бæрæгбоны фæдыл! Бирæтæ мæт кæнынц ирон æвзаджы фидæныл, фæлæ æз базонгæ дæн, уæ рæсугъд æвзаг чи ахуыр кæны, ахæм туркаг, америкаг, испайнаг, бразилаг æмæ немыцаг лæппутæ æмæ чызджытимæ. Æз цалынмæ æгас дæн, уæдмæ иронау дзурдзынæн!» (Фыстæг уæ размæ хæссæм æнæ ивддзинæдтæй).

Нæ цымыдисдзинад нæ сæртæй акаст. Ирыстоны сæйраг сахары уынгты цæугæйæ, адæймаг стæм хатт куы фехъусы ирон ныхас, уæд ацы адæймаг, зæрдæ æцæгæлон рахонын дæр кæй нæ комы йæ арфæты фæстæ, уый ирон адæмæй цы хæс дары дард Аргентинæйы цæргæйæ, зæгъгæ. Æвæстиатæй йæ ссардтам, йемæ видеобастдзинады æххуысæй базонгæ стæм æмæ æрныхас кодтам. Ацы ран зын зæгъæн у, нæ дыууæйæ чи фылдæр цин кодта, уый. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уынд æмæ ирон ныхасы зæлтæ хъусгæйæ, Несторæн йæ цæсгомæй нæ цух кодта мидбылхудт, бамбæхсæн нæ уыд йæ зæрдæйы ‘нкъарæнтæн дæр. Не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:
— Нестор, радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, дæхи тыххæй. Цы дæ бæтты Ирыстонимæ, ирон адæмимæ æмæ сæ культурæимæ?
— Æз ирон нæ дæн, нæдæр мæ ныййарджытæ сты ирæттæ. Никуы уыдтæн Ирыстоны, фæндгæ та мæ куыд нæ кæны, фæлæ… Цæрын Аргентинæйы иу чысыл сахар Креспойы. Цæуы мыл дыууын цыппар азы. Кусын нæ сахары астæуккаг скъолатæй дыууæйы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ис ма мын æфсымæр æмæ хо, фæлæ уыдон иронау нæма зонынц. Скъолайы фæстæ каст фæдæн ЭнтреРиосы областы автономон университеты социалон, гуманитарон зонæдтæ æмæ аивæдты факультет. Сахуыр дзы кодтон англисаг æвзаг.
— Кæд фехъуыстай фыццаг хатт ирон ныхас?
— Фарон сæрды Интернеты федтон ролик, «Кæд дæ ирон, уæд де ‘взаг зон», зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд æз нæ зыдтон, чи сты уыцы адæм æмæ цавæр æвзагыл дзурынц. Ныхæстæн сæ хъуыды дæр кæцæй бамбæрстаин. Ирон ныхасы зæлтæ мæм афтæ рæсугъд фæкастысты, æмæ мæ размæ сæвæрдтон хæс йæ сахуыр кæнын. Уыцы рæстæгмæ æз зыдтон уырыссаг æвзаг. Ирон ныхæстæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгæнгæйæ, базыдтон сымах хъæздыг æвзагыл дзурын дæр. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы, Интернеты кæй ис бирæ æрмæджытæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый мæнæн радта фадат æнæ къуылымпыйæ æвзаг сахуыр кæнынæн. Цыбыр рæстæгмæ базыдтон дзурын, кæсын æмæ фыссын иронау. Йæ зæрды æвзаг сахуыр кæнын кæмæн ис, уый йæ æнцонæй базондзæнис.
— Цал æвзаджы зоныс æдæппæтæй?
— Сахуыр кодтон аст æвзаджы: англисаг, испайнаг, немыцаг, нидерландаг, венгейраг, уырыссаг, болгайраг æмæ ирон. Мæ фыдæн йæ уидæгты æрдæг испайнаг сты, æрдæг — англисаг. Мæ мад та у Уæрæсейæ рацæуæг — Поволжьейы цæрæг немыцæгтæй. Фæлæ уæддæр мæ мадæлон æвзагыл нымайын испайнаг æвзаг. Хъуыды кæнын, æмæ хæдзары бинонты ‘хсæн дæр дзурæм испайнаг æвзагыл. Уарзын æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнын, цымыдис мæ кæнынц, мæхи сыл ирхæфсын. Уый ‘руаджы мын алы бæстæты ис бирæ хæлæрттæ. Бразилийы мын ис æрдхорд Murilo Ricci (Мурило Риччи). Уый дæр иртасы ирон æвзаг. Ныртæккæ цæттæ кæны англисаг-ирон æвзаджы дзырдуат. Интернеты йын ис сайт дæр: www.gramatiki.org/ossetian/
— Цавæр уацмыстæ бакастæ ирон æвзагыл?
— Бакастæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Уымæй æз базыдтон ирон адæмы удыхъæд æмæ зондахаст, се ‘гъдæуттæ æмæ культурæ. Аргентинæйы цæрджытæн Борхесы номæй куыд кад кæнынц, англисæгтæн Шекспиры, афтæ ирон адæмæн та Къостайы ном у сæ Кад. Сымах иннæ адæмты хуызæн не стут, нæдæр уæ зондахастæй, нæдæр уæ культурæ æмæ æгъдæуттæй. Уе ‘взаг та у бынтон рæсугъд. Хигъæдон стут. Хурныгуылæны цæрджыты зондахаст та у бынтон æндæр. Уæлдай цымыдисæй бакастæн «Нарты кадджытæй» хицæн уацмыстæ. Зонгæ дæн ирон адæмы фольклоримæ дæр.
— Цавæр ирон дзырдтæ цæуынц дæ зæрдæмæ фылдæр?
— Рæсугъд, хæлардзинад, æвзаг, æгъдау, стъалы, хох, фарн æмæ бирæ æндæртæ.
— Цы дæ цымыдис кæны ирон адæмы царды?
— Радзырдтой мын ирон адæмы истори, ирон культурæ æмæ традициты тыххæй. Уыдон тынг цымыдисаг сты. Абарæн сын ницæимæ ис. Тынг хъæздыг культурæ уын ис.
— Дæ зæрды дарддæр дæр ис æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнын?
— Афæлвæрдтон цæцæйнаг æвзаг сахуыр кæныныл дæр. Фæлæ мæ къухы нæ бафтыд. Фыццаджыдæр, Интернеты цæцæйнаг æвзаджы тыххæй æрмæджытæ фаг нæй. Дыккагæй та зын æвзаг у.
— Цæмæй дæм фæкæсæм?
— Бузныг. Мемæ дзурут иронау. Интернеты руаджы æз бакæсын Ирыстоны телеуынынад «Алани»-йы хабæрттæм, ирон сайтты æрмæджытæ. Æз ма базыдтон Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй. Хурныгуылæны ‘рдыгæй хъуыды кæнынц æрмæст Гуырдзыстоны перспективæйыл. Нестор ирон æвзагыл æрмæст дзургæ æмæ кæсгæ нæ кæны, фæлæ ма йæхи ‘гъдауæй базыдта ирон æвзаджы грамматикæ æмæ кæны иртасæн куыстытæ. Бæлвырддæрæй та, Интернеты тыгъдады байгом кодта йæхи сæрмагонд сайт Ossetian for everyone. (Ирон æвзаг алкæмæн дæр). Нестор ирон æвзагæй йæхæдæг ногæй цы базоны, уыдон тæлмац кæны алы ‘взæгтæм, цæмæй фæсарæйнаг адæм дæр сæ хъус æрдарой æмæ сахуыр кæной ирон æвзаг. Тексттæй уæлдай ма йæ æрмæджытæ баххæст кæны къамтæй: Ирыстоны кæмттæ, ирон кусæн дзаумæттæ, мигæнæнтæ… хъæздыг сты йе ‘вæрæнтæ. Интернеты руаджы хорз зоны, Ирыстоны цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Цымыдисаг æмæ йæм дзы ахсджиагдæр цы фæкæсы, уыдон йæ сайты равæры иннæ адæмтæн дæр фехъусын кæнынæн. Ис ын бастдзинæдтæ алы бæстæты ирон диаспорæтимæ дæр. Æхсызгонæй айста газет «Рæстдзинад»-ы сайты адрес æмæ Аргентинæйы фæкæсы ирон газет дæр. Журналисты куыст нывæзт у адæмимæ фембæлдтытæй. Афæдзмæ ирæттæй цы бирæ интервьютæ райстон, уыдонæй иронау мæ фæрстытæн дзуапп радтой, хъыгагæн, æрмæстдæр цалдæр: Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Гозымты Раман, кинорежиссер Джусойты Мурат, зарæггæнæг Медойты Светланæ, бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг Хъаныхъуаты Таймураз, адæмон инструменттыл цæгъдджыты къорд «Уадындз»-ы солист Дзидаханты Къоста, стæй францаг ахуыргонд Лоран Алибер æмæ нæ ног хæлар, Аргентинæйы цæрæг испайнаг æрыгон æвзагиртасæг Нестор Суарез. Цы хæсджын сты ацы фæстаг дыууæ æрыгон лæппуйы ирон адæмæй? Иннæмæй — куыд ис фæлæууæн ирон æвзаджы кæлæнгæнæг зæлтæм. Фæсарæйнæгтæ йын куы рахатыдысты йæ рæсугъд æмæ хъæздыгдзинад, уæд нæхицæн донау абухгæ цæмæн у? Цæмæй дзы тæрсæм? Цы фыд нын ракæндзæн? Интернеты ма фенæн ис, Нестор иронау Къостайы æмдзæвгæтæ кæм кæсы, ахæм видеороликтæ дæр. Зæрдæ фæкъæпп кодта — Несторæн йæ зæрдæ Ирыстон æмæ ирон адæмыл, ирон æвзагыл афтæ æнгом баст кæм у, уым уый гæнæн нæй, æмæ йæм ирон туг ма хæццæ кæна. Афтæ куы фæзæгъынц, æвзаг адæмы зæрдæ у, зæгъгæ. «Æз нæ дæн цымыдисаг», — æфсæрмдзастæй загъта йæхицæй. Разынд, æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, ахæм уæздан адæймаг. Куы йæ бафарстон, Нестор, цæуыл у дæ сагъæс, цы у дæ бæллиц, уæд загъта: — Тынг мæ фæнды искæд Ирыстонмæ ссæуын, хи цæстæй Цæгат æмæ Хуссар Иры нæртон адæмы фенын. Тынг ма мæ фæнды, цæмæй фылдæр адæм базоной ирон æвзаг æмæ йыл дзурой.
— Дæ хорзæхæй, Нестор, саккаг нæм кæн! Тынг дыл бацин кæндзыстæм. Хорз дæ суазæг кæндзыстæм.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here