Рæмонты Сослан — Олимпаг чемпион!

0
1033

Рио-де-Жанейройы XXXI Олимпаг хъæзтыты фæстаг бон Уæрæсейы иугонд командæйæн 19-æм сыгъзæрин майдан рамбылдта РÆМОНТЫ Сослан. Ирыстоны спортсментæй Бразилийы цы фараст адæймаджы уыдис, уыдонæй æрмæстдæр МÆРГЪИТЫ Анатолийы хъомылгæнинаг Рæмонты Сосланæн бантыст сыгъзæрин майдан рамбулын.

rue98dd3a0ef8Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ цыдысты Олимпиадæйы фæстаг æртæ боны. 19-20 августы нæ фæсивæдæй гауызмæ рацыдысты Фриаты Таймураз (Испани) æмæ Зассеты Ален (Украинæ). Бæргæ нæ фæндыдис уыдоны уæлахиздзауæй фенын, фæлæ, хъыгагæн, æнæ хæрзиуæгæй баззадысты. Ирыстоны спортуарзджытæ ма сæ зæрдæ дардтой, фæстаг бон чи хæцыд, уыцы æртæ ирон богалыл, æмæ нæ уыдон нæ фæфыдæнхъæл кодтой. 65 килограммы онг уæзы Рæмонты Сослан равдыста стыр тырнындзинад æмæ æцæг бæрзонд хъæбысхæсты дæсныдзинад. Йæ ныхмæлæуджытæй иуæн дæр нæ бантыст Сосланы ныббырстыты ныхмæ фæлæууын. Йæ фыццаг ныхмæлæууæг, кубæйаг богалыл Рæмоны-фырт фæуæлахиз 6:0 хыгъдæй, уый фæстæ 8:0-æй рамбылдта йæ мангойлаг ныхмæлæууæг богалæй. Æрдæгкæронбæттæны Сослан хæцыд узбекаг богал Наурузовимæ æмæ ууыл дæр фæуæлахиз 12:5 хыгъдæй. Кæронбæттæны Сосланы ныхмæлæууæг уыди азербайджайнаг богал Тахагул Аскеров, 2012 азы Лондоны Олимпаг хъæзтыты 60 килограммы онг уæзы уæлахиздзау чи ссис, уый. Ацы хатт Аскеров тырныдта Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау суæвынмæ, фæлæ Рæмоны-фырт дæр Бразилимæ æрмæстдæр сыгъзæрин майдан рамбулынмæ кæй æрцыди, уый бæрæг уыд йæ фыццаг фæзындæй дæр. Куыддæр сæ фембæлд райдыдта, афтæ Сослан йæхи фыранкау йæ ныхмæлæууæгыл ныццавта æмæ фæд-фæдыл ахæм ныббырстытæ сарæзта, кæцыты ныхмæ Аскеров, цы кодтаид, уый дæр нал зыдта. Дыууæ минуты дæр нæма рацыд, афтæмæй хыгъд ссис 11:0 Сосланы пайдайæн, æмæ тæрхонгæнджытæ Рæмоныфырты къух систой, куыд Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау! soslan-ramonov_1471801900662288681Æвæдза, уымæй Сослан цас æхсызгондзинад балæвар кодта йæ иузæрдион фарсхæцджытæн. Уыдоны ‘хсæн уыдысты нæ зындгонд тренертæ Тедеты Дзамболат, Мæргъиты Анатоли, Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ Давид Мусульбес, Павел Пинигин æмæ ма бирæ уæрæсейаг спортуарзджытæ. Уыдон Сосланы сæ къухтыл бæрзонд систой, уый та йæ цины цæссыгтæ бауромын нал бафæрæзта. Хæстæг уыд Олимпаг хъæзтыты æппæты уæлдæр къæпхæнмæ схизынмæ Гозымты Хетæг дæр. Хетæг 97 килограммы онг уæзы, Азербайджаны номæй кæд хæцыд, уæддæр ын мах Ирыстоны æнхъæлмæ кастыстæм йæ уæлахизмæ. Гозымы-фырт кæронбæттæны фембæлд америкаг богал Сандерсимæ. Хъыгагæн, сæ фембæлд ахицæн Сандерсы пайдайæн 2:1 хыгъдæй. Кæд Хетæг сыгъзæрин майдан нал райста, уæддæр Олимпаг хъæзтытæй нæ лæппутæ сыгъзæрин æмæ æвзист майдантимæ кæй сыздæхтысты Ирыстонмæ, уый стыр арфæйы аккаг у, æмæ нын сæ цæрæнбон бирæ уæд! Нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæ ракодта Рæмонты Сосланæн, йæ тренер Мæргъиты Анатоли æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн: «Сослан адæмæн равдыста уæгъдибар хъæбысхæсты рæсугъддзинад. Йæ сæрæн æмæ рæсугъд архайдмæ кæсгæйæ, мах иууылдæр сæрыстыр уыдыстæм, нæ адæмы ‘хсæн ахæм стыр курдиатджын фæсивæд кæй ис, уымæй. Бузныг Сосланæн йæ ахæм стыр уæлахизы тыххæй. Мæ зæрдæ йын зæгъы спорты æмæ царды дарддæр дæр ног ахæм бæрзонд æнтыстдзинæдтæ!» Битарты Вячеслав Сосланы уæлахизы тыххæй зæрдиаг арфæ ракодта йæ фыд Рæмонты Людвигæн: «Стыр бузынг дын зæгъын, ахæм сæрæнгуырд кæй схъомыл кодтай Ирыстонæн æмæ Уæрæсейæн, уый тыххæй. Сослан у нæ фæсивæдæн фæзминаг, æцæг чемпион, æмæ мæ уырны, уымæ гæсгæ нæ кæстæртæ ноджы разæнгарддæрæй кæй тырндзысты спорты бæрзæндтæм, уый!»

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here