Къостайæн цыртдзæвæн куы æвæрдтой, уæд дæр хъæлæс кодтой?

0
898

Сусæггаг нал у, ныртæккæ фылдæр адæм се ‘ргом аздæхтой электронон информацион фæрæзтæм, комкоммæ — Интернеты гæнæнтæм. Йæ тыгъдады цы нæ ссардзынæ, ахæм нæй. Фæлæ уæддæр хистæр кары адæм сæ зæрдæ нæ ивынц мыхуыры фæрæзтыл дæр. Æрыгæттæ сын сæ «ад» афтæ дæр нæ базыдтой, уый æрмæст информацион технологиты рæзтимæ бæттæн нæй. Ныртæккæ нæ бæстæйы цæрджытæ чиныгыл æнувыд нал сты. Библиотекæтæм сæ сыфцæй дæр нæ баласдзынæ, фæсивæд ныхасы хъомыс, авналæнтæ афтæ скуынæг кодтой, æмæ сын сæ хъуыдытæ раргом кæнынæн фаг сты «клево», «прикольно», «креативно».

Цалдæр азы дæргъы нæ республикæйы цæрджытæ тæрхæттæ кæнынц Сабырдзинады проспекты Хетæгкаты Къостайæн цы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд, уый тыххæй. Цæмæдæр гæсгæ нын уæды хицаудзинад амыдта, ома, дам, цытæ дзурут, уый, дам, ахæм зындгонд скульптор скодта, æмæ хъуамæ, æнæмæнг, æппæты зæрдæмæ дæр цæуа. Уæ дзыхæй дæр, дам, мацы суадзут, Соскъийыфырт дам, кæуылты у… Æмæ афтæ дарддæр… Уый Соскъийы-фырт ма иу ахæм сурæт скодта, сæвæрдтой йæ Санкт-Петербурджы. «Хетæгкаты Къоста», зæгъгæ, фыстимæ лæгъз къæй ис зæххы æмвæзыл æмæ йыл куыйтæ сæ хъуыддæгтæ кæнынц. Газет «Рæстдзинад» уал азмæ ныммыхуыр кодта бирæ æрмæджытæ алыхуызон зондахастимæ. Иутæ цыртдзæвæны ныхмæ, иннæтæ — йæ фарс. Куыйтæ цы зонынц, уый кæнынц, цæрæгой цæрæгой у. Фæлæ нæхи фæсивæдæй иуæй-иу хъæддæгтæ Къостайæн Сабырдзинады проспекты æвæрд цыртдзæвæнæн цытæ кæнынц, уымæн ныр цал азы быхсæм? Кæддæр-никæд цыма хъуыддаг йæ бынатæй сæнкъуысдзæн, ахæм цауы тыххæй «Рæстдзинад»-ы уыдис æрмæджытæ. Парламенты депутат Челдыты Виталимæ курдиат барвыстой Хетæгкаты мыггаг. Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады топонимикон къамис уынаффæ рахаста цыртдзæвæн проспектæй Къостайы хæдзар-музейы кæртмæ (Бутырины уынг) бахæссыны тыххæй. Уый афтæ бамбаргæ уыд, æмæ ирæттæ сæ номдзыд поэтæй хъазын нал бауадздзысты. Уыцы-иу рæстæг Интернеты тох цæуы, ома, дам, нæ хъæуы æвналын цыртдзæвæнмæ, ис, дам, ахæм аивад, скульптурæтæ ахæм жанры æххæст кæнын, Соскъийы-фырт дæр, дам, уыцы жанры у тынг зындгонд. Алы адæймаджы бон дæр у йæ хъуыдытæ, йæ зондахаст æргом кæнын. Иннæ ‘рдыгæй, ныр Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци сæ сайты фæрцы хъæлæс кæнынмæ адæммæ фæсидтысты: цыртдзæвæн æндæр бынатмæ ахæссыны фарс чи у, кæнæ йæ ныхмæ. Сайтыл, Интернеты тыгъдады чи кусы,чи тезгъо кæны, уыдоны нымæц, чи зоны, уыдзæн 7-9 проценты. Уый æппæт адæмы зондахаст раиртасыны фæрæз нæу. Фæлæ ис ахæм фарст: ацы, æмæ Санкт-Петербурджы Соскъийы-фырты къухæй рацæугæ æууæрцъытæ куы æвæрдтой, уæд кæй бафарстой, хъæлæс кæнынмæ кæмæ фæсидтысты? Къоста иунæгæй паддзахы заман ирон мæгуыр адæмы сæрыл æдæрсгæ тох кодта, ныр та йын нæ бон йæ кад нæхицæй бахъахъхъæнын нæу. Æцæгдæр, Соскъийыфырт цы жанры кусы, уымæн аивады ис парахат бынат. Райсæм-ма йын йæ иннæ куыст — Дзæуджыхъæуы Кировы уынджы Пушкинæн цыртдзæвæн. Иууылдæр хъæуæй рацæугæ стæм, гал цæйхуызæн хъуамæ уа, уый нырма зонæм. Кæд ахæм хъæдхъиф, карчы стджытæй конд галтыл ластой Пушкины, уæд гакъон-макъон фæндæгтыл цымæ никуы сфæлдæхтысты? Хорз, галтæ галтæй баззайæнт. Пушкиниртасджытæй ма исчи уыцы скульптурæйы зындгонд уырыссаг поэты базонæд. Æмæ афтæ дарддæр. Алкæмæн дæр йæ зондахаст, йæ хъуыдытæ зæгъынæн ис бар. Фæлæ ма нæм хæстæ дæр хауы. Хардзау мæм фæкæсы, нæ иунæг, дунеон æмвæзады зындгонд Поэты къæхты бынмæ кæй æрæппæрстам, дзырддаг æй кæй скодтам, уый. Куыд нæ ис цыртдзæвæн проспекты дæр ныууадзæн, фæлæ йын уæд йæ цуры сæвæрын хъæуы æдгæрзтæ хъахъхъæнæг. Уымæн æмæ нæм Поэты аккаг æгъдау нал ис.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here