Ахуыргонды кадæн

0
767

Географион наукæты доктор, профессор æмæ æхсæнадон архайæг, хæхты хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнæг, йæ сагъæсты сæйрагдæр Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын кæмæн у, уый у БЕРУАТЫ Барис.

Знон ыл сæххæст 80 азы. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты коллектив æмæ Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Русское географическое общество»-йы регионалон хайад стыр ахуыргонды номыл сарæзтой наукон конференци. Сценæйыл — бæрæгбоны хъайтар, йе ‘мкусджытæ, хиуæттæ Барисмæ цæуынц арфæтимæ, дидинджытимæ. Бахизæны — чингуыты равдыст, сæ автор — æрдзы иузæрдион хæлар Беруаты Мæцыхъойы фырт Барис. Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста ацы арфæйаг фæллой кæнгæйæ. Залы цырæгътæ ахуыссыдысты, æмæ стыр экраныл равдыстой, студенттæ цы киноныв бацæттæ кодтой зындгонд ахуыргонд æмæ æцæг ахуыргæнæгыл, уый. Хæрзæрыгонæй фæстæмæ йæ хæхтæ сæхимæ куыд æлвæстой, йæ цардвæндаджы тыххæй дзырдтой йе ‘мкусджытæ, раздæры ахуырдзаутæ, профессор йæхæдæг. Академик, историон наукæты доктор, ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуырбег зæрдиаг арфæ ракодта йæ рагон хæлар, стыр аргъ кæмæн кæны æмæ бирæ азты иумæ кæимæ бакуыста, уыцы уарзон адæймагæн. Цы чиныг ын балæвар кодта, уым Ахуырбег æнæхъæн хай радих кодта Беруайы-фырты сгуыхтдзинæдтæн Ирыстоны сæрвæлтау. Университеты ректор Огъуаты Аланы хъуыдымæ гæсгæ, Беруаты Барис цы нæмгуытæ байтыдта, уыдон фидар талатæ суагътой, йæ фæстæ цы скъола ныууагъта, уымæн та фесæфæн нæй. — Бузныг, нæ буц хистæр, дæ бирæ фыдæбæттæй. Ахæм куырыхон адæм фæзминаг сты фæсивæдæн, арæхдæр нæ хъæуы æмбæлын, цæмæй сын сæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæной, — загъта ректор æмæ юбилярæн радта университеты номæй Кады грамотæ æмæ зæрдылдарæн лæвар. Ахуырдзауы арфæтæ йæ ахуыргæнæгæн, афтæ схуыдта йæ раныхас РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæ. Бирæ хъарм æмæ зæрдæбын ныхæстæ загътой юбилярæн историон наукæты доктор, ЦИПУ-йы профессор Хъуысаты Генри æмæ иннæтæ. Абоны наукон конференци ахæм амондджын разынæд, æмæ Беруаты Барисы стыр бæллиц — Ирыстоны туризм сног кæнынæн стыр ахъаз куыд фæуа.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here