Сæххæст се стырдæр бæллиц

0
653

 

Знон нæ республикæйы уыд æхсызгон цау. Сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæй 19 адæймагæн, сидзæрæй æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй æвæгæсæгæй баззайæг фæсивæдæн сæххæст сæ царды стырдæр бæллиц — уыдон систы хæдзары хицæуттæ. Ног фатеры дæгъæлтæ сын кадджын уавæры радта нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Кадджын бæрæгбоны ма архайдтой нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, горæты мэр Æлбегаты Барис, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анжелæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Кокайты Артур æмæ Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæ ракодта, фатерты хицау чи ссис, уыцы æрыгæттæн. «Сидзæрæй æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæттæ махæй рох не сты. Уый нæ, фæлæ сæм кæсæм сæрмагонд цæстæй æмæ алцыдæр араздзыстæм, цæмæй уыдонæй алкæмæн дæр йæхицæн уа цæрæн бынат. Уæ ног цæрæн бынæтты амонд куыд æрцæра æмæ сывæллæтты худын дзы куыд райхъуыса, уый уын мæ зæрдæ зæгъы. Æнæниз æмæ амондджын ут, — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Уый фæстæ Битарты Вячеслав, Икъаты Русланбег æмæ Æлбегаты Барис алыг кодтой сырх лент, æмæ амондджын ног æрцæрджытæ бакъахдзæф кодтой сæ цæрæн бынæттæм. Сæ цард нырма ныр кæмæн райдыдта, уыцы æрыгæттæн сæ хæдзæртты ис хорз уавæртæ, бацу æмæ дзы æрцæр, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ. Фатертæ цæхæр калынц. Пъолтæ, къултæ, цар æмбæрзт сты нырыккон æрмæгæй. Алы фатеры дæр ис газы пец, сантехникæ, суанг люстрæ дæр ма. Ног хæдзар аразæг уыд Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ирафтрансстрой» æмæ йæ разамонæг Уаниты Хъазыбегæн дæр бæрнон адæймæгтæ арфæ ракодтой. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы сидзæрæй æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй æвæгæсæгæй баззайаг сывæллæттæн фатертæ дæттыны фарстамæ каст цæуы уæлдай бæрнондæр цæстæй. Ацы аз фатертæ — Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Мæздæджы, Рахизфарсы, Горæтгæрон, Кировы Æрæфы æмæ Æрыдоны районты — лæвæрд æрцыд 61 ахæм æрыгон адæймагæн. Уый тыххæй дихгонд æрцыд 80 милуан сомæй фылдæр, уыдонæй 43 милуан сомæй фылдæр — республикон бюджетæй. Абоны бонмæ ма фатертæм рады лæууынц сидзæрæй æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй æвæгæсæгæй баззайæг 900 сывæллоны. Æмæ Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы разамонджытæ æппæт хъарутæй дæр архайдзысты, цæмæй азæй-азмæ ахæм сывæллæттæн фатертæ лæвæрд цæуа ноджы фылдæр. Ныридæгæн уал ацы хъуыддагæн хæрдзтæ æвæрд сты ног азмæ бюджеты дæр. Битарты Вячеславæн, æппæт уазджытæ æмæ аразджытæн дæр ног æрцæрджыты номæй зæрдиаг арфæ ракодта Томайты Константин. Ансамбль «Дзæуджыхъæуы алантæ» та акодтой хонгæ кафт.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here