Йæ арæхстдзинад — рынчынтæн цардыбон

0
985

 Стыр бузныджы ныхæсты аккаг сты Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ Дзуццаты Руслан æмæ Эльзæ. Цы фырт бахъомыл кодтой, уый царды ссардта йæхи фæндаг æмæ дзы фидар, ныфсджын  къахдзæфтæ кæнгæйæ, размæ цæуы. 

РЦИ-Аланийы Клиникон рынчындоны тугдадзинты хирургийы хайады сæргълæууæг Дзуццаты  Русланы фырт Витали æрыгон дохтыр у. Раст цыма дохтыры дæсныйад йæ мады гуыбынæй рахаста, уыйау у æнтыстджын йæ равзæрст дæсныйады. Операцитæ кæмæн скодта, уыдоны ныхæстæй дзургæйæ, «йæ дыууæ сыгъзæрин къухы» арæхстдзинад дисы æфтауы.

Витали Ног Бæтæхъойыхъæуы скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Йæ ахуыр адарддæр кодта Краснодары ординатурæйы.  Уым æртæ азмæ райста ноджы фылдæр фæлтæрддзинад æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Афтæ бакодтаид, йæ гыццыл Ирыстоныл  иузæрдион чи у, йæ сомбоныл ын чи хъуыды кæны, уыдонæй алчидæр. Ныр  цыппар азы та кусы республикæйы Клиникон рынчындоны.

Куыд нæ барайа адæймаджы зæрдæ ахæм фæзминаг кæстæрæй. Хистæртæн балæггад кæныны хъуыддаджы дæр æнæзивæг кæй  у, уымæн æвдисæн сты йе ‘мкусджытæ, йæ рынчынтæ æмæ йæ хæлæрттæ. Мыдадзын цырагъау æхсæв уа, бон,  уырдыг лæугæйæ, йе ‘мкусджытимæ рухс хæссынц кæйдæр къонатæм сæ уды фарн, сæ зонындзинæдтæ, сæ къухты арæхстдзинадæй. Кæмæн тугдадзинты æгъатыр низтæй йæ бинонты хистæры аирвæзын кæнынц, кæмæн — йæ иунæг хъæбулы, кæмæн — йæ ныййарæджы… Мæнæ та ныр дæр операцитæгæнæн хайады рухсытæ куыддæр ссыгъдысты, афтæ ацы хайады дохтыртæ, Витали сæ разæй, афтæмæй кæрæдзи фæдыл уым балæууыдысты. Ацы царды зилдухæнты бахаугæйæ, адæймагæн фæлмæн ныхас дæр удæнцой куы ссис,   уæд кæм ис аргъ хорз дохтыры лæггадæн та.

Иу изæр мæ мадмæ рынчындонмæ бæрæггæнæг куыд бацыдтæн, афтæ ацы хайады ранчынтæ, тыргъы лæугæйæ,  кæрæдзийæн диссагæн хъусын кодтой, абон Виталиитæ авд операцийы скодтой, зæгъгæ. Уый фæстæ та мæ мадмæ райсомæй бауадтæн æмæ та сæ ныхæстæкæнгæ баййæфтон, Витали бонырухстæм операцигæнæнæй не ‘рбаздæхт, йæ цард ма æрдуйыл кæмæн хæцыд, ахæм сылгоймагæн  уæззау операци скодтой, зæгъгæ. Кæсын, æмæ та мæнæ уый фæстæ уæнгрогæй йæ рынчынтыл райсомы зылд кæны.

Дохтыры куыст æрмæст сæрæндзинад æмæ зонындзинæдтæ нæу, фæлæ ма у быхсондзинад дæр.

— Нæ хайадæй рынчынтæ  сæхимæ зæрдæрухсæй куы ацæуынц, уæд мæнæн уымæй æхсызгондæр  ницы вæййы. Адæмы сæ низтæй фервæзын кæнын, сæ æнæниздзинад сын фæхуыздæр кæнын мæхицæн хæссы удæнцой. Уым, æвæццæгæн, æмæ диссагæй ницы ис. Иутæ уарзынц бандæттæ  аразын, иннæтæ сæ цард аивадæн снывонд кодтой æмæ афтæмæй лæггад кæнынц сæ уарзон  адæмæн, аннæтæ спорты сты æнтыстджын.  Æз та мæ сабибонты равзæрстон хирурджы дæсныйад.  Уарзын мæ куыст. Фæлæ мæ раппæлинагæй нырма ницы ис, — зæгъы æфсæрмдзæстæй Витали.

Æнæбабæрæггæнгæ нæ фæдæн,  йæ рынчынтæ кæм хуыссынц, уыцы палатæтæй иу. Мæ бацыды сæр базонгæйæ иууылдæр бахъæлдзæг сты, сæ хуыссæнуæттæй рабадтысты. Алкæй дæр сæ фæндыд хицæнæй сæрмагонд бузныг зæгъын сæ ирвæзынгæнæг дохтырæн:

Хъæстуаты Руслан (Заманхъул):
— Мæ къахы тугдадзинты мын хæрдмæ цæуæг тромбтæ куы сбæрæг кодтой, уæд мæ ацы  хайадæй  хæдзармæ дæр нал ауагътой. Зæгъæн ис, Витали мæ мæлæтæй фервæзын кодта. Уайтагъд мын скодта операци. Куыд разынд, афтæмæй уыцы тромбæн  йæ фæндаг  къахы тугдадзины уыд хæрдмæ.  Мæ уавæры æнцонæй ис бауырнæн, тыхст сахат адæймаджы цард дохтыры къухты кæй ис, ууыл. Стыр бузныг ын зæгъын. Адæмы фарн бирæ у æмæ йæ сæ хорзæх уæд!

Басаты Зауыр (Мызур):
— Мæ къахы тугдадзинтæ куы æрнизджын сты, уæд мын, куыд хуыздæрæн, мæ фыды хæлæрттæ, зонгæтæ бацамыдтой Дзуццаты Виталийы.  Нæхæдæг дæр ын йæ хорзы  кой раджы фехъуыстам. Тæрсгæ дæр куыд нæ кодтон, фæлæ… Скодта мын операци æмæ мæ рыстытæ фæцыдæр сты.

Боситы Эльбрус (Мызур)
— Мæ къахы уыд тромбтæ. Мæ уавæр хæрзтæй нæ уыд (артериальный тромбоз, тромбоэмболия артерии, атеросклероз). Уый фæстæ мæм фæзынд гангренæ. Ам мын скодтой  æртæ операцийы, цæмæй мæ къах сдзæбæх уа. Ме ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæныныл тох кодтой иу мæйæ фылдæр æмæ сæ мæ цæстæй ракастæн. Мæ уд сæ фæхъхъау! Тагъд мæ рафысдзысты. Ирыстоны ахæм кæстæртæ кæй ис, уым, фыццаджыдæр, арфæйаг сты сæ ныййарджытæ æмæ сыл Хуыцауы арфæ æрцæуæд. Рынчын хайадмæ куы æрбацæуы, уæд ыл уайтагъд æрыгон дохтыртæ амбырд вæййынц æмæ йын скæнынц хъæугæ мадзæлттæ. Уынын æй, цæуы сæм кусын, уарзынц сæ равзæрст дæсныйад.

Хайады кусæг  хистæр дохтыртæ  Къæбысты Вячеслав, Валентинæ  Самойлова, кæстæртæ: Цæрæкты Давид, Тотиты Зауыр, Олисаты Игорь, медицинон хотæ, æмæ ма сын фæрсæрдыгæй чи æххуыс кæны, уыцы дохтыртæ  иузæрдион сты сæ дæсныйадыл.

Витали рæстдзинадуарзаг, æргомныхас, куысты —  бæрнон, хъуыддаджы — уырдыглæууæг, дзуапджын кæстæр хъазуатонæй æххæст кæны, йæ равзæрст фæндаджы райдайæны  цы ард бахордта, уый. Фылдæр ын бантысæд!

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here