Ныфс кæм ис, уæлахиз дæр — уым

0
933

Адæймаг йæ равзæрст дæсныйадæн йæ цард, йæ хъарутæ, йæ зонындзинæдтæ куы снывонд кæна æмæ афтæмæй цы адæмы ‘хсæн райгуырд æмæ схъомыл, уыдонæн удуæлдайæ куы лæггад кæна, уæд уый стыр хъæбатырдзинад у.  Афтæ дохтыр дæр, æхсæвæй бон не ‘взаргæйæ, операцион стъолыл мæлæты ныхмæ тохы куы бацæуы, æмæ дзы йæ къухты арæхстдзинад, йæ  зонындзинæдтæ æмæ уды  хуыздæр миниуджыты руаджы  рынчыны цардмæ раздахгæйæ уæлахиздзау куы  свæййы, уæд уыцы урсхалатджын,  рынчын æмæ йæм дуары иннæ фарс чи фенхъæлмæ кæсы, уыцы хиуæттæм  зæххон лæг нал фæкæсы,  фæлæ уæларвон.  Уый стыр æмæ уæззау уаргъ  у: дохтыры ном хæсгæйæ мыдадзын цырагъау адæмы хæрзæбонæн судзын.  Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ  нæ фæсивæды ‘хсæн ахæм  арфæйаг дæсны дохтыртæ кæй ис.  Уыдонæй иу у црайуаг фæрнджын лæппу ПЛИТЫ Марат.

Плиты Марат Валерийы (Феликсы) фырт  райгуырд Црауы 1984 азы.  Фыццаг къласмæ куы бацыд, уæд сын афæдзы кæрон  хистæркъласонтæ фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны линейкæйы 25 майы  цы лæвæрттæ радтой,  уыдоны ‘хсæн уыд хуымæтæг тетрад. Къласы сын ахуыргæнæг радта хæслæвæрд, цæмæй сæ алчидæр  тетрады ныффысса, фидæны  цы дæсныйад равзардзысты, уый тыххæй чысыл нывæцæнтæ. Марат йæ тетрады ныффыста æрмæст дыууæ хъуыдыйады: «Мæн фæнды дохтыр суæвын. Æз суыдзынæн дохтыр!». Уыцы зæрдæргъæвд гыццыл лæппу ныхасæй цы загъта, уый фæстæдæр хъуыддагæй сæххæст кодта.

2007 азы сырх дипломимæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон  медицинон академи. Ахуыры фæстаг аз Марат фидарæй зыдта, æнæмæнг травматолог-ортопед кæй суыдзæн, уый. Разæй йæм æнхъæлмæ кастысты Санкт-Петербурджы экспертон дохтырты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты  клиникон интернатурæ; И.И. Джанелидзейы номыл наукон иртасæнты институты æмæ Г.А. Альбрехты номыл наукон иртасæнты институты.  Дыууæ азы Санкт-Петербурджы клиникон интернатурæйы хи фæлтæрыны фæстæ йын уым уыд уæрæх гæнæнтæ дарддæры карьерон рæзтæн, фæлæ Марат равзæрста  æндæр фæндаг. Ирыстонмæ!  Куыста медакадемийы травматологи æмæ ортопедийы кафедрæйы. Уæдмæ, æхсæз азы размæ, Республикон клиникон рынчындоны байгом травматологийы ног  хайад.  Марат дзы кусын райдыдта йæ фыццаг бонæй.  Абон дæр кусы уым, æмæ ма уыцы-иу рæстæг республикæйы центрон рынчындоны дæр.

Травматологийы хайадмæ уæззау рынчынты куы æрбаласынц, уæд дохтыртæ, сæ сæргълæууæг Вадим Бурмистров сæ разæй, афтæмæй æмызмæлд бакæнынц. А фæстаг рæстæг бирæ медицинон кусджытæ  сæ куыстыл куы сыстырзæрдæ сты, уæд уæлдай ахсджиагдæр ссис, йæ куысты хъазуатонæй чи архайы, уыдоны æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ равдисын, цæмæй сæ цæрджытæ зоной. Уымæн æмæ адæмæй бирæтæн сæ ныфс асаст æмæ сæнæууæнк сты дохтырты фылдæр хайыл. Фæлæ та æрæджы Марат æмæ, дæлдæр цы æрыгон дохтырты кой ракæндзынæн, уыдон ног басгуыхтысты. Æмæ нæм кæд ахæм æрыгон специалисттæ ис, уæд æнæниздзинад хъахъхъæнынады фидæн зæрдæхсаинаг  нæу. Диссаг та куыд нæ уыд!

Æрæджы Æрыдоны районы рынчындонæй республикон клиникон рынчындонмæ фæхабар кодтой, ацæргæ лæг Анатолий Гаспарян  хæдзары куыстытæ кæнгæйæ, электроциркулярон хырхæй йæ къух ахауын кодта æмæ уæм æй  тыхстæй  фервитæм, зæгъгæ, лыг кæнын æй бахъæудзæн. Уыцы æхсæв рынчындоны рады дохтыртæ уыдысты травматолог Плиты Марат æмæ тугдадзинты хирургийы  хайады сæргълæууæг, æрыгон фæлтæрдджын дохтыр Дзуццаты Витали.  Рынчыны медицинон  тагъд æххуысы машинæйыл тыхстæй куы сластой, уæд ма йæ цонг  хæцыд æрмæст цармыл. Уый  сæ хæдзары фосы кæрты рæуæдтæн кæвдæстæ куыд арæзта, афтæ хъæдæрмæг фадгæйæ хырхы цалхы бынмæ  схъис фæцис æмæ, кусæнгарз  хæрдмæ фесхъиугæйæ, лæджы цонгыл сæмбæлд. Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, фæзæгъынц.

— Йæ уавæр уыд уæззау.  Рæстæг — чысыл. Рынчын йæхæдæг æмæ йемæ чи уыд, уыдон дæр  æнхъæл уыдысты лæг æнæ къухæй баззайдзæн, — загъта Марат.

Дохтырты хъуыды та æндæр уыд. Аст сахаты рынчыны цонгыл цыд уæззау æмæ хъазуатон архайд. Сæры æндæр хъуыдытæн зилдух кæнынмæ рæстæг нæ уыд. Иумæйаг нысан, иумæйаг хатдзæг — ахæм у æнтыстмæ фæндаг. Хуымæтæг ныхасæй зын радзурæн у, операцион стъолыл  цы стыр æмæ уæззау куыст æрцыд, уый. Фæлæ бæлвырд у иу хъуыддаг. Дыккаг бон, знон йæ цонджы æрдæг йæ уæлæ цы лæгæн нал уыд, уый хуыссыд реанимацион палатæйы. Йæ цонг йæ уæлæ афтæмæй Плийы-фырты курдиæттæ: «Де ‘нгуылдз базмæлын кæн», «Ныр та — иннæ æнгуылдз», «Иууылдæр иумæ», «Дæ къух фæрсмæ æрзил»  иууылдæр æххæст кодта.  Уый у стыр æнтыст! Дохтырты уæлахиз! Фæстæдæр Анатолийы дзæбæх  кодтой къæпхæнгай. Йæ арфæйаг   дохтыртæй иу у травматолог Дзитойты Дзамболат.

Анатолий Гаспаряны циндзинадæн кæрон нæй!

«Æз Плиты Марат, Дзуццаты Витали æмæ Дзитойты Дзамболаты  къухты фарны руаджы баууæндыдтæн, æрцæуын æнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, ахæм диссæгтыл.  Дæн сæ тынг бузныг. Фæнды мæ стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын рынчындоны сæйраг дохтыр Моргуаты Асланæн, уымæн æмæ  уыцы уæззау операцийæн мæн иунæг сом бахардз кæнын дæр нæ бахъуыд. Уыцы бон мын æндæр исчи операци дæр не скодтаид, уымæн æмæ мæ сæкæр уыд 24 ммоль/л. Æмæ кæд туджы сæкæр 11 ммоль/л куы схизы, уæддæр хирургтæ сæ ныфс нæ фæхæссынц гыццыл операцитæм дæр, уæд ацы специалисттæ та равдыстой стыр хъæбатырдзинад. Мæ сæкæр мын цыдæр амæлттæй æрæппæрстой æмæ мын скодтой æмбисонды операци. Виталик  æмæ мæ Марат уый адыл нæ ныууагътой, фæлæ уый фæстæ дæр сæ хъус дардтой ме ‘нæниздзинады уавæрмæ.   Тынг мæ фæнды, цæмæй адæм зоной ацы æрыгон хæрзгæнджыты нæмттæ. Иннæмæй та тæрсгæ дæр кæнын, сæ хорзы кой дардыл куы айхъуыса æмæ сæ æндæр ранмæ кусынмæ куы фæхоной, уæд сæ нæхæдæг  æнæхай фæуыдзыстæм. Уый тыххæй та сын хъæуы хорз уавæртæ саразын нæхи республикæйы”, — загъта Анатолий.

Ацы цауы фæстæ РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов кадджын уавæры Плиты Марат, Дзуццаты Витали æмæ Дзитойты Дзамболаты схорзæхджын кодта Кады гæххæттытæй.

— Марат, рынчынмæ сæкæрниз дæр куы уыд, уæд уый гæнæн куыд ис æмæ, уд кæм нал уыд, уыцы къух афтæ тагъд бандæдза æмæ ма  æнгуылдзтæ дæр дыккаг бон  æркуыстой?

— Фыццаджыдæр, уым стыр арфæйаг сты  операцион бригадæйы уæнгтæ. Уайтагъд кæрæдзиæмбаргæйæ хъуыддаджы балæууыдыстæм. Цалынмæ нæм  Анатолийы Æрыдонæй ластой, уæдмæ мах нæхи бацæттæ кодтам, цæмæй цырд февналæм. Нæ дохтыртæй  алчидæр йæ куыст зоны иттæг хорз. Сты æрыгæттæ. Уæвгæ, адæймаг Дзуццаты Виталийы хуызæн Хуыцауæй лæвæрд дохтыртимæ куы куса, уæд у ныфсджын. Ныфс кæм нæ уа, уым уæлахиз мачи агурæд.

Иннæ «æвдадзы хос» та нæ куысты  у —  рынчыны æууæнк дохтырыл. Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, зæгъгæ, гъе, аирвæзын мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй. Æууæнкæй аразгæ у…

— 50 проценты?

— Нæ. 100 проценты.

— Ахæм тыхст рынчынтæ уæм арæх вæййы?

— Вæййы. Зæгъæм, Анатолийы операцийыл мæй нæма рацыд, афтæ та нæм Мæздæгæй сластой тыхст рынчыны. Уый дæр хырхæй архайгæйæ йæ къух æрдæгыл алыг кодта. Уыцы операци дæр ацыд хъæугæ уагыл. Скодтам æппæт мадзæлттæ дæр. Æртыккаг бон рынчын змæлын кодта йæ къухы æнгуылдзтæ, сæ архайд сын бахъахъхъæдтам.

— Марат, цæмæй ахæм тыхст рынчынтæм рæвдз февналат, уый тыххæй рынчындоны хъæугæ уавæртæ ис?

— Рынчындоны сæйраг дохтыр Моргуаты Аслан рынчындоны фарстатæм  йæ хъус тынг лæмбынæгæй дары. Архайы рынчынтæн хъæугæ уавæртæ аразыныл. Федералон программæтæ дæр нæ куысты уавæртыл æнæфæзынгæ нæ фесты. Æрæджы дæр ма нæ операцийæн  хъæугæ æрмæджытæ (згъæр конструкцитæ: штифтытæ, пластинæтæ, спицæтæ …) рынчынæн æлхæнын хъуыд йæхи хардзæй, ныр та медицинон фæдзæхстады полисты руаджы. Уыцы хорздзинад арæзт æрцыд Моргуаты Асланы арфæйаг хъæппæрисæй, сты лæвар. Ахæм уавæрты кусын дохтыртæн дæр удæнцой у.

— Йæ æнæниздзинадмæ гæсгæ уæззау рынчыны куы феныс, уынгæ та сæ кæныс алы бон дæр, уæд, фыццаджыдæр, цæуыл ахъуыды кæныс?

— Ахæм  рæстæг хъуамæ алчидæр йæхи сæвæра рынчыны бынаты. Адæймаг ацы царды хызт ницæмæй у. Ис ахæм термин «период золотого часа», уыцы рæстæгмæ, ома, сахатмæ, хъуамæ сарæхсай тыхст рынчыны  уавæр, низы хатт сбæрæг кæнынмæ æмæ хъæугæ мадзæлттæ саразынмæ. Нæ фыццаг хæстæй иу вæййы рынчынæн  йæ тарст сисын.  Нырыккон медицинон  мадзæлттæ дохтырты фадæттæ дзæвгар фæуæрæхдæр кодтой.  Фæлæ бирæ рынчынтæ сæ тыхсты рæстæг сæ уæлхъус æрыгон дохтырты куы фенынц, уæд сын сæ профессионалондзинадыл сдызæрдыг вæййынц, фæлæ нæ бон цас у, уыйбæрц архайæм фыдæнхъæл сæ ма фæкæныныл.

 — Ирыстоны дохтыртæй чидæртæ сæ кусæн бынæттæ ныууагътой æмæ кусынмæ ацыдысты Уæрæсейы стыр горæттæм, сыхаг республикæтæм, фылдæр мызд, хуыздæр царды уавæртæй сын ныфс кæм бавæрдтой, уырдæм.  Марат,  ды дæр бæллиццаг материалон  уавæрты фæдыл Ирыстонæй æндæр ранмæ ацæуис?

— Бинонты материалон уавæр, адæймаджы мызд нæ царды абон хуымæтæг фарстатæ не сты.  Фæлæ æз къорд азы размæ цы уынаффæ рахастон, ууыл иузæрдион дæн абон дæр. Кæд мæ сæр Ирыстоны хъæуы, уæд хъуамæ кусон æрмæстдæр Ирыстоны.  Лæггад кæнон нæ адæмæн. Афтæ уыдзæн дарддæр дæр. Уыцы патриотон зæрдæахасты тыххæй мæ алыварс дохтыртæ иууылдæр кусынц цалдæргай куыстыты, уымæн æмæ дохтыры мыздæй бинонты фæдарæн нæй.

— Марат, дæ царды фылдæр рæстæг æрвитыс куысты, операцион стъолы уæлхъус уырдыг лæугæйæ. Кæм ма ссарыс рæстæг æмæ хъарутæ дæ бинонтæн дæ уды хъармæй бахай кæнынмæ, семæ дæ рæстæг арвитынмæ?

— Уый де ‘ппæт фарстатæн у  сæ сæйрагдæр (худы). Фæлæ ахæм у нæ хъысмæт, æвзаргæ дæр æй нæхæдæг ракодтам. Куыддæр мын рæстæг фæвæййы, афтæ, фыццаджыдæр,  батагъд кæнын мæ бинонтæм.

— Бузныг, Марат.

Маратæн йæ цардæмбал, Кæсæбиты Фатимæ дæр у медицинæйы кусæг —  сывæллæтты дохтыр.  Хъомыл кæнынц дыууæ чызджы.

Хорздзинад, дам, йæ ракæнæгмæ дывæрæй здæхы, фæзæгъынц. Чи йæ ракæна, уый та йыл фæсмонгонд макуы фæуæд!

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here