“ÆРДХОРД ÆФСЫМÆРТÆ”

0
4218

Æмбæрзæн байгом. Сценæйыл артистты æмызмæлд театрдзауæн æмбарын кæны, цыдæр хорз хабар кæй æрцыд æмæ сæхи куывдмæ кæй цæттæ кæнынц, уый. Цæстыты раз райхæлд Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд драмæ «Æрдхорд æфсымæртæ» æмæ театрдзауы йæ фæдыл ахуыдта XVIII æнусы кæронмæ. Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы рæсугъд кæстæртæ ирон уæлæдарæсы лæггад кæнынц куывды, куырыхон хистæртæ уадзынц гаджидæуттæ, кæстæртæй иутæ хъазты «Симд»-ы ‘рбангом сты, иннæтæ кæнынц къæрццæмдзæгъд. Цы циндзинад æрцыд а кæрты? “Дыууæ Хуыцауысконд лæппуйы, дыууæ мыггаджы хъæбулы Хъазан æмæ Æхсарбег адæммæ фæдзырдтой, кæрæдзийæ æфсымæртæ зæгъынмæ. Ард бахордтой, сæ туг сиу кодтой, æмæ се ‘фсымæрдзинад адзалы бонмæ рæсугъдæй ахæссæнт!”, “Ирон адæммæ уый фыццаг хатт нæу, æфсымæрдзинад нæ туджы ис, уый нын Хуыцауæй лæвар хорзæх у”. Ацы рæсугъд æгъдауæн æвдисæнтæй ныллæугæйæ, театрдзауты зæрдæты сæвзæрдысты æнахуыр æнкъарæнтæ, риуты райхъал ирондзинады суадон, æмæ дзы уыдон цæттæ уыдысты сæ дойны басæттынмæ.

«Æрдхорд æфсымæртæ» банымайæн ис театралон сезоны сæйраг премьерæйыл. Сæвæрдтой йæ хæрз цыбыр рæстæгмæ — дыууæ мæймæ. Режиссер, артисттæ, музыкалон фæлгонцыл кусæг, нывгæнæг — иу дзы иннæйы æххæст кæнгæйæ, бакуыстой æмхуызонæй. Театрдзауы зæрдæ байдзаг арф æнкъарæнтæй, хъайтарты монологтæ сæ иннæрдæм ахызтысты, бафтыдтой сæ арф хъуыдытыл, бирæтæн сæ рустæ уыдысты уымæл. Æмæ уый диссаг никæмæ фæкаст, уымæн æмæ дзы драматург цы фарстатæ систа, уыдон абон дæр риссынц, йæ адæмы хъысмæтыл, Ирыстоны сомбоныл зæрдæйæ чи тыхсы, уыдонæй алкæмæй дæр.
Театрдзаутæ сæхæдæг æвдисæн уыдысты, рагæй цы ногдзинадмæ бæллыдысты, уый кæй æрцыд. Артистты зæрдæйы ахаст баиу театрдзауы уарзондзинады æнкъарæнтимæ, æмæ, кæрæдзийыл стыхсæгау, паддзахиуæг кодтой залы. Кæй ма хаста йæ къах хæдзармæ та, ирон дзырды, ирон фарны галуаны артдзæсты цы культурон, нысанхæссæг цау æрцыд, уый цæхæртыл цин кæнгæйæ.
Спектакль сценæйы сæвæрдта æрыгон, курдиатджын режиссер, РЦИ-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты сгуыхт артист Уалыты Гиви.
«Æрдхорд æфсымæртæ»-йы архайынц Ирон театры артисттæн сæ фылдæр. Спектаклы музыкалон фæлгонцыл тынг зæрдиагæй бакуыста æрыгон композитор, ирон уадынгæрзтыл цæгъ дæг Берозты Таму. Сæрмагондæй спектаклæн ныффыста музыкæ æмæ йæ ацагъта зарджытимæ. Уымæй хицæн сюжетты архайд ноджы фæирддæр æмæ хорз сахадыдта театрдзауы æнкъарæнтыл. Нывгæнæг-сценограф Уалыты Ларисæ фæлтæрд у ацы хъуыддаджы, фыццаг иумæйаг куыст сын нæу. Декорацитæ æмæ артистты уæлæдарæсы хуымæтæгдзинад ист сты, архайд цы рæстæг цæуы, уымæн йæхицæй. Бæлæсты æгомыг хуыз адæймаджы æфтыдта сагъæсыл — кæцæй цы хабар æрбахæсдзысты, дымгæ куы сыста, уæд? Спектаклы кæфтытæ æвæрæг, РЦИ-Аланийы адæмон артист, УФ-йы Паддзахадон премийы лауреат Сихъоты Тимур куывды цы хъазт скодта, уым æрфæндыд театрдзауты дæр æрсимын.
Спектаклы премьерæ Ирыстоны театралон аивадæн цы хорздзинæдтæ æрхаста, уыдонæй иу у, Ирон театры раздæры директор æмæ аивадон разамонæг, УФ-йы сгуыхт артист Гуыбиаты Хъазыбег дæс азы фæстæ фæстæмæ сценæмæ кæй раздæхт æмæ йæ диссаджы курдиатæй адæмы зæрдæтæ ног кæй барухс кодта, тыхджын фæлгонц сарæзгæйæ, уый. Хъазыбег-Мысырби кæд пьесæйы хъуыдымæ гæсгæ абырæг у, уæддæр йæ миддунейы цæрынц, ирон лæджы кадджын чи кæны, ахæм удыхъæды бæрзонддæр миниуджытæ, ирон лæг ирон цæмæй у, уыцы хъаруйæ у хайджын. Уыцы иу рæстæг Мысырбийы сурæт скодта УФ-йы сгуыхт артист Хуыгаты Сурен, Хъазыбегимæ йæ хъазынц, кæрæдзи ивгæйæ. Æрдхорд æфсымæрты рольты ахъазыдысты нæ республикæйы сгуыхт артисттæ Битарты Алыксандр — Хъазан æмæ Токаты Зауырбег — Æхсарбег. Мысырбийы бинойнаг Госкайы ролы — РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ Рæмонаты Ритæ, сæ чызг Зæрæдайы ролы — Берозты Алинæ, сæ фырт Дайраны ролы — Къуымæлæггаты Арсæмæг, абырæг Уыппи у нæ республикæйы сгуыхт артист Къуымæлæгкаты Владимир, мыггаджы даринаг Гæррæтт — нæ республикæйы сгуыхт артист Заойты Эльбрус.
Режиссер рольтæ артисттыл афтæ дæсны байуæрста, æмæ раст цыма Хуыгаты Геор Мысырбийы фæлгонц сæрмагондæй Хъазыбег кæнæ Суренæн фыста, Хъазаны фæлгонц та Битары-фырты курдиаты авналæнтыл æнцой кодта. Артисттæ сæ хъайтарты фæлгонцты афтæ бацыдысты, æмæ сæ афтæ уырнинагæй рахастой театрдзауы размæ, цыма спектаклы нæ хъазынц, фæлæ æцæг сæ хъайтарты царды уаргъ сæхæдæг хæссынц, сæ цардæй цæрынц. Уый стыр уæлахиз у! Иумæйаг уæлахиз. Фыццаджыдæр та у Ирон театры аивадон разамонæг, РЦИ-Аланийы адæмон артист Колыты Владиславы фарнхæссæг къахдзæф. Уыйбæрц хорз адæм, курдиатджын артисттæ æмзиууонæй, кæрæдзи æмбаргæйæ цы спектаклыл бакуыстой, уымæн нæртон æфсиртæ æнæ суадзгæ нæй.
Спектаклы худæджы хал у Гæррæтт. Адæм æй зондцух хонынц, сæ даринаг хæсты фæстиуджыты аххосæй. Фæлæ лæмбынæг равзаргæйæ, Гæррæтт йæхæдæг фылдæр лæггад кæны адæмæн, йæ хъуыдыты та ис куырыхондзинад, сты арф: «Чидæр, дам, йæ хуымæн йæ кæрæтты цыди, адæм та — йæ астæуты», «Æвæдза, диссаг у. Ирон лæгмæ уазæджы номæн хæрæг куы ‘рбацæуа, уæддæр ын лæггад кæ- нынц», «Адæймаг æцæг куы уарза, уæд куырмæй дæр уыны, къуырмайæ дæр хъусы», — зæгъы Хъазанæн, тыхст рæстæг удæнцой куы агуырдта, уæд. Гæррæтты фæлгонц Заойты Эльбрус афтæ бæлвырдæй равдыста, æмæ йæ алы февнæлд æмæ къахдзæф дæр сценæйы уыд нывыл. Суанг ма йæ спектаклы фæстæ йæ зонгæтæ фæрсгæ дæр кодтой, дæ къух цы кодта, зæгъгæ, хæсты æфхæрд баййафæджы ролы кæй хъазыд, уый нæ рахæсгæйæ сæ æцæг бауырныдта йе ‘нæниздзинады цауддзинад.
Мах, спектаклы райдайæн фыдгæнæг æнхъæл кæмæн уыдыстæм, йæ фыццаг рацыдæй нæм æппæрццæг хъайтар чи фæкаст, уый, абырæг, раргом драмæйы сæйраг фигурæйæ. М сырбийы монологтæ сæрдыгон бон арвы нæрдау нырризын кодтой театрдзауыты, рафæлдæхтой сын сæ миддуне иннæрдæм. Æнæуынон ын у тæппуддзинад, нæ уарзы магусаты. У Хуыцаумæ кувæг, табу йын кæнæг: «Хуыцауы бар кæнын мæхи. Уый цы зæгъа, уый уыдзæн. Адæм та дзурæнт. Мæнæн бонивæн цард кæнын мæ бон нæу». Мысырби йæ сæр хæссы бæрзонд йæ фыдæлтæй æмæ бæллы, цæмæй Ирыстоны кад, ирон лæджы æхсар æмæ фæрныгад кæддæрау дардыл хъуысой. Тох кæны ирон лæджы кад раздахыныл. Боныгон цырæгътимæ адæмы ‘хсæн агуры ирон лæджы бындур, лæгдзинады уидæгтæ æмæ бацыд сагъæсы: «Кæддæр айк мæцъисæй чи фæлдæхта, уыдон нæм абон сæ ныфс хæссынц. Нæ цуры сым-сым кæнын чи нæ уæндыд, уыдон ныл абон хъæртæ кæнынц, нæ нæ нымайынц, суанг ма ныл сæ дзыхы дзаг кæкæлæй худынц. Адæмты стыр фынгтыл нын «дæлæмæ абад» чи нæ зæгъы, иу ахæм нал и, æмæ тæрсын, тагъд нын уыцы фынгыл бынат куы нал уа, æрмæст ма дзы лæггадгæнджытæ куы уæм. Уырытау кæмтты бабырыдыстæм æмæ нæм комæй нæ сæртæ адарыны ныфс нал ис. Сæудæджер кæнын нал зонæм. Уæвгæ, цæмæй сæудæджер кæнæм, уый дæр нал ис. Æддаг адæмтимæ нæ бастдзинæдты тæгтæ ныллыг, ныскъуыдтæ сты. Уый нæ, нæхимидæг хъарæм кæрæдзи. Кæрæдзи риутыл нал бæрц уадзæм, нал — æгънæг. Уый адзалы фæндаг у! Йæ заманы кард æмæ уарт, цирхъ æмæ фатæй чи уыди махæй арæхстджындæр? Ничи! Ныр лæдзæг сси нæ сæйраг хотых æмæ дзы æвзидæм фосмæ дæр, куыйтæм дæр æмæ кæрæдзимæ дæр. Ныр егъау стæры цæуынхъом нал стæм. Бæх радавын ссис не ‘стырдæр лæгдзинад, æмæ уый дæр тагъд сæрмæхæссинаг нал уыдзæн. Ныр нæ хъару æвзарæм нæхи мидæг, мыггагæй мыггаджы ‘хсæн, комæй коммæ, хæдзарæй хæдзармæ, суанг скъæтæй скъæтмæ дæр. Кæддæр-иу Стыр Ныхасы стыр хъуыддæгтæ лыг кодтам! Ирон Ныхас уыди ирон лæджы хъуыдыйы артдзæст. Иу хорз зондæй гуырди дыууæ хуыздæр зонды. Уым зондыл æфтыдтой зонд. Ныр дыууæ лæджы кæм сæмбæлынц, уым кæрæдзийæн фæкæнынц фидис: ды туаллаг дæ, ды та дыгурон кæнæ та къуыдайраг! Цæмæты ‘рхауд ирон лæджы лæгдзинад?! О, Стыр Хуыцау! Мыггагмæ ничи цæры, уый зонын, фæлæ ирон лæг кæд йæ адзалы фæндагыл лæуд у, уæд æй бирæ хъуырдухæн ма бауадз! Кæд нæ, уæд та йæ раст фæндагыл сардау æмæ нæ бахиз фыдбылызæй!»
Драмæ фыст у хъæздыг, нуарджын ирон æвзагæй. Бæркадджын у æмбисæндтæ æмæ æлвæст хъуыдытæй: “Хуыцау кæмæн кæм зæгъа, уым судздзæни йæ уарзондзинады цæхæры», «Зондджын йæ кардæй нæ цъыччытæ кæны, зондджын йæ зондæй цъыччыты кæны», «Хат хорз лæдзæг хорз хæларæй хуыздæр разыны», «Алы бон фæнык змæнтын цард нæу», «Адæймаджы царды кæд исты нысан ис, кæд дзы зæрдæрухс ис, уæд уый уарзондзинад хуыйны. Æнæ уый циу нæ цард уæлæуыл? Мур дæр ницы!».
Цæвиттон, Мысырбийыл æхсæв фынæй нал хæцы, йæ мæт у, Хъазаны диссаджы кафаг бæх йæ къухы куыд бафта, ууыл. Фæлæ Хъазанæн «йæ бæх мыггаджы аргъ у», Мысырби йын йæ бæхы ныхмæ йæ хæдзар æд ис, æд бон, æд мыстытæ куы дæтта, уæддæр йын æй нæ раттид», уымæн æмæ, йæхи куы базыдта, уæдæй йын йæ бæхæй зынаргъдæр ницы уыд. Се ‘хсæн цы æргом ныхас бацайдагъ вæййы, уымæй Мысырбийы цæсты Хъазаны кад бæрзонддæр цы кæны, æндæр дæлдæр нæ. Кæд кæрæдзимæ топпы кæсæнæй акастысты, уæддæр сæм ис, иу сæ чи кæны, ахæм миниуæг — ирон лæджы хъæбатырдзинад, æхсар, сæрыстырдзинад, дыууæйæ дæр сты æргом æмæ комкоммæ дзурæг, фæлæ — абырджытæ. Уыцы иу рæстæг, — кадыл мæлгæ кæмæй фæзæгъынц, ахæм тыхджын сурæтты хъайтартæ. Хъазаны цыргъзонддзинад хатгай къæйныхдзинадмæ рахизы æмæ цæхгæр æрлæууы Мысырбийы ныхæстæм: «Хуыцау æфхæрд нæ бары, мæхицæй уæлдай нæу».
Драмæйы Хъазан æмæ Æхсарбеджы фынтæ фæсырдта Зæрæдайы рæсугъд. Алчидæр сæ йæ номимæ йæ сæнттæ бæтты. Йæ ирвæзынгæнæг æрдхорд æфсымæримæ иу чызджы уарзынц, уый Хъазан куы базыдта, уæдæй дзæгъæйлаг фæцис. Хъуырдухæнты бахауд. Фæстагмæ йæ кæнгæ æфсымæрæн баминæвар Мысырбийы хæдзармæ, æмæ йæ хъуыддагæй куы ницы рауад, уæд, йæ монцты цагъары бахаугæйæ, ацыд йæ бæллицы фæдыл æмæ Зæрæдайы йæ фыды хæдзарæй раскъæфта Æхсарбеджы сусæгæй. Уый та куыд? Нæ хъайтар ахызт æфсымæрдзинады сæрты, рацыдис гадзра хатæй? О, зæххылцæуæг Хуыцауы раз лæмæгъ у. Хъазан, фыццаджыдæр, адæймаг у. Адæймагæн та уарзондзинады ныхмæ стох кæнын йæ бон нæу, сæ хъарутæ иу не сты, йæ арфы куы судза, уæддæр ыл йæ бон нæ цæуы.
Йæ мидхъуырдухæнты цæхæры судзæгау кæны, фæлæ цы чындæуа? Ахаста сусæгæй чызджы, бакаст йæ зæрдæйы коммæ. Æмæ йæхицæн йæ лæмæгъдзинад нæ ныббарста, йæ хъизæмæрттыл бафтыд ног хъизæмар. Фæстагмæ йæ æрдхорд æфсымæр Æхсарбеджы цард, йæхицæй фылдæр цы аргъæутты чызджы бауарзта, уыимæ баиу кæнгæйæ, йæхимæ йæ къух систа. Зын у ирон лæджы кад хæссын, зын у ирон лæгæн худинагимæ цæрын. Уымæн æмæ ирон адæм фыдæй- фыртмæ уыдысты фарн æмæ æгъдауыл хæст. Уайдзæфæй рынчын кодтой, фидисæй — мæлгæ! Битарты Алыксандыр, Хъазаны сурæты бацæугæйæ, театрдзауы æууæнчы афтæ бацыд, æмæ, йæхицæн фæстагмæ цы тæрхон рахаста, уымæй театрдзау зæрдæрыст фæцис. Артистæн ацы драмæйы ноджы ирддæрæй рабæрæг йæ æвæджиауы курдиат.
«Дыууæ уды, дыууæ зæрдæйы ‘хсæн уарзондзинад йæ тын куы снывæнды, уæд сын хъуамæ Хуыцаумæ кувæм æмæ сын цырагъдартæ ныллæууæм», — тох кодта йæ хæлар æфсымæры уарзондзинады сæрыл Хъазан Мысырбиимæ, фæлæ, дыууæ уарзæгой удæн цырагъдарæй лæугæйæ, йæхæдæг басыгъд.
Драмæйы тыхджындæр фæзындтæй иу у Мысырбийы кæронбæттæны монолог. Дыууæ характерон хъайтары куы фембæлдысты æмæ йын Хъазан йæ бæх куы балæвар кодта, уæд Мысырби зыгъта: —
Райгонд у дæ бæхæй! Бæх цы, бæхæн ис балхæнæн, æппынфæстаг ын ис радавæн. Фæлæ лæг, лæг! Кæм æй агуырдæуа? Кæм æй балхæдæуа? Кæцæй йын ис радавæн? Йæ бæллæх уым ис, уым, æмæ нæм лæджы фарсмæ лæг æрлæууæг кæй нал и. Нæ ныфс нæ сæрхъуызой кæй рахонæм! Æрдхорд, æфсымæр кæмæй зæгъæм! Фæдисы заман фæдисмæ чи сбæзза, тохы заман йæхи фæсвæд чи нæ бамбæхса! Лæджы хуызæн лæг нæм цæмæн ссис цырагъы рухсæй агуринаг, цæмæн?
Ацы ныхæстæ сты Георы уацмысы лейтмотив. Мысырби Хъазаны сурæты ссардта, боныгон цырагъимæ цы ирон лæджы удыхъæды миниуджытæй хайджын сахъгуырды агуырдта, уый. «Дæ бæх дæ быны хуыздæр фидауы», — цыбыр ныхасæй раргом кодта Мысырби йæ ахастдзинад Хъазанмæ. Йæ марды хабар фехъусгæйæ та æрлæууыд Хуыцауы ныхмæ: «О, стыр Хуыцау, цы дын кодтам, фыдæх зæрдæ нæм цæмæн хæссыс? Лæгау лæг нæм куы фæзыны, уæд нын æй цæмæн байсыс æнæнхъæлæджы?» Ацы ныхæстæ театрдзауты иннæрдæм ахызтысты.
Спектаклы рольты хъазджытæ иууылдæр сты театрдзауæн хорз зонгæ, театры фарн кæуыл æнцой кæны, уыдон. Алкæй дæр дзы базыдта, куывдмæ куы ‘рбацыдысты, уæд. Хистæртæ Бытъæты Роберт, Дзытиаты Лактемыр, Тылаттаты Бексолтан æмæ иннæтæ сты ныфс æмæ дæнцæг театры кæстæр фæлтæрæн.
«Æрдхорд æфсымæртæ» 1989 азы сценæйы сæвæрдта Хуыгаты Геор йæхæдæг дæр. Мысырбийы ролы ахъазыд Икъаты Мæирбег, Хъазаны ролы — Хугаты Сурен, Æхсарбеджы ролы — Къæбысты Павел, Зæрæда — Хъантемыраты Терезæ, Госка — Галазты Земфирæ, Гæррæтт — Тедеты Алихан, Уыппи — Дзытиаты Лактемыр.
Цымæ, фæлтæрдджын режиссер, артист Уалыты Гиви йæхæдæг та «Æрдхорд æфсымæртæ»-йы цы ролы ахъазынмæ бабæллыдаид?
Ацы аз Гиви «Æрдхорд æфсымæртæй» уæлдай сæвæрда æртæ спектаклы: Оперæ æмæ балеты театры «Хъæбатыр тæрхъус», «Кот Мурыч», Уырыссаг театры — оперæ «Снежная королева». Сентябры та хуынд у Хъæрæсейы национ театрмæ. Сæвæрдзæн дзы Славомир Морожекы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Эмигранты».

СÆ ХЪУЫДЫТÆ ЗАГЪТОЙ
=======================

МИЛДЗЫХТЫ Руслан, РЦИ-Аланийы культурæйы министр:

— Премьерæйæ мæ зæрдæ барухс. Цы æнтыст федтам, уый диссаг у. Ирон театр фæстæмæ йæ къæхтыл лæууын райдыдта. Залы къух бакæнæн кæй нæ уыд, уый, фыццаджыдæр, дзуры, театрдзау фæстæмæ кæй æрбаздæхт, сæ тыхджын къухæмдзæгъд та æвдисы сæ уарзондзинад, сæ зæрдæйы ахаст театры абоны уагмæ, абоны æнтыстытæм. Уый тыххæй мæ, фыццаджыдæр, бузныг зæгъын фæнды Колыты Владиславæн, спектаклы режиссер Уалаты Гивийæн, артисттæн се ‘ппæтæн дæр. Уæлдайдæр та — Гуыбиаты Хъазыбегæн, уал азы фæстæ нæ йæ курдиаты цæхæрæй кæй барæвдыдта, Хуыгаты Суренæн, Битарты Алыксандрæн, Токаты Зауырæн, Рæмонты Ритæйæн, Берозты Алинæйæн. Хуыгаты Геор нæ хъуыдытыл бафтыдта. Мæн уырны, ацы спектакль театрдзауыл хорзæрдæм кæй фæзындзæн.
===============================================

ХУЫГАТЫ Валерия, УФ-йы адæмон артисткæ:

— Фыццаджыдæр, ацы спектаклы премьерæйы æз аргъ скодтон мæ цардæмбал, пьесæйы автор Хуыгаты Георы курдиатæн. Уый уацмысы ирдæй равдыста ирон адæймаджы удыхъæды арфдзинад, рæстæджы комулæфт, йæ домæнтæ, ирон лæджы удбæрзондзинад. Нæ æрыгон курдиатджын режиссер Уалыты Гиви та иттæг хорз сарæхст уыцы домæнтæ, æмбæхст хъуыдытæ æххæстæй театрдзауы размæ рахæссынмæ. Геор премьерæйы рæстæг залы куы бадтаид, уæд йæ зæрдæ хурау ныррухс уыдаид.
===============================================

БЕКЪОЙТЫ Розæ, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат:

— Тæхуды, æмæ, зæгъын, ацы спектаклы бирæ азты размæ сæйраг рольты чи ахъазыд, уыдон абон залы куы бадиккой. Кæронбæттæны схызтаиккой сценæмæ æмæ спектаклы алы архайæгæн дæр сæрмагонд арфæ ракодтаиккой, сæ уд цы куысты бавæрдтой, уый тыххæй. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон фæсивæд дарддæр кæй хæссынц театры хистæрты фарн. Фыццаджыдæр, Георы ном рох кæнын кæй нæ уадзынц, кæй кæнынц кад, чи дзы хъазыд раздæр, уыцы артисты рухс нæмттæн. Ацы ныфсджын къахдзæф фарнхæссæг куыд фæуа æмæ йæ фæдыл ахæм зæрдæмæхъаргæ, мидисджын спектакльтæ куыд ныххал уой, уый мæ фæнды. Зæрдæйы тæгтæй арæзт монологтæ адæмы банкъуысын кодтой, æмæ мæ уырны, кæй сæ бацагайдтой. Мæ зæрдæ сын зæгъы, ацы спектакль бирæ куыд фæцæра, æмæ иу равдыстæй иннæмæ тыхджынæй-тыхджындæр куыд кæна, адæмы зæрдæтæ куыд змæлын кæна. Цæмæдæрты дзы мæ зæрдæ æхсайы æмæ уый дæр æвзæр нæу. Мæ цæстытыл уайы, Икъаты Мæирбег, уынгты цæугæйæ, Мысырбийы монологтæ дзургæ куыд цыдис. Бауромæн æй нæ уыдис, афтæ уарзта йæ монологтæ.
Стыр арфæйы ныхæсты аккаг у Хъазыбег. Уал азы дæргъы сценæйæ иппæрд уæвгæйæ, ахæм ролы хъазынмæ рацу, уый стыр лæгдзинад у. Æнкъары йæ хъайтары зæрдæйæ, сæрыстыр у йæ ролæй. Цы лыстæг фиппаинæгтæ мæм ис, уыдон иу равдыстæй иннæмæ слæгъз уыдзысты. Сæдæйы фыццаг фæуæд! Битарты Алыксандыр цы сурæт сарæзта, уымæ фау зын æрхæссæн у, иннæ ахæм — Сурен, Токаты Зауырбег, Заойты Эльбрус. Алы хъуыддагæй дæр спектаклы баззадтæн разыйæ æмæ та йæм æхсызгонæй бакæсин. Æгайтма нæ бон у равзарын, æмæ æмбарæм, абон нын ахсджиагдæр цы у, уый. Спектакль у дзæнгæрæгау. Режиссерæн — ног æнтыстытæ!
===============================================

УАЛЫТЫ Гиви, РЦИ-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист, режиссер:

— Хуыгаты Геор у, ирон театрæн йæ алы дадзины цавд дæр йæ зæрдæйы тæгтæй чи æнкъарда, йæ рисыл чи рыстис æмæ-иу йæ цинтæй базыртæ кæуыл базадис, ахæм хигъæдон драматург, разамонæг. Хъыгагæн, хæстæг зонгæ нæ уыдыстæм. Уыдис нын иунæг фембæлд, уый дæр фондз минуты бæрц. Мысырбийæн цы монологтæ ныффыста, уыдонæн аргъ нæй, сты æнусон хæзнатæ. Ацы пьесæ рагæй дардтон мæ базы бын, æмæ ныр йæ рæстæг æрхæццæ.
Драмæйы хъуыды нæ абоны уавæрмæ тынг хæстæг лæууы. Ахæм рæстæг скодта, æмæ нæ нæ аиппытыл æргом, æнæ хъæлæбайæ аныхас кæнын хъæуы. Уымæн та æппæты хуыздæр фæрæз у театр. Йæ тугдадзинты ирон туг кæмæн тæлфы, уый, æнæмæнг, райхъал. Абон нæ ирондзинад куы нæ раздахæм, уæд райсом адæмы рæгъы лæггадгæнджытæ дæр нал уыдзыстæм. Пьесæйы райдайæны, дыууæ абырæджы куы фембæлдысты, уæд се ‘хсæн рауад ахæм ныхас: «Цæй, цы ‘рбахастай ногæй?», — «Зæххыл чи не ‘рцыд, ахæмæй ницы. Кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой». Уæд хуымæтæг хъуыддагыл нымад чи уыд, уый абон нал ис. Абон ма ирон адæммæ искæд фехъуыстам, ирон лæг ирон лæгæй æфсымæр зæгъа? Уый фæдыл куывд скодта? Цæмæн ауыгътам нæ къух уыцы æгъдæуттыл? Цы ис æфсымæрдзинадæй хуыздæр?
Пьесæмæ бахастам æрмæстдæр Ходы Камалы æмдзæвгæ «Гаджидау». Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Сихъоты Тимурæн, Берозты Тамуйæн, Уалыты Ларисæйæн, артисттæн се ‘ппæтæн дæр, цехты кусджытæн. Сæрмагонд бузныг Колыты Владиславæн, кæй баууæндыд, уый тыххæй.
Фæрсыс мæ, куыд бахастон мæ ныфс, дæс азы сценæйыл иунæг сурæт дæр чи нал скодта, ахæм артистæн сæйраг рольтæй иу раттынмæ. Тынг дзæбæх. Гуыбиаты Хъазыбегимæ иумæ хъазыдыстæм спектакль «Цард фын у»-йы фыд æмæ фырты рольты, æмæ, куыд актер, афтæ йын кодтон æмæ абон дæр кæнын стыр аргъ. Тынг хорз æмбæрстон, Хъазыбегæн йæ комыдæттæ кæй уайынц характерон ролы ахъазынмæ, уымæн æмæ, аивад йæ удæй фылдæр чи уарзы, уымæн сценæ удыбæстæ у, йæ цард у. Иннæмæй, Хъазыбег цы фæлгонц сарæзта, уый тынг хæстæг у йæхи сурæтмæ. Алы пьесæйы фæлгонц дæр æнхъæлмæ фæкæсы йæхицæй æвзæрст артистмæ. Рольты чи ахъазыд, уыдонмæ хуымæтæджы не ‘рхаудтой уыцы хъайтарты сурæттæ.
===============================================

ГУЫБИАТЫ Хъазыбег, РЦИ-Аланийы адæмон артист, республикæйы Театралон архайджыты цæдисы сæрдар:

— Раст зæгъгæйæ мæ фæстæмæ сценæмæ рацæуын тынг фæндыд. Уалыты Гиви мæм æрбацыд æмæ загъта, Саламоныч, Мысырби дæ роль у æмæ мын ма зæгъ «нæ», зæгъгæ. Куыд хъуамæ не сразы уыдаин, кæд æмæ йæм мæхæдæг дæр рагæй бæллыдтæн, уæд? Куыд нæ тыхстæн дæс азы фæстæ спектаклы ахъазыны хъуыдыйæ. Фыццаг рацыды размæ мыл ме ‘нкъарæнтæ тых кодтой, æмæ сывæллонау мæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кодта. Сценæмæ ног куы ракъахдзæф кодтон, уæд бамбæрстон, куыд сæрхæндæг мæ зæрдæ æнæ рольтæй æмæ загътон: “Мæнæ ма кæдæй-уæдæй мæ уæзæгмæ æрбаздæхтæн”.
Адæймагыл, кæм схъомыл вæййы, уырдæм æрыздæхгæйæ хур куыд ракæсы, афтæ мæнæн дæр мæ зæрдæ цинæй байдзаг. Раст мæ райгуырæн Беслæны куы вæййын, уæд дæр мæхи афтæ фенкъарын. Сценæ у мæ хæдзар, мæ цард. Артист æнæфæразгæйæ дæр сценæмæ куы рахизы, уæд дзы алцыдæр ферох вæййы, рисгæ дæр дзы ницыуал фæкæны. Мысырбийы фæлгонц мæнæн тынг хæстæг у. Мæхæдæг дæр царды дæн афтæ хъæддых, зын басæттæн. Фæлæ раст куы нæ уон, уæд мæ сывæллон дæр басæтдзæн. Мысырбийы монологты æнкъарæнтæ, йæ зæгъинæгтæ мæхи миддунейы дæр рагæй сты рæбинаг. «Кæддæр цы адæмтæ уыдыстæм! Ныр та?». Зæгъын мæ фæнды, абон дæр кæй ис Хъазаны хуызæн лæппутæ, ирон лæджы миниуджытæй æххæст чи у. Ис нæм Фæтæг. Дарддæр дæр нæм ис хорз фæндтæ.
===============================================

ДАУЫРАТЫ Эдуард, РЦИ-Аланийы адæмон æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист:

— Спектакль у ирон аивады мæсыг аразынæн фидар æрмæг. У арф æнкъарæнтæй нывæзт. Хуымæтæг рольтæ дзы нæй, цыбыр рæстæгмæ дзы чи фæзыны сценæйыл, уыдон дæр сты тыхджын сурæттæ. Геор ацы пьесæ йæ хуыздæр уацмыстыл нæ нымадта, фæлæ дзы режиссер æмæ театры артисттæ, нывгæнæг, композитор бауагътой ног уд. Фыццаджыдæр, сфæлдыстадон къордмæ ис тырнындзинад, уый та æнтыстæн йæ фылдæр хай у.
Сценографи у тынг зæрдæмæдзæугæ. Режиссеры куыстæн скæнæн ис æрмæстдæр иттæг хорз аргъ. Æрмæст бинонтау æнгомæй бакусгæйæ, ис ахæм цыбыр рæстæгмæ театрдзауы зæрдæмæ фæндаг ссарæн. Режиссеры бон бацис хуымæтæг хъуыддæгтæ бæрзонд æмвæзадмæ сисын. Мæнмæ, спектакльмæ бакæсгæйæ, сæвзæрд сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Нымайын æй Ирон театры афæдзы сфæлдыстадон æнтыстыты сæйрагдæрыл.
===============================================

БИТАРТЫ Алыксандр, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист:

— Адæймаджы æрдзон миниуджытæ афтæ сты, æмæ, ролы хъазгæйæ, артист арæх ссары, йæхи удыхъæдимæ абаргæйæ сæм иумæйагæй цы ис, уый. Уымæ гæсгæ Хъазаны миниуджытæй мæнмæ дæр кæцыдæр хай хæццæ кæны. Фæлæ йæ рæдыд фæндагыл цы хъуыддаг бакодта, йæ æрдхорд æфсымæры уарзоны йæхи фæкæнгæйæ, уый раст нæу. Йе ‘нкъарæнты, йæ монцты фæдыл ацæуыны фæстæ йын уыд фадат йæ рæдыд сраст кæнынæн. Æз уый нымайын стыр гадзрахатдзинадыл, æз афтæ нæ бакодтаин — систа йæ ардхæрдыл йæ къух, нæ йын уыд ахæм бар.
Хъазан уæддæр пьесæйы у рæстуд адæймаг. Хъысмæт æй фæлвары, æмæ разынд лæмæгъ уарзондзинады ныхмæ. Уымæй йæ кад мыггаджы мидæг, æхсæнады митау атад, æмæ æгадæй цæрын та ирон лæгæн сæрмæ хæссинаг нæу. Хъазан бахауд цъысымы, тæригъæд дæр у. Æнæрæдыд та чи у? Царды гадзрахатдзинадæй зындæр ницы ис. Пьесæйы сæйрагдæр темæ у хæлардзинад, æрдхорддзинад. Мæнмæ гæсгæ, Хъазан разынд æвзæр æрдхорд, æмæ йæ йæхæдæг дæр бамбæрста, уымæн рауад йæ кæрон ахæм. Фæлæ, дыууæ уды баиу кæнгæйæ, йæ рæдыд сраст кодта йæхи раз. Æрмæст Хуыцауы раз нæ, уымæн æмæ адæймагæн цард ратты Хуыцау, æмæ йын йæхимæ йæ къух сисыны бар нæй. Афтæмæй, фыццаг рæдыд — йе ‘фсымæры уарзоны кæй аскъæфта йæхицæн, дыккаг — йæхи кæй амардта. Актеры курдиат сбæлвырд кæнынæн драмæ у æппæты хуыздæр мадзал. Цы сурæттыл бакуыстон, уыдонæн се ‘ппæты зындæр уыд Хъазаны фæлгонц раргом кæнын.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here