Тарнизы ныхмæ диспансеры арæзтад ахицæн уыдзæн азы кæронмæ

0
308

 

Зындгонд куыд у, афтæмæй Хуссайраг поселочы арæзт цæуы тарнизы ныхмæ республикон диспансеры ног бæстыхай. Ацы ахсджиаг социалон объектыл арæзтадон куыстытæ хъуамæ ахицæн уой ацы азы 1 декабрмæ.

Ахæм нысан Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта республикæйы Хицауады бæрнон кусджытæ æмæ подрядон организациты разамонджыты размæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

Кусæг фембæлды архайдтой республикæйы премьер-министр Тускъаты Таймураз, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, æнæниздзинад хъахъхъæнынады ми- нистр Михаил Ратманов, подрядон организаци — æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Спецтепломонтаж»-ы разамонæг Дзебысаты Майрæм æмæ æндæр ведомствоты минæвæрттæ.

Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй диспансеры ног бæстыхайы арæзтады куыстытæ сты сæ тæмæны. Аразджытæ ныртæккæ кæнынц мидæггаг аивгæнæн куыстытæ, агъуыстмæ баиу кодтой вентиляцийы æмæ æндæр инженерон хæтæлтæ. Афтæ, пъланмæ гæсгæ, архайынц иннæ хъуыддæгтыл дæр.

Битарты Вячеслав бæрнон кусджытæм фæсидт, цæмæй æппæт мадзæлттæ дæр арæзт цæуа аразджыты æнæкъуылымпы куыстæн. «Тарнизы ныхмæ диспансерæн ис стыр социалон ахадындзинад. Уыцы æууæл хынцгæйæ, ацы объект хъуамæ суа Цæгат Ирыстоны нырыккондæр медицинон кусæндæттæй иу», — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Куыд зонæм, афтæмæй тарнизы ныхмæ республикон диспансеры ног бæстыхай арæзт цæуы «2025 азы онг Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты» паддзахадон программæйы фæлгæты.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here