ÆНЦОЙБОНЫ ФАРС

0
4482

== Хæндыг æмæ йæ урсаджы æвæрд

Сæрды-иу ахст цыхтытæ къордгæйттæй лæдæрсæнты, хусгæнæнты бæрæг афонмæ куы алæууыдысты, уæд сæ æвæрдтой хъæдын мигæнæнты, хæндыгысдæтты фæлтæргай фæрсæйфæрстæм æнгом хæрдмæхъилæй. Алы фæлтæры дæр гуымбылты æхсæны зыхъхъырты сагътой садзæнтæ, хъæбæр цыхты кæрдихтæ, цæмæй гуымбылтæ суардзæхдоны уæгъдызмæлд ма кодтаиккой, уый тыххæй. Мигæнæны-хæндыгысдоны цыхтытæ-иу астæуы садзæнтимæ æвæрд фесты, уæд сыл уагътой сылыдзæхдон. Хæндыджы цæхдонæн хуыздæр уыди сойджын сылы.

Айларты Измаилы чиныг «Ирон фарн»-æй

 

== Хæдзары æфсинтæн зонынæн

***

Хъæдур куы фыцай, уæд ыл цæхх кæнын хъæуы, куы рафыца æрмæстдæр уæд: раздæр ыл куы ныккæнай цæхх, уæд йæ хъæдуры гагатæ нал сфæлмæн уыдзысты.

***

Иту крахмалгонд дзаумæттыл нæ ныхæсдзæн, раздæр крахмалыл иу чысыл цæхх куы акæнай, уæд.

***

 Халсартæ æхсын хъæуы æрмæстдæр уазал доны, хъарм сын сафы сæ ад æмæ хæрздæф.

***

Дзидза куы фыцай, уæд ыл цæхх уыцы-иу конд ма ныккæн — уайтагъд рахъардзæн йæ сой, уымæй февзæрдæр вæййы йæ ад, стæй ахадгæдæр нал вæййы.

 

Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай

БЫРНАЦТЫ Барон

«Бирæ…»

Фысым æппæлыд уазæгæн йæ чысыл фырты фыртæй: «Мæ зынаргъ уазæг, ацы лæппу бахъомыл уа, уый мæ нæ уырны. Нырма йыл цы цæуы, æрмæст цыппар азы, афтæмæй цы нæ зоны, ахæм ын нæй. Хъус-ма йæм, хъус: бабайы хур, Хаби, зæгъ-ма мын, адон цал сты? — æмæ йæ дыууæ къухы æнгуылдзы сабимæ бавдыста.

— Бирæ, — дзуапп радта лæппу.

Уый гæды ныхас у

Иу бон сыхæгтæ Дзеуа æмæ Датуа, семæ чысыл Хаби дæр, афтæмæй бафтыдысты Тибы суармæ. Хорз дзы куы фæнуæзтой, уæд сæ иу иннæмæн дзуры:

— Тынг пайда йæ хонынц ацы суар, уæлдайдæр та — уыргтæн. Суанг ма сын сæ дуртæ дæр батайын кæны.

— Уый гæды ныхас у, — йæ дзырд сæм баппæрста Хаби, — уый афтæ куы уаид, уæд дæлæ йæ быны цы дуртæ ис, фыццагдæр уыдон батадаиккой.

Ахæмæн ахæм вæййы

Дзæуджыхъæуы Дзеуа йæ фырты бахуыдта сырддонмæ.

— Уæртæ йын уый та циу? — афарста лæппуйы йæ фарсмæ лæууæг иу йе ‘мгар гыццыл чызг, пылы хæтæлфындзмæ амонгæйæ.

Хаби йæхæдæг дæр фыццаг хатт федта пыл æмæ йæ цанæбæрæг зыдта, фæлæ йын уæддæр уыцы хъуыддагзонынхуызæй, загъта:

— Ахæмæн ахæм вæййы… Кæсгæ — фылдæр, фæрсгæ — къаддæр.

 Афтеччы йæ балхæдтаид

— Сæумæраджы кæдæм цæуыс?

— Цæвæгимæ куывдмæ нæ фæцæуынц, хос кæрдынмæ, æндæр кæдæм? — дзуапп радта Датъуа йæ сыхаг Дзеуайы фарстæн.

— Баба, — дзуры Дзеуамæ йæ чысыл фырт, Датъуайы ныхас айхъусгæйæ, — æмæ хос кæрдын цæмæн хъæуы? Афтеччы йæ цæуылнæ æлхæны?

 

== Нанайы уырнæнтæ

***

Каркæн йæ рæвдуан йæ бынæй куы сисай, уæд дзæгъæл æйчытæ æфтауы.

***

Ног хæдзармæ галиу къахæй бахизын не ‘мбæлы. Рахиз рахизæрдæм хъуыддæгтæгæнæг у.

***

Æхсæвыгон æхца æфстау ничи дæтты, стæй æфстау фидын дæр не ‘мбæлы.

***

Стъалытæ, дам, куы нымайай, уæд дыл бызычъитæ разайдзæн.

***

Сыгъд кæрдзын куы бахæрай, уæд, дам, æхца ссардзынæ.

***

Рæзгæ сабийы сæрты хизын, йæ сæрты исты дæттын не ‘мбæлы, йæ рæзынджытæ, дам, ын айсдзынæ, æмæ нал сырæздзæн.

 

 

(МАЛИТЫ Хасан)

Дыууæ цырты

(радзырд)

Фæззæг йæ тæмæны бацыд. Хъæд хъулонмулон дары, ранæй-рæтты фæсаубын — уый сусхъæдтæ иннæтæй нæрæмондæр разындысты: æппæты разæй сæхи абæгънæг кодтой æмæ æнхъæлмæ кæсынц зымæджы æрцыдмæ. Ракæсыны рагъæй иу мигъы бындзыг нал æмæ нал цæуы, уæгъд æй нал уадзы. Ныфсы хос у Ракæсæны рагъ мигъы бындзыгæн, ардыгæй йæ кæд Галæгон нæ фæхæссид…

Афтид сты хуымтæ, уыгæрдæнтæ. Æрмæст ма дзы мæкъуылтæ сагъæсхуызæй лæууынц. Комы бын дон фæрæсуг, фæсау. Ныккæс æм, уæд дзы фендзынæ, саурагъ балертæ дзы арвæрттывдау куыд цъыллинджытæ кæнынц, уый.

Солæман къахвæндагыл цасдæр ссæуы хæрды æмæ та æрлæууы. Æдзынæг ныккæсы фæхстæм, хъæдбынтæм, донмæ. Йæ зæрдыл йæ сабийы бонтæ æрлæууынц. Цас фæразгъор-базгъор кодта ам, хъæлæрдзы, мæцкъуыдзуаны, кæсагахсынмæ!..

Нæ аивта ком йæ хуыз. Афтæмæй лæууы. Ногæй дзы цы ис, уый — сосæ фæндаг. Хæсты размæ дзы галвæндаг йеддæмæ ницы уыд.

Цæуы дарддæр Солæман. Уæрæх сосæ фæндагыл нæ. Фæсвæд къахвæндагыл. Йæ уæлæ аслам хъуымацæй костюм, йæ къæхтыл рыгæйдзаг батинкæтæ. Сæр фæхалас, ных æнцъылдтыты бын фæцис. Йæ фæтæн уæхсчытæ зына-нæзына фæгуыбыр сты. Йæ астæу фæтæн мæскуы ронæй — æнгом æлвæст. Йæ фæсонтыл — хордзен. Йæ къухы ставд фæрв лæдзæг — кæйдæр кауæй йæ сласта.

Мæнæ йæ размæ фæцис къардиу. Куыннæ йæ хъуыды кæны! Йе ‘фсымæр Сосланимæ æхсæрдзуаны куы уыдысты, уæд дзы аирвæзт. Сослан ма йæ даргъ лæдзæгæй тыххæйты сласта. Рухсаг уæд Сослан. Хæсты бацарæфтыд. Йæ фыццаг бонты. Йæхи цæстыты раз Солæманæн…

Сæ мад Фырдæ сæ иу бон афæндараст кодта. Бæргæ сын бафæдзæхста, уæхи хъахъхъæнут, зæгъгæ. Ныфсытæ йын æвæрдтой. Ныццыдысты се ‘дзард фыды ингæнмæ, хæрзбон ын загътой…

Сосланимæ сæ нæ фæхицæн кодтой. Мæйы фæстæ фыццаг хæсты знаджы нæмыг бацыд Сосланы риуы. Амард Солæманы хъæбысы. Солæман ард бахордта, йе ‘фсымæры туг кæй райсдзæн — дывæрæй, æртывæрæй.

Фæлæ йын нæ райста йæ туг…

Немыц бырстой. Солæманы къорд æрцахста рындз. «Ауылты хъуамæ иу фашист дæр ма ахиза!» — уыд командиры бардзырд. Солæман пулеметы мæнгвæдæг æрбалхъивынæввонгæй лæууы. Дæлæ сбырсынц танктæ, сæ фæстæ фистæг æфсад. Солæман ныффæлурс, стыхст. Ракæс-бакæс кæны йæ алывæрстæм. Ныхъхъус сты йе ‘мбæлттæ дæр. Танкты гуыр-гуырæй бæстæ ризы. Мæнæ схæццæ сæ иу. Чидæр сæ фæрæвдз, гранатты баст ыл бахста. Фæцыд æмыр гуыпп, æмæ танк пиллон арты бын фæцис.

Фæздæджы аууонæй разындысты дыууæ танчы. Сæ бынмæ та тахтысты цалдæр гранатты басты. Иу танк ссыгъд, иннæ комкоммæ сбырсы Солæманырдæм. Ныртæккæ йæ йæ цæлхыты бын æрæфсæрдзæн. Ныцъцъист æй кæндзæн. Цы акæна? Солæманы зыр-зыр ссыд. Уалынмæ иннæ танк дæр йæ ных уымæ сарæзта. Солæман фæгæпп ласта æмæ ныййарц хъæдырдæм. Йæ цурты нæмгуытæ цъыззытт-цъыззытт кодтой. Солæман уæддæр лыгъд, баирвæзт хъæдмæ…

Уæдæй фæстæмæ Солæман фæрамбæхс-бамбæхс кодта хъæдты, лæгæтты, цалынмæ хæст фæцис, уæдмæ. Стæй йæхи айста стыр арæзтæдтæм. Аныгъуылд адæмы æхсæн ног ном, ног мыггагимæ.

Фынддæс азы рацыд. Чи ма хъуыды кæндзæн уæды хабæрттæ? Солæманы зæрдыл кæддæриддæр лæууыдысты йæ райгуырæн хъæу, йæ мад… цы баисты, куыд баисты… Дæлæ фæкæнай, уæлæ фæкæнай, уæддæр лæджы йæ райгуырæн къона йæхимæ рæхысæй æлвасы. Фæлæ ма йæм куыд цæуа Солæман?

Кæддæры хъуыдытæ та сног сты йæ сæры. Æрбадт хъæдбыны уазал дурыл æмæ йæхимæ ныхъхъуыста. Цы кæна ныр? Мæнæ йæ райгуырæн бæстæ. Уæлæ гыццыл уæлдæр къаннæг хъæуы цæры йæ мад… Фæлæ йын уырдæм фæндаг нал ис.

Солæман сыстад æмæ уæззау къахдзæфтæй араст дарддæр. Къахвæндаг ахызт уыгæрдæныл æмæ схæццæ уæрæх фæндагмæ. Ам фæсаджил. Иуыл дзы бафтдзынæ æфцæгрæбынмæ, иннæуыл — сæ хъæумæ…

Фæндаджы уæлбылæй сзынд къорд цырты. Хохаг къæйдуртæй конд. Хæсты размæ ам ахæмæй ницы уыд. Ссæуын сæм хъæуы. Цал, цымæ, бацарæфтыд сæ гыццыл хъæуæй!.. Цыртытæ — рæнхъ æвæрд. Дыууæ дзы иннæтæй кæрæдзимæ хæстæгдæр. Фаззæтты хуызæн. Сæ цуры даргъ бандон. Цыртытыл фыст…

Йæ цæстытæ атартæ сты Солæманæн. Йæ зæнгтæ йæ быны фæтасыдысты, æрбадт бандоныл. Афæлурс. Йæ къухтæй йæ цæсгом ахгæдта æмæ скуыдта.

Фыццаг цыртыл фыст уыдис: «Бастиаты Сослан Тæтæрийы фырт. Хъæбатырæй фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Рухсаг у». Иннæ цыртыл: «Бастиаты Солæман Тæтæрийы фырт. Хъæбатырæй фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Рухсаг у».

Солæман та нымдзаст йæ цыртмæ. Хъæбатырæй фæмард… рухсаг у. Цыртытæ сын сæвæрдта сæ мад… Хъæбатырæй фæмард йæ мадæн, йæ адæмæн. Хисты фæзæгъынц, хæсты чи фесæфт, уыдоны рухсаджы тыххæй. Нæ сæ ферох вæййы уый дæр.

Солæман йæ армытъæпæн æрхаста сау къæйдурыл. Цыдæр уазал судзин ын фæрæхуыста йæ зæрдæ. Стæй йыл уазал æнæхъæн комы арфæй рафу кодта. Йæ сæр разылд, æмæ та ногæй æрбадт бандоныл.

Солæманы хъус ацахста кæйдæр æхситтæй зард. Йæ бадæнæй фæгæпп кодта æмæ акаст уæлæрдæм. Иу фарастаздзыд дæппу, даргъ уис йæ къухы, афтæмæй карст уыгæрдæнмæ йæ разæй тардта гогызты дзуг. Æнæзонгæ лæджы ауынгæйæ, æрлæууыд æмæ йæм цымыдисæй ныккаст. Солæман æм йæ къух фæтылдта, ардæм ма рауай, зæгъгæ. Лæппу æрбацыд йæ размæ.

— Кæй лæппу дæ, кæ? — рæвдаугæ йæ бафарста Солæман.

— Бадзиты Бечмырзæйы…

Солæманы зæрдыл æрбалæууыд Бечмырзæ, сæ сыхаг, саулагъз, пыхцылсæр лæппу. Цæййас фырт ын ис! Йæ фыды цæрмыстыгъд бакодта.

— Æмæ кæм ис Бечмырзæ?

— Фыййау у. Хохы ис, мидхохы.

— Уæ хъæуы мын зонгæтæ уыд. Бастиаты лæппутæ. Мæнæ уынын — хæсты фæмард сты, — цыртытæм ацамыдта. — Сæ мад Фырдæ хуынд.

— А-а. Бабуйæ зæгъыс? — лæппу фенкъард. — Амард бабу дæр, фарон… Солæманы улæфт ахгæдта. Йæ зæнгтæ фæдон сты, йæ цæссыг ма тыххæйты уромы. Тыххæйты сфæрæзта:

— Дæ цæрæнбон бирæ, лæппу. Цу, дæ гогызтæ ныппырх уыдзысты.

Цæуы Солæман. Цæуы, фæстæмæ нæ кæсы. Мæнæ дон. Фаллаг фарс — бæрзонд къæйдур къæдзæх. Дардæй йæм сау стъæлфæй разынд тъунел. Раджы йæ кæддæр исты хæзна ссарын æнхъæл бакъахтæуыд. Лæппуйæ йæм цалдæр хатты бабырыд Солæман.

Доны сæрты дуртыл багæпп кодта. Схызт тъунелмæ. Фæцæуы мидæмæ. Систа дзыппыдаргæ фанар. Дары йæ сау къултæм. Ам кæмдæр тулдз цæджындзтæ уыд. Цары уæз уыдоныл æнцад. Мæнæ сæ иу. Фалдæр — иннæ. Йæ къæхты бын фæцис ставд хъæды лыггаг. Систа йæ æмæ йæ фæхæссы. Бацыд æппæты рæбынмæ. Фанар зæххыл æрæвæрдта. Йæ хордзен йæ рагъæй æриста æмæ йæ иуварс баппæрста. Хъæды лыггаг къæдзæхæй цæджындзы æхсæн батъыста. Загъта: «Рухсаг у, Солæман». Стæй йæ тых, йæ бонæй рахæцыд цæджындзыл. Фæцыд къæдзæхдурты гыбар-гыбур, фæлæ арф тъунелæй æддæмæ ницыуал райхъуыст… 1981 аз

 

 

== Адæм цыргъзонд куыд не сты

Адæймаджы базонынæн хуыздæр амал — фæндаг.

***

Бæндæн куыд æххæссы, афтæ де ‘ргъом бæтт.

***

Галтæн сæрбос куы нæ уа, уæд фæйнæрдæм хæцынц.

***

Дæхицæн цы барæнæй барай, искæмæн дæр уымæй бар.

***

Искæй æхсæвæрмæ чи фенхъæлмæ кæсы, уый æххормагæй баззайы.

***

Кæрдзындæттон лæджы фæндаггаг нæ хъæуы.

***

Лæг цал æвзаджы зона, уал лæджы у.

***

Магуса æмæ æввонгхорæн йæ фæстаг хуыснæгдзинадмæ æрцæуы.

***

Нозтджын шофырæн йæ машинæ цæугæ чырын у.

***

Рæстдзинад иу у, фæндæгтæ та йæм бирæ ис.

 

А лæджы гороскоп (16-22 июльмæ

Фыс (Овен) — ног къуыри дæм æнхъæлмæ кæсы бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ. Раздæр дæ бон бакæнын цы хъуыддæгтæ нæ уыд, уыдон ацы хатт бакæндзынæ уæлдай æхсызгонæй. Æрмæст дæ хъарутыл хæдзардзинæй ауæрд, уæд дæ архайд дæхицæн æмæ дæ алыварс адæмæн æрхæсдзæнис стыр æхсызгондзинад . Кæд раздæр дæ къухы не ‘фтыд, уæвгæ та дæ фæндыд, уæд ныртæккæ дæ бон у дæ хæдзары цалцæггæнæн куыстытæ райдайын. Къуырийы кæрон дæ къухы бафтдзæн дард балцы ацæуын. Фæлладуадзæн бонты та ацу æрдзы хъæбысмæ æмæ дзы дæ зæрдæйы дзæбæхæн баулæф.

Гал, уæныг (Телец) — уынаффæтæ кæнынмæ ма тагъд кæн. Хъус дæ мидхъæлæсмæ æмæ дын уый куыд «амоны», афтæ архай . Гæнæн ис, æмæ дæм æрхауа, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастæ, ахæм хорз æмæ æфтиагджын куыст. Фæлæ дæ рох ма уæд, бирæ æхца исыныл тыхæй атох кæнын кæй хъæуы, уый. Бинонты царды та дæ мойы кæнæ цардæмбалы уынаффæмæ лæмбынæг хъус æмæ афтæмæй иу фæндæй уæ цард аразут. Фæлладуадзæн бонты ацæут æрдзы хъæбысмæ, фылдæр кæмæн аргъ кæнут, уыцы адæмимæ.

Фаззæттæ (Близнецы) — ног къуыри æнхъæлмæ кæс æхсызгон æмæ æнæнхъæлæджы цаутæм. Гæнæн ис, æмæ уæлдай сахæттæ дæ куысты хæстæ æххæст кæныныл архайай. Фæлæ ма тыхс, Уый хорзæй фæзындзæн дæ дзыппы бæркадыл дæр. Уый та дын дæ царды дæ финансон уавæр цы фæхуыздæр кæна, æндæр дын зиан не ‘рхæсдзæн Æнæмæнгæй базонгæ уыдзынæ, фидæны дæ цард кæимæ сбæтдзынæ, ахæм адæймагимæ. Æрмæст дæ амондыл дæхæдæг дæ къух ма ауигъ. Фæсмонгонд фæуыдзынæ, талф-тулф митæй дæхи бахизын базон. Фæлладуадзæн бонты баулæф дæ зæрдæйæн зынаргъ адæмимæ.

Мыдзбыр (Рак) — ног къуыри æхцаимæ баст фарстатæ алыг кæныныл бацархай. Базон, дæ ног куысты хæстæн дын фаг фиддзысты æви нæ, уый, цæмæй дæм фæстæдæр фæсмон мацæмæй æрцæуа . Кæд фæлладуадзынмæ цæуыс, уæд рагацау донæн, рухсæн æмæ газæн дæ хъалонтæ бафид æмæ æнæмæтæй улæфай. Фæлæ нырма сæрды фæлладуадзын йæ зæрды кæмæн нæй, уыдон та сæ куысты уæлхъус сæхи тынг ма тыхсын кæнæнт.

Домбай (Лев) — ног къуыри дæ де ‘ргом тынгдæр аздахын бахъæудзæн дæ бинонтæм. Кæд дын бинонтæ нæма ис, уæд бацархай æмæ а сæрд бинойнаг æрхæсс. Афтæ куы бакæнай, уæд дæ цард финансон æгъдауæй æмæ монон хуызы зынгæ фæхуыздæр уыдзæн. Æмæ дæм дæ фидæн æбæрæгæй нал зындзæн, фæлæ райсдзæни ног, ирддæр хуыз. Фидæныл та ноджы тынгдæр баууæнддзынæ. Кæд дард балцы цæуын сфæнд кодтай, уæд дæ фæнд аргъæв фæстæдæрмæ.

Чызг (Дева) — зон æй, ног къуыри дæ куысты хæстæ раздæрау æнæзивæгæй нал æххæст кæндзынæ. Фæлæ дæ зæрдæ ахæм уавæры кæй бахауд, уый дæ ма тæрсын кæнæд. Зон, цард цæуы æмæ фарн хæссы. Кæд де уæнгты лæмæгъдзинад банкъардтай, уæд дæ, æвæццæгæн хъæуы дæ фæллад суадзын. Æмæ уыцы хъуыддаг та фæстæдæрмæ ма æр- гъæв. Фæлæ бавдæл æмæ дæ зæрдæйæн уæлдай адджындæр чи у, кæуыл æууæн- дыс, уыцы адæймæгтимæ, хæлæрттимæ, æмбæлттимæ дæ фæллад æрдзы хъæбысы суадз. Тæрæзтæ (Весы) — финансон уагæй дæ гæнæнтæ фæхуыздæр уыдзысты. Кæд царды дæ амонд нæма ссардтай, уæд уый ног къуыри дæ къухы бафтдзæн. Дæ уæгъд рæстæг фылдæр æрвит æрдзы хъæбысы.

Къæдздым (Скорпион) — ды алкæддæр æмæ алкæимæ иумæйаг æвзаг ссардзынæ. Дæ хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон. Удыхъæды ахæм миниуæг та ныртæккæйы зын дуджы уæлдай тынгдæр хъæуы. Зæрдиагæй дæ фæнды дæ хæлæртты æмæ зонгæты нымæц фæфылдæр кæнын. Ма тыхс, ссардзынæ сæ. Уыцы хабар куы æрцæуа, ног æмбæлттæ куы ссарай, уæд дæм цард ноджы тынгдæр йæ мидбылты бахуддзæн. Æрмæст æм кæс дзаг цæстæй. Кæд кусыс, уæд а сæрд дæ куыстуаты разамон- джытæ дын дæ зæрдæ балхæндзысты, дæ мызды бæрц дын фæфылдæр кæнынæй.

Фатæхсæг (Стрелец) — гæ- нæн ис æмæ дæм фæзына æнæнхъæлæджы фæндтæ æмæ уынаффæтæ. Уыдон та æнæмæнгæй баст уыдзысты дæ куысты хæстæ æххæст кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнынимæ. Уымæ гæсгæ дæ, зæгъæм, куыстадон балцы ацæуын куы бахъæуа, уæд ма фæзивæг кæн. Ацу. Цæмæй дæ хицауады æмæ æмкусджыты цæсты дæхи ма бафтауай. Дæ дæсныйады дæ дæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнын кæй бахъæудзæн, уымæй дæр ма фæтæрс. Зон, зонындзинæдтæ кæмæ ис, кусын дæр уымæн æнтысы.

Сæгъысыкъаджын (Козерог) — ног къуыри гæнæн ис æмæ фембæ- лай, рагæй кæй уындмæ бæллыдтæ, ахæм хæстæг адæймагыл. Уый хыгъд дæ рох нæу де ‘нæниздзинад. Спортмæ æмæ иумæйагæй æнæниз цардыуагмæ де ‘ргом кæй аздæхтай, уымæй дæр раст кæныс. Уыцы хабар дын пайда йеддæмæ зиан кæй не ‘рхæсдзæн, уый зон æмæ архай де уæнгтæ æмæ буар фидар кæныныл. Хæстæгдæр рæстæг дæ гæнæн ис æмæ сивой ног уæлдæр куысты бынатмæ. Уый хыгъд зон — адæмы цæст иухуызон нæу. Хæлæггæнджытæ дæр дæм уыдзæн. Фæлæ сæ мацæмæ дар.

Донкалæг (Водолей) — ног къуыри дæхи бахиз æнæхъуаджы мæстытæй. Ахъуыды кæн де ‘нæниздзинадыл фыццаджыдæр. Зон, царды цæхæрадоны канд уардитæ нæ зайы, фæлæ сындзкъутæртæ дæр. Уыдон та сты, адæймаг сæ æнхъæл кæм нæ вæййы, уыцы рæтты. Дæхи сæ куы хъахъхъæнай æмæ царды асинтыл цадæггай куы цæуай, уæд дын хъысмæт балæвар кæндзæн бирæ æхсызгон уысмтæ, сахæттæ æмæ бонтæ.

Кæсаг. Кæф (Рыбы) — кæд дæ фатер цæрынæн къуындæг у, уæд æй стырдæрæй баивынæн ныртæккæйæ хуыздæр рæстæг нæй. Уыимæ ма балхæндзынæ ног машинæ дæр. Кæд дæ уымæн хæсæй æхца исын бахъæуа, уæддæр æдыхст у. Райсдзынæ æфстау, дæхи дæр дын хорз чи зоны æмæ дæхæдæг дæр кæуыл æууæндыс, ахæм адæймагæй. Æмæ дæуæн дæ тыхст сараздзæн зæрдæйы фæндиаг нывыл.

Фарс бацæттæ кодтой ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат æмæ ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here