Хъулаты Земфирæйы зæрдæмæ — фæндаг

0
1562

 

Уыцы бæркадджын фæззæджы бонтæй иуы, Алагиры, Октябры уынджы азмæлæнтæ дæр нал уыд. Гатеты кæрты хъазт стынг æмæ дзы фæсивæд æрц-тохæй ерысы бацыдысты. Уый Гаврил æмæ Лизæ сæ иунæг фырт Георгийæн (Жорайæн) чындз хастой æмæ сæ циныл цин кодтой хъæубæстæ æмæ хиуæттæ. Чындз йе ‘фсин æмæ сыхы зæронд устытæн мыды къус байуæрста, йæ хыз ын систой æмæ йæ уындæй бæстыл хур атылд! Адæм æм цымыдисхуызæй къуыммæ иугай цыдысты, цинхуызæй сусу-бусутæ кодтой. Изæрæрдæм, сыхы зæронд устытæй иу, Цæгæраты Сафиатæн йæ хъæбысы чындзы лæваргонд куатæ, уидыг, тыхтоны — гуыдыны хай, афтæмæй сæ хæдзармæ æрцыд æмæ бæллицагхуызæй йæ æнкъарæнтæ нæ уромгæйæ, йæ бинонтæн æрæджиау сфæрæзта: «Мæйтæ æмæ дзы хуртæ кæсынц!».

Гатеты фæрныг хæдзары къуымы лæууыд Хъулаты Давид æмæ Полинæйы иунæг чызг Земфирæ! Æмæ чи нæ тæхудытæ кодта уыцы рæстæг Земфирæмæ телевизормæ кæсгæйæ. Хистæртæ дзырдтой, дæ хæдзары къæсæрæй ахæм чындз бахизæд, зæгъгæ, кæстæртæ бæллыдысты, уый хуызæн, диктортæ суæвынмæ. Йæ бирæмырон зæлланггæнаг хъæлæсы азæлд, йæ уæздандзинад, йæ æрдзон рæсугъд удыхъæд æмæ æддаг бакастæй адæммæ каст аргъæуттæй рахизæг чызгау.

РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ, ПТРК «Алани»-йы диктор, программæ «Зæрдæмæ фæндаджы» автор æмæ амонæг ХЪУЛАТЫ Земфирæ æрæджы кадджын уавæры сбæрæг кодта йæ юбилей. Сæ арфæтæ æмæ йæ сæ зæрдæйы хъарм ахастæй сбуц кодтой республикæйы разамынд, йе ‘мкусджытæ, 50 азы æвæллайгæйæ кæмæн лæггад кæны, уыцы телевизормæкæсджытæ, йæ бирæ хæлæрттæ æмæ хæстæджытæ. Загътой Земфирæйæн бирæ аргъгæнæн зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ, фæлæ, цыма, йæхимæ та цы зæгъинæгтæ ис?

 

— Земфирæ, адæймаджы кад бæрзонд хæссын тынг зын у. Ды бирæ кæстæртæн дæ дæнцæг куыд уæздан адæймаг, профессионалон диктор, рæсугъд æмæ æгъдауджын бинонты хистæр. Цы бавæрдта уымæн бындур?

 

— Бузныг. Алцыдæр сабидугæй райдайы. Ам сæйраг бынат ахсы бинонты ‘хсæн хъомылад. Хистæртæн лæггад бакæнын мæнæн мæ гыццылæй абонмæ дæр у удыхосау. Уый рахастон мæ хæдзары хистæртæй. Кæд мæ мад æмæ мæ фыдæн иунæг хъæбул уыдтæн, уæддæр нæ зыдтон хъулондзинад. Зæрдæйыл æрбалæууынц дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамилы куырыхон фæдзæхстытæй иу, хистæртæн æгъдау дæттын æмæ лæггад кæнын æхсæнады ирдæй æвдисын хъæуы, цæмæй, дам, уæм фæрсæрдыгæй чи кæсы, уыцы адæм уыной æмæ æнкъарой уæ ахастдзинад хистæрмæ, æвдисæн уой фæлтæрты ‘хсæн бастдзинæдтæн æмæ уын кæной аргъ. Адæймаг йæхи адæмы ‘хсæн куыд фæдары, уымæ гæсгæ аргъ фæкæнынц, цы бинонтæй рацыд, уыдонæн. Плиты Грисыл-иу цал хатты амбæлдтæн фæскуыст хæдзармæ цæугæйæ, уал хатты мæ бон йæ рæзты æнæ салам ратгæйæ ацæуын нæ уыд, кæд æмæ-иу мæ Грис иу хаттæй иннæ хатмæ нæ базыдта, уæддæр. Мæ хæлæрттæ-иу мын уайдзæфы хуызы загътой, куы нæ дæ базоны, уæд æм комкоммæ цы бацæуыс, йæ рæзты-иу ацу, зæгъгæ. Ныр мæхæдæг кæдæмфæнды куы бацæуын, уæд мын нæ кæстæртæ куы сыстынц, уæд се ‘гъдаудзинадæй мæ зæрдæ ныррухс вæййы. Æгъдауджын кæстæртæй хуыздæр æмæ рæсугъддæр ницы ис. Хъуамæ алы хистæр дæр йæ хъарутæ сараза уымæ, йæ кæстæрты сомбонмæ йæ зæрдæ куыд не ‘хсайа.

Æнаив мæм кæсы, æхсынæнтимæ куы рацæуынц уынгмæ, уый, зианджынтæн цыбыр рæстæджы фæстæ сæ хъыг куы æрбайрох вæййы æмæ хъазтизæры куы балæууынц, бирæ ирон чызджытæн сæ фадыварц ирон чызджы аккаг кæй нæу. Табу Хуыцауæн, кæцыдæртæ мæ мæ цæстæнгасæй бамбарынц, фефсæрмы вæййынц æмæ хатыр дæр ракурынц. Кæддæр нæм уазджытæ æрбацыд æмæ мæ мадæн афтæ зæгъынц: — Зифæйы, цыма, проспекты ауыдтам.

— Цы куыста? — афарста йæ мæ мад.

— Пирожок хордта.

— Нæ, уæдæ уый Зифæ нæ уыд, — загъта æнæдызæрдыгæй мæ мад.

Чи зоны, æз царды хорздзинадæй æппындæр ницы скодтон, фæлæ мæ мад æмæ мæ фыды цæсгомыл хъуыды кæнгæйæ, æгаддзинад мæ сæрмæ кæй никуы æрхастон, сæ ном сын кæй нæ фæчъизи кодтон, ирон сылгоймаджы ном бæрзонд хæссыныл кæй архайдтон, уымæй дæн сæрыстыр.

 

— Адæм дæ фыд Давиды (Доччи) хæрзæгъдаудзинад хастой дæнцæгæн. Бирæ азты фæкуыста республикæйы типографийы. Дæ мад Гæззаты Полинæ уыд рæстуд адæймаг, бæркадкъух æфсин, хъазуатон фыдæбонгæнæг. Куыста зоотехникæй Ногиры, Æрхонкæйы прокуроры æххуысгæнæгæй. Цы ныстуантæ дын кодтой царды?

 

— Мæ мады сæйраг нысан уыд куыстуарзонæй мæ схъомыл кæнын. Арæх дзырдта, зæхх — уæлгоммæ, кус æмæ дын алцыдæр уыдзæнис. Йæхи цардвæндаджы æмæ хъысмæты дæнцæг мæнæн æнæхъæн царды скъола у абон дæр. Иу ран бадын та æппын нæ зыдта. Мæ фыд уыд, йæ сæрмæ æнæгъдаудзинад чи никæд æрхастаид, ахæм уæздан, хиуылхæцгæ лæг. Йæ фæдзæхстытæ: “хъусыс чызг, ды ирон чызг дæ, æмæ дæ тигътыл лæугæ, хъæрæй худгæ æмæ æнæгъдау митæ кæнгæ куыд никуы фенон”, — цæрæнбонты хастон мæ риуы арфы. Сæхи дæнцæгæй равдыстой царды æппæт хорздзинæдтæ дæр бинонты, хиуæтты æнгом ахастдзинæдтыл кæй æнцой кæнынц.

— Земфирæ, ды дæ мад æмæ дæ фыдæн иунæг чызг уыдтæ, фæлæ хъæздыг дæ хотæ æмæ æфсымæртæй.

 

— Мæ фыд æмæ йе ‘фсымæр Хадзымурат Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ куы ацыдысты, уæд сæ мад Хуыцаумæ куывта, мæ фырттæй мын иунæджы йæ хæдзармæ сæрæгасæй уæддæр ссæуын кæн æмæ æз, мæ цард уымæн нывонд кæнгæйæ, дыккаг бон мæлæтыл разы дæн, зæгъгæ. Мæ фыд хæстæй куы ссыд, уæд ма нана иу мæй фæцард æмæ амард. Хадзымурат æбæрæгæй фесæфт, цы авд сидзæры йын баззад, уыдон хъомыл кодта мæ фыд. Цардыстæм тынг æнгом. Нæ хæдзар хиуæттæн уыд уарзон бынат æмæ-иу иууылдæр куы æрæмбырд стæм, уæд-иу мын мæ мад стъолы бын бауат кодта, стъолы уæлæ хуыссын не ‘мбæлы, уым нæ кувинæгтæ фæкувæм, зæгъгæ. Хорздзинад адæймагмæ фæстæмæ здæхы. Мæ мад куы æррынчын, уæд мыдадзын цырæгътау йæ уæлхъус æрбалæууыдысты хиуæттæ иууылдæр. Мæ хотимæ сын ахæм ахастдзинæдтæ уыд, афтæ йыл æууæндыдысты æмæ сæ сусæг ныхæстæ дæр уымæн кодтой. Уæдæ-иу нæм мæ фыды фондз хойы куы æрцыдысты, уæд-иу, цъиутæ сæ хъарм ахстоны цъыбар-цъыбур кæнгæ куыд æрбамбырд вæййынц, афтæ-иу сыл ныхæстæ кæнгæ сбон.

Мæ фыд хæстæй куы ссыд, уæд йæ хотыл иугай зылд. Æхсæв куы бафынæй, уæд йæ хотæй иу Селхат йæ хуыссæны уæлхъус сбадт æмæ йæм райсоммæты фæтæгены цырагъмæ æдзынæг каст, йæ рустыл цины цæссыгтæ дæлæмæ уадысты, афтæмæй. Йæ уындæй йын не ‘фсæст. Уыдонæн диссаджы ахастдзинæдтæ уыд. Никуы ферох кæндзынæн сæ фæлмæн узæлд. Сæ хуынты карзинкæтимæ нæм-иу уазæгуаты куы æрцыдысты, уæд-иу дзы мæ номыл алкæддæр уыд гуыл. Уыцы гуылы цин æмæ ад абон дæр мемæ ис. Мæнæн абон дæр табуйаг сты хо æмæ æфсымæры ‘хсæн ахастдзинæдтæ. Мæхи кæстæртæ Дзерассæ æмæ Сосланæн дæр сæ сабибонтæй фæстæмæ афтæ фæдзæхсын, кæрæдзийæн аргъ кæнут, æз куы нал уон, уæддæр мын мæ ныхæстæ уæ зæрдыл дарут. Гыццылтæ ма уыдысты, афтæмæй иу бон æвдисæн уыдтæн, цы печенитæ сын æрбахастон, уыдон сын хæрд куы фесты, уæд дзæкъулы цы муртæ аззад, уыдон стъолыл дыууæ рæстæмбис дихы куыд кодтой, уымæн.

— Телеуынынады дикторæй кусын дæ бæллиц уыд?

— Раст зæгъгæйæ, фыццаг мæ бæллиц уыд аивадиртасæг суæвын, уарзтон аивад, культурæ, кастæн бирæ чингуытæ, фæлæ мæм кæддæр сабийæ нæ сыхæгты зæронд ус лæмбынæг фæкаст æмæ афтæ зæгъы, Земфирæ, куы сдынджыр уай, уæд радиойы дикторæй куы кусис, уæд уый цы хорз уаид. Уыцы рæстæг æз, диктор цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтон æмæ мын æй уый бацамыдта. Æвæццæгæн, ныхасы дæр фарн ис. Фæстæдæр мæ бафæндыд режиссеры æххуысгæнæг суæвын æмæ уыцы хъуыдыимæ ссæдзаздзыдæй æрбацыдтæн телеуынынадмæ. Фæлæ сæм бынат нæ уыд. Куы мæм æркастысты, уæд Æгъуызарты Æхсарбег загъта:

— Ис нæм æрмæстдæр дикторы бынат.

— Нæ, мæн режиссеры æххуысгæнæгæй фæнды кусын, — мæ хъуыды нæ ивтон уæддæр.

— Земфирæ, дикторы куыст режиссеры æххуысгæнæджы куыстæй иу сæр бæрзонддæр у, — загъта та мын Æхсарбег.

Ацы ныхæстæ мæ царды систы нысанхæссæг.

Уыцы рæстæг телеуынынадмæ кусынмæ чи æрбацыд, уыдонæн уыд тынг хорз ахуыргæнджытæ, кусгæйæ дзы баййæфтам: Æгъуызарты Æхсарбег, Томайты Адæ, Мæхъиты Иринæ, Мамсыраты Тасолтан æмæ иннæты. Уыдон махæн æххуыс кодтой фыццаг къахдзæфтæ кæнынмæ. Уыдоны руаджы æгæрон уарзтæй бауарзтам нæ куыст æмæ сæ уайдзæфтæ, сæ ахуыртæ нымадтам нæхицæн стыр амондыл, æххæст сæ кæнгæйæ базыдтам телеуынынады æцæг ад. Уый уыд уыцы рæстæг, алчидæр нæ, йæ рæдыдтытыл къах скъуыргæйæ, æрхæндæг нæ, фæлæ размæ куы цыд. Уæд нæдæр теори уыд уыйбæрц, чи уыд, уый та махмæ æрæгмæ хæццæ кодта. Кæрæдзи фарсмæ куы нæ балæууыдаиккам, уæд абон æнтыстытыл зын дзурæн уыдаид.

Нæ зындгонд диктор Мамсыраты Тасолтан уыд тынг домаг ахуыргæнæг. Йæ ныхæстæ абон дæр лæууынц мæ зæрдыл. Загъта мын: «Ды дæ ирон чызг, æмæ, цы æгъдауимæ æрбацыдтæ, уый хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнай, иннæтæм ма кæс». Эфиры рæстæг-иу мæ акомкоммæ камерæйы фæстæ слæууыд, æмæ-иу мын загъта: “Ма тæрс камерæйæ, раст цыма мемæ ныхас кæныс, афтæ дзур дæ текст”. Тасолтан бæрзонд нæлгоймаг у æмæ-иу мæ цæстæнгас камерæйæ фæуæлдæр. Уæд-иу Тасолтан бынмæ æрбадт æмæ-иу афтæмæй дарддæр кодтам нæ куыст, рахызтыстæм-иу эфирмæ, Ирыстоны хабæрттæ Тасолтанæн дзургæйæ. Абон телеуынынады кусджыты къорды ‘хсæн æз мæхи æнкъарын амондджынæй. Хъуысаты Тимур æмæ нæ къорд уымæн сарæзтой æппæт мадзæлттæ дæр. Раст цыма сæ ныййарæг мад дæн, афтæ мыл аудынц, узæлынц. Уый стыр амонд у.

 

— Куыд фæлтæрдджын диктор, афтæ дæ зонындзинæдтæ кæстæртæн амоныс?

 

— Раст зæгъгæйæ, æз мæ зонындзинæдтæ никуы бавгъау кæндзынæн, йæ куыстыл иузæрдион чи у, тырнындзинад кæмæ ис, уыцы студенттæ æмæ телеуынынады æрыгон кусджытæн. Телеуынынад махæн у нæ иумæйаг хæдзар æмæ мæ фæнды, цæмæй иууылдæр кæрæдзимæ кæсой цæстуарзонæй æмæ кæной кæрæдзийæн аргъ. Паддзахады, кæцыфæнды æхсæнады дæр хъуамæ уа æртæ фæлтæры: хистæртæ, астæуккаг фæлтæр æмæ кæстæртæ. Хистæрты фарн, уарзондзинад, фæлтæрддзинад хъуамæ фестой суадæттæ æмæ сæ кæстæртæ дойныйæн нуазой. Кæддæр мын чидæр афтæ загъта, ды æмæ, дам, Дудиаты Валодя телеуынынадæй куы ацæуат, уæд уæ чи раива, уый нæй, зæгъгæ. Хуыцау бахизæд! Цыфæнды хъуыддаджы лæуд хистæр дæр хъуамæ йæ фæстæ ныууадза фæд æмæ йæ дарддæр чи раивдзæн, ахæм дæсны специалисттæ. Абоны фæлтæртæн журналистикæйы ис тынг хорз уавæртæ профессионалон æмæ сфæлдыстадон æгъдауæй рæзынæн æмæ размæдзыддæр уæвынæн. Ирыстоны телеуынынад та курдиатджын кусджытæй цух никæд уыд.

 

— Земфирæ, дæ авторон программæ «Зæрдæмæ фæндаг»-мæ цы архайджыты æрбахоныс, уыдоны цымыдисаг хъысмæттæ рахæссыс адæмы размæ, равдисыс сын сæ зондахаст, сæ миддунейы бæркад. Раргом кодтай 200 сурæтæй фылдæр. Дæ зæрдыл дзы фылдæр кæй бадардтай?

 

— Мæ программæйы хъайтартæй иунæг дæр хуымæтæг нæ уыд, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Адæймаг хорз хъайтарыл куы сæмбæлы, уæд æй уый йæ фæдыл ахоны, арф æнкъарæнтæ йæм сæвзæрын кæнгæйæ. Никуы мæ ферох уыдзæн Дур-Дуры скъолайы ахуыргæнæг Хъалаты-Цалиты Мирæ. Уый радзырдта цымыдисаг цау. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг немыц хъæумæ куы æрбацыдысты, уæд цæрджытæ хъæдмæ алыгъдысты, йæ мад та æнхъæлцау уыд æмæ нæ афæрæзта хъæубæстæимæ алидзын. Мирæ йемæ баззад хæдзары. Сылгоймаг арын райдыдта, æмæ йын цы акодтаид, уый нæ зыдта. Уæд рахызт æмæ немыцмæ дардæй йæ къухтæ æххуысагур тилы. Уыдон та банхъæлдтой, партизантæм дзуры, æмæ йæ æхсын райдыдтой, иу нæмыг дзы йæ сæры хъуынты дæр ахызт. Фæстагмæ немыцæгтæ уæддæр æрбацыдысты, се ‘хсæн уыд дохтыр æмæ сылгоймагæн баххуыс кодтой. Сывæллоныл сæвæрдтой ном Вальтер æмæ ма сын шоколад плиткæ дæр ныууагътой. Диссаг уыд уый дæр, æмæ йæ фыд хæстмæ куы цыд, уæд бафæдзæхста, «сау гæххæтт» куы райсат, уæд-иу æй уæ мадæн ма равдисут, цалынмæ хæст фæуа уæдмæ, зæгъгæ. Цы «сау гæххæтт» райстой, уый Мирæ æмбæхстæй дардта йæ роны. Мад æрцæттæ кодта зæлдаг кæлмæрзæн æмæ йæ арф æвæрын дæр нæ уагъта, хæрзæггурæггаг мæм чи фæуа, уымæн æй балæвар кæндзынæн, зæгъгæ. Мирæ зыдта, хæрзæггурæггаг йæ мадмæ кæй ничи фæуыдзæн æмæ йæ мад куы амард, уæд ын уыцы кæлмæрзæн йæ цыртыл бабаста, мамæ, ничи мæм æрбацыд хæрзæггурæггаг, зæгъгæ.

Иннæ та уыд хæзныдойнаг хуымæтæг сылгоймаг Таматы Тамарæ. Авд сывæллоны йын уыд, æстæмы та йæ мад ныууагъта æмæ уый дæр хъомыл кодта. Куыста фермæйы хъугдуцæгæй, ногдзауты лагеры æмæ бирæ æндæр кæмдæрты, афтæмæй сæ тыхамæлттæй схъомыл кодта. Йæ бинонтæ афтæ æнгом уыдысты æмæ йæ фæрсын:

— Зæгъæм, дæ чындзытæн исты кусын кæныс æмæ дæ коммæ нæ бакастысты, уæд сын цы акæндзынæ?

— Мæхæдæг æй бакæндзынæн, — загъта Тамарæ. Ахæм дзуапп фехъусын æнхъæл нæ ничи уыд.

Иу хабар ма мын æнæ радзургæ нæй. Мæ хъайтартæй иу, фæндырдзæгъдæг Туаты Светланæйæн дæр йæ хъысмæт тынг цымыдисаг у. Смой кодта Къостайы хъæуæй Ногирмæ Багаты стыр хæдзармæ. Йæ фыд Ладемыры 27-аздзыдæй хæстмæ акодтой æмæ æбæрæгæй фесæфт. 1998 азы сæм фæхабар кодтой, сæ фыды ингæн сын Краснодары кæй ссардтой, уый. Йæ цардæмбал Багаты Мишæ, сæ кæстæртæ æмæ иннæ хиуæттимæ уайтагъд ацыдысты бынатмæ. Диссаг уый уыд, æмæ хæстонты номхыгъды Мишæ ссардта йæ фыд Багаты Викторы ном дæр. Куыд сбæрæг, афтæмæй сæ дыууæйы фыдтæ дæр хæцыдысты иу ран, уыдысты иу æфсæддон хайады, фæмардысты иу бон æмæ ныгæд дæр æрцыдысты иу ран. Диссаг сты хъысмæты фæндæгтæ, æвæдза. Мишæ æмæ Светæ схъомыл кодтой æртæ фæзминаг фырты æмæ йæ куы бафарстон, цæй мидæг ис дæ æнтысты рахæцæн, уæд загъта, царды сæ фæдыл цæуын хъæуы, хъуамæ сывæллон æнкъара бинонты хъарм узæлд.

 

— Адæймагæн йæ цавæр миниуджыты тыххæй кæныс аргъ?

 

— Æргомзæрдæ, æнæхин, цæстуарзон адæймаг мæ цæсты у бæрзонд æвæрд. Абон иу хуызы ныхæстæ чи кæны, райсом та — æндæр, уыдоны мæ цæсты кад нæй.

 

— Дудиаты Валодяимæ бирæ рæстæг куыстат æмæ фæцардыстут тынг хæларæй. Телевизормæ кæсджытæ уыл афтæ сахуыр сты æмæ-иу Ирыстоны хабæрттæ дзургæйæ телевизорæй уæ иуы куы æвдыстой, уæд цæстытæ барæнæбары иннæйы агуырдтой.

 

— Валодя мæнæн уыд æмæ абон дæр у, мæ зæрдæйæн зынаргъ чи у, уыцы хæлæрттæй иу. Канд куысты нæ, фæлæ царды дæр хо æмæ æфсымæрау кæрæдзийæн уыдыстæм ныфс. Æз никуы ферох кæндзынæн, мæ мад куы æруатон, уæд ын Валодя цы лæггæдты бацыд, уый. Йæ фыццаг ахуырад медицинон уыд, æмæ мæ мадæн кодта уколтæ дæр. Хостæ-иу ын мæ бон ссарын нæ уыд, æмæ та-иу сæ Валодя кæмдæр ссардта. Йæ уæлхъус лæууыд йæ царды фæстаг бонмæ. Йемæ уыд тынг æнцон кусæн. Адæймаджы куыстмæ алкæд кæм æвдæлд йæ бинонтæй дæр æмæ-иу Валодя, мæ уавæры бацæугæйæ, мæ бæсты эфиры дæр арæх рацыд. Кæдфæнды дæр уыд цæттæ эфирмæ рахизынмæ. Йæ бæрнондзинад, профессионалондзинад абон дæр сты бæрзонд æмвæзадыл. Йæ зæрдæ та сывæллонау сыгъдæг, æнæхин.

 

— Хуыцауæй цавæр æртæ хорзæхы ракурис?

 

— Фыццаджыдæр, Ирыстоны зæхх сабыр куыд уа, нæ адæм æнæниз, æнæфыдбылыз куыд уой. Кæстæртæ куыд æмбарой, кад æмæ рад цы у, уый. Тынг мæ фæфæнды, райсомæй рудзынг байгом кæнын æмæ мæм дзы сывæллæтты ирон ныхас уынгæй куыд æрбайхъуыса. Фæнды мæ, цæмæй ирон адæмæн Ирыстоны зæхх мады хъарм хъæбысы ад куыд кæна æмæ йын йæ дадзинты цавд зæрдæйæ куыд æнкъарой.

 

— Ды амондджын адæймаг дæ?

 

— Райсом цы уыдзæн, уый ничи зоны. Уымæ гæсгæ амондыл дзурæн ис æрмæстдæр фæстагмæ. Мæ бон афтæ зæгъын у, æмæ мæ къухы цы бафтыдис, уыдонæй мæ зæрдæ райы, хайджын дæн адæмы хорзæхæй æмæ уый у сæйрагдæр.

 

— Цавæр у дæ бæллиц?

 

— Мæ бæллиц у хуымæтæг. Цæмæй нæ бинонтыл бафта (худы). Царды нæ кæстæртæ æнæ фыдбылыз, æнæмаст куы уой, уæд уымæй хуыздæр амонд нæй. Кæддæр университеты рæзты æрбацæйцыдтæн æмæ Джыккайты Шамилыл æрхæндæгæй лæугæйæ амбæлдтæн. Цы кæныс, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд загъта: «Земфирæ, нæ кæстæрты рæсугъд, æгъдауджынæй куы фенын, уæд мæ зæрдæ фырцинæй Сæнайы хохы цъуппыл абады. Æнæгъдауæй сæ куы фенын, уæд та мын дæлзæхх ныххауы». Раст фæзæгъынц, адæмы уд бæрзонд удтыл æрæнцайы, зæгъгæ.

 

— Цавæр у дæ фæдзæхст кæстæртæн?

 

— Мах, ирон адæм, нæхи куы нæ уарзæм, нæ кæрæдзийæн аргъ кæнын куы нæ зонæм, уæд нæм иннæтæ дæр уыцы цæстæй кæсдзысты. Джыккайты Шамилы чиныджы бакастæн йæ фыдыфыд, куырыхон зæронд лæг, туджджынты дæр-иу чи бафидауын кодта, фæлæ ахуыргонддзинад кæмæ нæ уыд, уый кæстæртæн цы фæдзæхста, уый: «Хъусут, мæнæ-иу искæдæм куы ацæуат, уæлдай нæу, иу хъæуæй иннæмæ, Ирыстонæй æндæр сахартæм, уæд ма-иу иумæ æрбатыгуыр ут, цыма исты ахсджиаг хъуыддæгтыл ныхас кæнут, афтæ уæхи равдисут. Уæд уæ фæрсæрдыгæй чи уыны, уыдон хондзысты тыхджын, æмдых, æмзонд æмæ уæм ничи бауæнддзæн». Ацы ныхæсты ис дипломатон ахастдзинæдты философи, адæмы æнгомдзинад æмæ фидар царды скъола. Нæ адæмы иудзинад — мæ мæсыг!

 

ТОРЧЫНТЫ Эммæ, (рухсаг уæд) телеуынынады режиссер:

— Ирыстонмæ гастрольты ссыдысты артисттæ æмæ концерты фæстæ та уыдысты телеуынынады эфиры уазджытæ. Уыдонæй иу уыд Советон Цæдисы адæмон артист Борис Штоколов. Адæм æй сæхимидæг йæ уæздандзинады тыххæй петербургаг аристократ хуыдтой. Йе ‘рбацыдæй студи æмызмæлд æмæ сусу-бусу ссис. Программæ амыдта Хъулаты Земфирæ. Цалынмæ зарæг «Я встретил вас» зарыд, уæдмæ йæ цæстытæ Земфирæйæ нал иста. Раст цыма Земфирæмæ уарзты цæхæры сыгъд, уыйау зынд фæрсæрдыгæй, фæлæ уый иу уысм дæр нæ фæцудыдта. Иууылдæр æй бамбæрстам, йæ зæрдæйы кæй ныххауд, уый. Земфирæ иуварс куы ауад, уæд нæ фарстаты бын фæкодта. Мах нæ фырдиссагæй не схъæр кодтам, Земфирæ мойгонд æмæ ма суанг æнхъæлцау кæй у, уый дæр.

МАМСЫРАТЫ Тасолтан, ПТРК-Аланийы фыццаг диктортæй иу:

— Земфирæ телеуынынадмæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд ыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой. Бафиппайын хъæуы, Земфирæ йæ мидбылты стæм хатт кæй бахуды, уый. Фæлæ уыцы-иу рæстæг телевизормæ кæсæджы абоны онг йæхимæ æлвасы, куыд йе ‘ддаг аив бакастæй, афтæ йæ хъæлæсы хъæздыг æмæ фæлмæн мыртæй дæр. Йæ миддунейы хъæздыгдзинад, адæймагдзинад, ирондзинад ын лæвæрд сты Хуыцауæй. Куыд диктор, афтæ у тыхджын.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here