Хуссар Ирыстонæй

0
427

 

Инвестицион программæйы объекттæ

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик Цхинвалы цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд 2018-2019 азты Инвестицион программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Уый тыххæй фехъусын кодта информацион агентад «Рес».

Республикæйы Хицауады Сæрдар министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæм фæсидт, цæмæй, æрдзы хорз уавæртæй ахадгæдæр спайда кæнгæйæ, æппæт мадзæлттæ дæр саразой Инвестицион программæмæ хаст объектты арæзтад фæхъомысджындæр кæнынæн. «Президент нын нæ размæ бæлвырд нысантæ сæвæрдта, цæмæй Инвестицион программæйы мадзæлттæ афойнадыл æххæстгонд цæуой, ацы азы пъланмæ хаст объекттæ æнæкъуылымпыйæ арæзт цæуой», — бафиппайдта Пухаты Эрик.

Уый фæстæ министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ бæстон æрлæууыдысты, программæмæ хаст объектты арæзтад куыд цæуы, ууыл. Дарддæр æмбырды архайджытæ æркастысты Цхинвалы Комаровы, Сомихаг æмæ æндæр уынгты хæдзæртты газы хæтæлтæм баиу кæныны, Ленингоры поселочы инженерон коммуникациты куыст фæхъомысджындæр кæныны, Гуфтайæ Къуайсамæ фæндаджы былты цæуæг электрон тыхдæттæн хæтæлты рацарæзты, стæй æндæр ахсджиаг фарстатæм

Иумæйаг æфсæддон ахуыртæ

Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гæрзифтонг тыхтæ сараздзысты иумæйаг æфсæддон ахуыртæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахуырты архайдзысты 2 мин æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр. Уыцы бонты æфсæддон полигонтæм ракæндзысты алыхуызон æфсæддон техникæйы 400 иуæджы. Иумæйаг ахуырты фыццаг хатт архайдзæн УФ-йы Æфсæддон-уæлдæфон тыхты 4-æм уæлдæфон æфсады авиаци.

«Хуссар Ирыстоны Гæрзифтонг тыхты æмæ Хуссайраг æфсæддон зылды 58-æм æфсады дæлхайæдты иумæйаг тактикон ахуыртæ цæудзысты полигон «Дзарцъем»-ы 1 августæй 15 августмæ», — радзырдта пресс-службæйы разамонæг Вадим Астафьев. Пресс-службæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы Гæрзифтонг тыхты дæлхайæдты иумæйаг ахуырты бæрæггæнæнтæн хатдзæгтæ скæндзæн Хуссайраг æфсæддон зылды командæгæнæг, инæлар-булкъон Александр Дворников.

Æфсæддон ахуырты иумæйаг командон пункт ныридæгæн йæ куыст райдыдта.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here