Ног хъуыддаджы ног нысантæ

0
486

 

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы цур арæзт æрцыд Æхсæнадон æххуысгæнджыты совет. Сæрдарæй йын снысан кодтой ТАУЧЕЛАТЫ Аслæнбеджы фырт Константины (Къостайы).

Таучелы-фыртыл цæуы 65 азы. 1978 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты экономикон факультет. Куыста адæмон хæдзарады алы къабæзты, уыдонимæ — Фыййагдоны поселочы администрацийы сæргълæууæгæй 8 азы. Республикæ зын уавæрты куы бахауд нæуæдзæм азты, уæд йæхи хуызæн патриоттимæ зæрдиагæй архайдта Хуссары æмæ Скæсæны фыдгæнджыты ныхмæ тохы, суанг ма Абхазмæ дæр фæцыд æххуыс кæнынмæ. Ис ын бирæ æмгæрттæ, йæхæдæг дæр у адæмæн уарзон, æнæхин, иузæрдион æмгар. Нæ уацхæссæг фембæлд республикæйы æхсæнадон æххуысгæнджыты советы сæрдаримæ æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Къоста, ног арæзт советы сæйраг нысантæ æмæ йæ дарддæры архайдимæ газеткæсджыты куы базонгæ кæниккам.

— Республикæйы Сæргълæууæг мæм куы фæдзырдта ацы хъуыддаджы тыххæй, уæд нæ ныхас уыд хæрзцыбыр. Бафарста мæ: “Къоста, Ирыстон уарзыс?” Уарзын, зæгъгæ, йын загътон. “Уæдæ мæ цуры æрбалæу, кæд ын баххуысмæ дæ ныфс хæссыс, уæд”, — ахæм уыд йæ курдиат. “Мæ ныфс хæссын”, — уыд мæ дзуапп. Æмæ мын загъта, алы хъæуы, алы районы дæр хъуамæ снысан кæнай æхсæнадон æххуысгæнджытæ. Уыдон хъуамæ зоной, республикæйы разамынд цыдæриддæр архайы, цæуылдæриддæр кусы, уыцы хабæрттæ. Республикæйы Сæргълæууæг та хъуамæ зона, адæм цæмæй тыхсынц хæстæг хъæуты, дард хохаг хъæуты. Суанг нæ бæстæйы алы горæтты æмæ фæсарæнты чи цæры, уыцы æмзæххонтæ дæр хъуамæ зоной нæ архайд, нæ куысты тыххæй, мах та хъуамæ зонæм уыдоны тыхстытæ, сагъæстæ.

— Алы хъæуты, районты дæр кусдзысты уæ советы уæнгтæ. Хъæутæ æмæ районты администрациты разамонджытæй уæлдай уыдонæн сæ хæстæ цы уыдзысты?

— Хъæуты æмæ районты администрациты разамонджытæ дæр сæ хæстæ æххæст кæндзысты, раздæр сæ куыд æххæст кодтой, афтæ. Æхсæнадон æххуысгæнджытæ сын æххуыс цы уой, æндæр сæ хъыгдаргæ ницы кæндзысты. Мах фидар кæндзыстæм дыууæрдæм бастдзинад, хъæутæ æмæ районты чи кусдзæн нæ советы уæнгтæй, уыдон мæхæдæг æвзæрстон. Лæгдæрæй, ахуыргонддæрæй сæ не ‘взæрстон, фæлæ-иу сæ бафарстон:

— Дæ хъæубæстæ уарзыс? — О! — Уæдæ мæ фарсмæ æрбалæуу, Битары-фырт куыд æвæры фарста, афтæ, æмæ тынг рæсугъд фæсивæд æрбамбырд нæ фарсмæ. Нырма цæмæй раппæлæм, уый нæй, фæлæ тагъд рæстæджы разындзысты нæ куысты фæстиуджытæ.

— Цавæр сæйраг миниуджытæм гæсгæ æвзæрстат уæ советы уæнгты?

— Æгъдау æм уæд. Йæ хъæубæсты уарзæд, йæ мыггаджы уарзæд, йæ бинонты уарзæд. Йæ хъуыддæгтæ, йæ митæ сыгъдæг кæмæн сты, ахæм адæймаг уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæймæгтæ дæр ис, йæхи хорзæй чи æвдисы, йæ худинаджы митæ æмбæхсын чи зоны, фæлæ уыдон дæр сбæрæг кæндзыстæм. Адæмæй ницы ис бамбæхсæн. Æз кæй равзæрстон, уыдоныл мæ зæрдæ дарын. Дзæгъæлдзурджытæ, хъуыддаг бæлвырд нæ базонгæйæ, мæнг фæдисгæнджытæ чысыл нæй, фæлæ, Ирыстоныл чи тыхсы, ахæм фидар сыгъдæгзæрдæ адæм къаддæр не сты. Æз дзы тынг бирæты зонын, æмæ уыдонимæ архайдзыстæм, фыццаджыдæр, тыхст адæмæн æххуыс кæныныл, дыккаджы та, адæмы мæнг информацийæ хизыныл, республикæйы Сæргълæууæджы мæнг даутæ æмæ цъыф калынæй хъахъхъæныныл. Ахæм хъуыддагмæ мæ зæрдæ рагæй æхсайдта, фæлæ йæ куыд саразын хъæуы, уый дзæбæх не ‘мбæрстон, ныр мын Битары-фырт Æхсæнадон æххуысгæнджыты советы тыххæй куы загъта, уæд ахъуыды кодтон, ахæм совет аразын хъуыд, суанг Галазты Æхсарбег республикæйæн разамынд куы лæвæрдта, уыцы рæстæг, уымæн æмæ хицауадæй адæмы æхсæн нæ уыд иудзинад. Иудзинад дзы кæй нæ уыд, уый та æвзæрыд алы мæнг информацийæ, дам-думтæ парахат кæнынæй æмæ суанг Хъулаты Хъуыбадыйæ райдай æмæ абоны онг республикæйы разамонджытæй цъыфкалæн кæуыл нæ фæкодтам, иу дæр дзы ахæм нæ баззад. Фæлæ афтæ хъуамæ ма уа. Хъуамæ хицауадæй адæммæ æмæ адæмæй хицауадмæ хæццæ кæна рæстад информаци.

— Ацы совет фылдæр кæй сæрыл хæцдзæн, хицауады æви адæмы?

— Битары-фырт йæхæдæг загъта, æз цы кусын, уый хъуамæ алы хæдзары дæр зоной. Зындзинæдтæ цы хъуыддаджы æййафа, уым та йын совет æххуыс кæндзæн, адæмимæ иумæ архайгæйæ. Хатгай, хъуыддаг бæлвырд нæ базонгæйæ, кæнæ исты æнæууылд ныхас зæгъгæйæ, иуæй-иутæ адæмы æддæг-мидæг ауайын кæнынц. Иу митинджы, ныхас цæуыл цыд, уый дæр нæ бамбаргæйæ, астæукары сылгоймаг ныцъцъæхахст кодта, — Битаров мне угрожает, — адæм уыйæрдæм фæзылдысты, æз æм бацыдтæн æмæ йæ фæрсын, цæмæй дæм æртхъирæн кæны? — Я пошутила, — загъта уырыссагау ирон сылгоймаг. Нæлгоймаг куы уыдаид, уæд ыл цæвынæй нæ бацауæрстаин. Фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыд фыдæлты æмбисонд: «Иу æдылы, дам, доны дур ныппардзæн, æмæ йæ дæс зондджыны нал ссардзысты». — Афтæ райгуырынц дам-думтæ. Нæ советы уæнгтæ та сыгъдæгзæрдæйæ архайдзысты адæмы сагъæстæ æмæ тыхстытæ хицауадмæ хæццæ кæныныл, лыггæнинаг фарстатæ æргом æмæ сыгъдæгæй æххæст кæныныл.

— Советы уæнгтæ сæ архайды тыххæй мызд нæ исдзысты, хуыздæр дзы чи куса, уыдоны архайд цæмæй бæрæг кæндзыстут?

— Советы уæнгтæ кусдзысты æнæмыздæй, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ хæстæгдæр рæстæджы хъæуты иумæйаг æмбырдты уынаффæмæ гæсгæ нысангонд цæудзысты хъæуыхицæуттæ. Уыдон уал сæ арæхстдзинад равдисдзысты æхсæнадон æххуысгæнæджы бынаты, цæрджытæ сæ базондзысты хуыздæр, æмæ сын уый фадат ратдзæн хъæуыхицауы бынат бацахсынæн.

— Ног хъуыддаг у, хорз нысантæ уæм ис, æмæ уæ къухы æнтыстджынæй бафтæнт!

Ныхас ныффыста КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here