Зонды æмæ чиныджы фарнæн табугæнæг

0
474

 

Номдзыд уырыссаг ахуыргонд-филолог, академик Дмитрий Лихачев афтæ загъта: «Библиотекæтæ сты нæ дзыллæйы удварн хъахъхъæнæг сакъадæхтæ». Уымæ гæсгæ алы рæстæджыты сæ кусджытыл стыр бæрнондзинад æвæрд уыд æмæ ис ныр дæр.

Чиныджы фæрцы адæмæн лæггад кæнын, сæ зæрдæтæм сын рухс æнкъарæнтæ хæссыныл кад æмæ радæй 40 азæй фылдæр архайдта Национ наукон библиотекæйы зонадон-методикон хайады раздæры сæргълæууæг ПАГÆТЫ Тамарæ. Разамынд цы хайадæн лæвæрдта, уым йæ хæс уыдис канд национ библиотекæйы нæ, фæлæ республикæйы æппæт библиотекæтæн алывæрсыг методикон æмæ практикон æххуыс кæнын. Æмæ уый Тамарæйы къухы кæддæриддæр æфтыд, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз.

Пагæты Тамарæ райгуырд 1941 азы 16 августы, Дзæуджыхъæуы. Йæ фыд Зауырбег уыд сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æгъдауылхæст лæг. Революцийы размæ кусынмæ афтыд Америкмæ. Æмæ дзы фæцард 25 азы. Фæлæ нæ ферох кодта йæ ирон æвзаг, æгъдæуттæ, ирон фарны фæтк. Ирыстонмæ куы ссыд, уæд куыста алы бæрнон бынæтты. Цардæмбалæн та йæхицæн бацагуырдта Хъодзаты уæздан чызг Нинæйы. Уый йæ рæстæджы каст фæци Ленинграды уæлдæр скъолатæй иу. Фæлæ йын йæ дæсныйадмæ гæсгæ иу бон дæр бакусыны фадат нæ фæци. Нинæ кодта хæдзары куыстытæ, стæй Зауырбегимæ царды рæсугъд фæндагыл æвæрдтой сæ дыууæ кæстæры — фырт Юрийы æмæ чызг Тамарæйы. Сæ хæдзары кæддæриддæр удварны хæзнатæй уæлдай стырдæр аргъ уыд чиныгæн. Æмæ кæстæр йæ хистæртæм, йæ хæдзары цы уаг æмæ æгъдау уына, ууыл ахуыр кæны. Раст афтæ Тамарæ дæр бауарзта чиныг. Хæдзары куыстытæй уæгъд æппæт рæстæг дæр æрвыста чингуытимæ. Дзæуджыхъæуы 30-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнгæйæ уæлдай тынгдæр бауарзта уырыссаг æвзаг, литературæ, историйы уроктæ. Литературон уацмысмæ гæсгæ йын нывæцæн ныффыссын, æмдзæвгæ кæнæ прозаикон уацмысæй скъуыддзаг зæрдывæрдæй сахуыр кæнын тынг æнцон уыд, уымæй йæм хуыздæр ницы каст. Æмæ дзы уымæ гæсгæ райгонд уыдысты йæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Тамарæ 1962 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Ленинграды культурæйы институтмæ библиотекæйы кусджытæ цæттæгæнæн хайадмæ. Æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1967 азы. Уыцы аз æй кусынмæ æрбахуыдтой Кировы номыл республикон библиотекæмæ (ныр республикон Национ наукон библиотекæ), йæ фондтæм чингуытæ арвитыны размæ сæ-иу библиотекæйы домæнтæм гæсгæ кæм рæвдз кодтой, уыцы хайадмæ. Цыбыр рæстæгмæ Тамарæ библиотекæйы разамындæн, йе ‘мкусджытæн йæхи базонын кодта куыстуарзаг, лæмбынæг, бæрнон специалистæй. Æмæ йæ афæдзы фæстæ снысан кодтой ацы хайады сæргълæууæгæй. Уыцы рæстæг библиотекæйы зынгсирвæзт кæй æрцыд, уый аххосæй бынтондæр басыгъд библиотекæйы чингуыты алфавитон каталог. Тамарæ йæ ногæй сарæзта.

Зындгонд куыд у, афтæмæй кæддæриддæр республикон библиотекæ Ирыстоны иннæ библиотекæты ифтонг кодта чингуытæй æмæ, библиотекарьты куысты æнæмæнг чи хъæуы, ахæм æрмæгæй. Тамарæ, уæлдæр амынд азты чингуытимæ куысты хайады цы рæстæг куыста, уæдæй зынгæ (æртæ хатты!) фылдæр фесты республикæйы библиотекæты фондтæ, бирæ чингуытæ æфтын райдыдта хъæуты æмæ Дзæуджыхъæуы библиотекæтæм. Ацы бæрæггæнæнтæ дзурæг сты, Тамарæ куысты зындзинæдтæй кæй никуы тарст, хызт æдæрсгæйæ сæ сæрты, уыд, йæ куысты хæстæ иттæг хорз чи æххæст кодта æмæ кæны, ахæм специалист. Уыциу рæстæг архайдта йæ зонындзинæдтæ фылдæр æмæ парахатдæр кæныныл. Ивгъуыд æнусы 70- æм азты республикæйы Культурæйы министрад рахаста уынаффæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы библиотекæтæ хъæуты библиотекæтыл чингуытæй, методикон æрмæгæй æмцегад кæной, сæ арм сыл дарой (æрцæуой централизацигонд). Уыцы уагыл зынгæ фæхъомысджындæр Ирыстоны æппæт библиотекæты куыст æмæ адæмы æхсæн сæ рухстауæн архайд. Культурæйы министрад, библиотекæты æхсæн уыцы куыст фыццагдæр кæмæн бахæс кодта, уыдонимæ уыд Пагæты Тамарæ. Æмæ йæ архайд фыццагдæр хорзæй сахадыдта Кировы районы библиотекæты куыстыл. Æмæ дарддæр уыцы хъуыддаджы сæ архайд фæхъомысджындæр иннæ районты дæр. Афтæмæй, Советон Цæдисы республикæты æхсæн фыццаг Цæгат Ирыстоны библиотекæтæ æрцыдысты централизацигонд. Нæ бæстæйы Культурæйы министрады уыцы хъуыддаджы цы документтæ сфидар кæнын хъуыд, уыдон рагагъоммæ бацæттæ кæныныл дæр Тамарæ бацархайдта. Йæ хъæппæрисæй библиотекæты централизацийы фарстатыл æрныхас кæныны нысанмæ арæзт æрцыд æртæ Æппæтцæдисон зонадон конференцийы, йе ‘ххуысæй Ирыстоны æппæт библиотекæты дæр аразын райдыдтой чингуыты æмæ чиныгкæсджыты алфавитон, бæлвырддæр номхыгъдтæ (каталогтæ) .

1981 азы республикон Национ библиотекæйæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ног бæстыхай. Цæмæй дзы йе ‘мкусджытæн æмæ чиныгкæсджытæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт æрцæуа, хъæугæ æрмæгæй йæ сифтонг кæныныл (библиотекæйы уæды сæргълæууæг — УФ-йы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Гæздæнты Еленæимæ) чи бацархайдта, уый дæр уыд Тамарæ. Уый тыххæй-иу иумæ арæх уыдысты хъуыддаджы балцыты куы Мæскуыйы, куы Санкт-Петербурджы, куы та Львовы.

Æртын азæй фылдæр та Тамарæ разамынд лæвæрдта Национ наукон библиотекæйы зонадон-методикон хайадæн. Уый йæ сæргълæууæджы фæрцы Ирыстоны æппæт библиотекæты кусджытæн дæр сси сæ зонындзинæдтæ фылдæргæнæн артдзæст. Ам кусгæйæ, Тамарæ архайдта йе ‘мкусджытæн алывæрсыг методикон æмæ практикон æххуыс кæныныл, библиотекæзонынады ногæй цы наукон куыстытæ фæзынд, уыдон зыдта æмæ зоны раст йæ фондз æнгуылдзы хуызæн. Ис æм арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ канд библиотекæйы æмæ чиныгкæсджытимæ куысты нæ, фæлæ Тамарæ зоны æмæ уарзы аивад, табуйаг цæстæй кæсы дунеон, уырыссаг, национ литературæйы æмæ культурæйы хæзнатæм. Уыцы арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй кæддæриддæр хайджын сты йе ‘мкусджытæ Йæ бæрзонд æмæ рæсугъд уды æмæ зæрдæйы хорзæхтæн аргъ æмæ кад кæнынц нæ республикæйы раззагдæр интеллигенцийы минæвæрттæ, Ирыстоны зонадон, культурæйы æмæ аивады кусджытæ. Йæ фæллойадон фæлтæрддзинадимæ зонгæ сты Хуссар Ирыстоны, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы зынгæдæр библиотекæты разамонджытæ æмæ специалисттæ. Тамарæ бирæ азты йæ фæлтæрддзинады хъомысæй хайджын кодта республикæйы Культурæйы колледжы библиотекæты кусджытæ цæттæгæнæг хайады студентты. Уыдонæй бирæтæ абон кусынц республикæйы районты æмæ хъæуты, суанг Уæрæсейы библиотекæты. Æмæ кæддæриддæр сæ зæрдыл дарынц Тамарæйы узæлд æмæ цæстуарзон фæдзæхстытæ.

Рацарæзты дуг куы райдыдта, уæд чиныг иуцасдæр рохуаты кæй аззад адæмæй, бæрнон бынæтты бадæг хицæуттæй, стæй бирæ библиотекæтæ æхгæд куы æрцыдысты, уæддæр Тамарæ йæ рухстауæн архайд чиныг æмæ библиотекæйы сæраппонд нæ ныууагъта. Хуыздæр рæстæджытæ кæй ралæудзæн, æмæ та раздæрау адæм æнусон удварны хæзна — чиныгмæ се ‘ргом кæй раздахдзысты, ууыл æууæндыд æмæ æууæнды кæддæриддæр. Куыд фæлтæрдджын специалист, афтæ Тамарæ йæ рæстæджы цæттæ кодта хъæугæ æрмæджытæ, документтæ, цæмæй республикæйы Парламент æмæ Хицауад сфидар кæной закъон библиотекæты æмæ æнæмæнг хъæугæ чингуыты тыххæй (Закон о библиотечном деле и обязательном экземпляре).

Национ наукон библиотекæйы ивгъуыд æнусы 90- æм азты арæзт æрцыд Николай Рерихы номыл Æппæтуæрæсеон æхсæнад «Мир через культуру»-йы цæгатирыстойнаг хайад (йæ сæргълæууæг уыд библиотекæйы раздæры директор Гæздæнты Еленæ), æмæ дзы уыциу рæстæг байгом, дунейы æмæ нæ бæстæйы номдзыд философты зонындзинæдтæ адæмы æхсæн парахат кæнын кæмæн уыд йæ хæс, ахæм хайад («Отдел живой этики»). Йæ саразыныл æмæ йæ куыстыл зæрдиагдæрæй чи архайдта, уыдонæй иу уыд, Тамарæ. Кæд абон уыцы хайад нал ис, уæддæр, йæ рухстауæн архайдæн цы стыр ахадындзинад уыд, уый тыххæй арæх фæдзурынц библиотекæйы кусджыты хистæр æмæ астæуккаг фæлтæр, нæ интеллигенци æмæ чиныгкæсджытæ.

Фыдæлты æмбисондау, зондагурæг æппынфæстаг зондтауæг свæййы. Фæллойы ветеран, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, зондджын, фендджын, цæстуарзон хистæр Пагæты Тамарæ йе ‘ппæт цард æмæ зонд снывонд кодта æмæ кæны Ирыстоны культурæйæн, чиныгæн, нæ дзыллæйы удварн фæхъæздыгдæр кæныны хъуыддагæн. Цы арф зонындзинæдтæ йæм ис, уыдоны фæрцы йæ бон уыд наукон кусæджы ном райсын, диссертаци бахъахъхъæнын дæр. Фæлæ Тамарæ уымæ никуы тырныдта, бæллыд æрмæстдæр иу хорзæхмæ: чиныджы фæрцы адæмæн лæггад кæнынмæ. Æмæ уый уæлдайджынтæй бафтыд йæ къухы. Кæд абон Тамарæ йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ нал кусы, пенсийы рацыд, уæддæр æй нæ рох кæнынц йе ‘мкусджытæ, арæх æм вæййынц уазæгуаты. Æмæ сыл Тамарæ кæддæриддæр тынг æхсызгонæй сæмбæлы. Фæфæрсы сæ библиотекæйы куысты хабæрттæй. Куы бахъæуы, уæд йæ кæстæр æмкусджытæн ныхасæй æххуыс дæр бакæны.

Нæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, æмæ ма бирæ азты дæ кæстæрты æмæ æмкусджыты æнтыстдзинæдтæй дæ зæрдæ райгонд æмæ буц уæд!

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here