Адæм сæхæдæг сты сæ хæдзæрттæн хицæуттæ

0
453

 

Дæ фатер кæд цалцæг кæнынмæ бавнæлдтай, уæд, æвæццæгæн, дæ хъару æмæ удыхъомысыл æууæндыс. Йæ райдайын бæргæ æнцон у, фæлæ дзы фæстæдæр уыйас æнæнхъæлæджы фæзилæнтæ фæзындзæн, æмæ æнхъæл дæр нæ уыдзынæ. Уый иу адæймаджы цæрæнуатыл куы дзурæм, уæд. Афойнадыл, æмбæлгæ æмвæзадыл бирæуæладзыгон хæдзæрттæ бындуронæй сцалцæг кæныны хъуыддаг та уæдæ цал æмæ цал бинонтимæ баст у?! Уæлæнгай цæстæй йæм кæсæн нæй, уымæн æмæ ахæм уæладзыгон хæдзæртты конструкциты (афтæ зæгъæн ис, сæ астæуккаг цæджындзтæ), мидкоммуникациты ихсыддзинад 55 процентæй фæфылдæр. Цæгат Ирыстоны æвæстиатæй бындурон цалцæггæнинаг бирæуæладзыгон хæдзæртты бæрц у 40 проценты.

«Бындурон цалцæджы иумæйаг уавæр нæ республикæйы цавæр у?» — ацы фарстæй райдыдта нæ ныхас Цæрæнуæтты— коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады реформæйæн ахъазгæнæг хайады хицау Кучиты Зауыримæ.

— Ацы хъуыддаг, æцæгдæр, тынг ахсджиаг у, æмæ йæм газет йе ‘ргом кæй здахы, уый тыххæй уын бузныг. Хуымæтæг ныхæстæй куы æмбарын кæнæм, уæд бирæуæладзыгон хæдзæрттæм бындуронæй базилгæйæ сæ цæрджытæ удæнцойдзинæдтæ æмæ æдасдзинад банкъардзысты. Ис сæрмагонд республикон программæ, уый фæрцы уæладзыгон хæдзæртты иумæйаг исбон цалцæггонд цæуы. Уыцы документмæ бахастæуыд республикæйы бирæфатерон хæдзæрттæ, æрмæстдæр кæлæддзагыл, халинагыл нымад чи ‘рцыд, уыдонæй фæстæмæ. Программæ конд у 2014 азæй 2038 азмæ, уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ уырдæм хаст, æмæ ма кæй бахæссой, уыцы хæдзæрттæм базилæм.

Бындурон цалцæджы тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Цæрæнуæтты кодексы ис сæрмагонд хай. Хъуыддæгтæ афойнадыл æмæ æмбæлгæ хуызы сæххæст кæныны тыххæй дзы алцыдæр бæрæггонд у. Республикæ дæр йæхи æмвæзады, Кодексы уагæвæрдтæм гæсгæ, æппæт хъæугæ документтæ сфидар кодта.

— Кæд программæ йæ тыхы 2014 азы бацыд, уæд, æвæццæгæн, фæстиуджытыл дæр ис æрдзурæн. Уæдæ уый размæ дæр куыст куыд нæ цыдаид…

— 2008 азæй 2013 азмæ цалцæггонд æрцыд 593 бирæуæладзыгон хæдзары, ома, 50 мин адæймагæй фылдæрæн сæ уавæртæ фæбæллиццагдæр сты. Цæгат Ирыстоны дæр, куыд иннæ регионты, афтæ хъуыддæгтæ æнтыстысты Цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады реформæйæн ахъазгæнæг фонды æххуы- сæй. Ома, паддзахадон корпорацийы æхцайы фæрцы. Æнæмæнг, фæрæзтæ дих кодтой республикон æмæ бынæттон бюджеттæй дæр. Цæрджытæ дæр-иу сæ хай бавæрдтой куыстыты. Кæд 2008 азæй 2012 азмæ цæрджыты æхцайы хай 5 проценты уыд, уæд 2013 азæй та цалцæджы куыстыты аргъы 15 проценты. Фæстаг дæс азы бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты 692 бирæуæладзыгон хæдзары. Азæй-азмæ сæ нымæц фылдæр кæндзæн.

— Зауыр, ахæм хицауадон æмбырд нæ уыд, æмæ бындурон цалцæджы тыххæй фиддонты бæрц хицæнæй ма фæбæрæг кæной. Хорз нæ фидæм, афтæмæй куыд ис нысантæ сæххæст кæнæн?

— Уыцы фиддонтæ цалцæггæнæн куыстыты финансон бæрцы сты сæйрагдæр. Программæйæн йæ фылдæр хай — 70 проценты онг. Нæхицæй цæмæй раппæлæм, уый нæм нæй, 1 августмæ фиддонтæ рауадысты 16 проценты. Уæрæсейы та рæстæмбис нымадæй схæццæ сты 92 процентмæ. Бындурон цалцæгæн фиддоны бæрц республикæйы иу квадратон метрæн у 5 сомы. Иунæг хатт дæр ыл нæ бафтыд. Уыимæ 2014 азы уыд 6,5 сомы.

Æрмæст Цæгат Кавказы нæ, фæлæ Уæрæсейы регионты махæй ныллæгдæр фиддон нæй, фæлæ уæддæр нæ къух нæ тасы, цы ‘мбæлы, уый кæнынмæ. Уымæй нæхи аиуварс кодтам, федералон закъон нæ цы домы, уыцы хæстæй. Хъуыддæгтæ кæрæдзиимæ фидар баст сты, цæрджытæ бындурон цалцæгæн куыд æмæ цас фидынц, уымæй аразгæ у, куыстытæм кæд бавналдзыстæм, уый. Фылдæр æмбырдгæнгæйæ, къухы бафтдзæн фылдæр хæдзæрттæм базилын. Æнцон æмбарæн фæтк… Иу муниципалон сконды уæладзыгон хæдзæрттæ цалцæг кæнгæйæ ис спайда кæнæн ахæм хуызы дæр. Зилинагдæр, фыццаградон хæдзæрттæ уал сцалцæг кæнæн ис ногдæрарæзт, фидардæр хæдзæртты фиддонтæй дæр спайда кæнгæйæ. Фæстæдæр та сæ фиддонтæ уыдонæн феххуыс уыдзысты

— Бындурон цалцæгæн æхца æмбырд кæныны хуыз иунæг нæу, æвæццæгæн, адæмæн сæ бон æндæр фæтк равзарын у?

— Хæдзæртты хицæуттæ куы сфæнд кæной, сæ иумæйаг æмбырдмæ фарста рахæсгæйæ, схъæлæс кæнгæйæ, уæд æндæр фæткыл æрлæудзысты. Бæстыхæйтты хицæутты нымæцæй хъуамæ хъæлæсгæнджытæ уой 50 процентæй фылдæр. Сæ уынаффæ Регионалон оператормæ барвитыны фæстæ иу мæй куы рацæуа, уæд сæ хыгъд уым æхгæд æрцæудзæн. Æмæ сын фондз боны дæргъы се ‘хца хъуамæ сæ сæрмагонд хыгъдмæ барвитой.

Цæй мидæг ис ацы фæткы хорздзинад? Хæдзæртты хицæуттæ сæхæдæг сæ фæрæзтæн уынаффæ кæнынц, куыд хуыздæр æмæ сæ растдæр спайда кæной, уый дæр вæййы сæ иумæйаг фæндон. Арæзтадон организаци дæр сæхæдæг агурынц. Сæ сæрмагонд хыгъдæй сæ æндæр бæстыхæйттæ цалцæг кæнынæн æрвитæн нæй.

— Зауыр, бындурон цалцæджы пъланы бæрæггæнæнтæ абон цæуыл дзурæг сты?

— Бирæазыккон программæйы фæлгæты йæ куыст кæны, цыбыр æмгъуыдмæ 2017-2019 азтæн конд дæлпрограммæ. Уый фидаргонд æрцыд нæ республикæйы Хицауады уынаффæйæ 2017 азы 7 июны. Хæстæгдæр æртæ азмæ хъуамæ цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сцалцæг кæнæм, уыдон сты бæрæг. Ацы аз хъуамæ базилæм 85 хæдзармæ. Иннæ ахсджиаг нысан: 64 бирæуæладзыгон хæдзары ма баивдзыстæм 166 лифты дæр.

— Цæрджыты социалон уавæр æмхуызон нæу, цавæр мадзæлтты фæрцы сæ ис бахъахъхъæнæн?

— Республикон закъон бар дæтты, граждæнты хицæн категоритæн бындурон цалцæджы фиддонты ныхмæ компенсацитæ дих кæнынæн. Уыдон сты, кусгæ чи нæ кæны, иунæг чи у, ахæм 70-80-аздзыд адæймæгтæ, кæнæ бинонтæ. 70 азы кæуыл цæуы, уыдонæн компенсацийы бæрц у 50 проценты, 80 азы кæуыл цæуы, уыдонæн та — 100 проценты. Адæм хъуамæ бамбарой, сæ хæдзæрттæн сæхæдæг сты хицæуттæ, сæ фæдарынæн цы гæнæнтæ ис, уыдонæй та хъуамæ сæхæдæг равзарой хуыздæртæ æмæ аккагдæртæ. — Бузныг, Зауыр, ахæм æмбарынгæнæн ныхас, æнæмæнг, хъуамæ хæццæ кæна адæммæ…

Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here