Картофы селекционерты дунеон семинар

0
351

 

Знон Дзæуджыхъæуы райдыдта хъæууонхæдзарадон селекционерты VI æппæтдунеон наукон-практикон семинар ахæм темæйыл: «Инновационное развитие семеноводства картофеля и вывод на рынок новых перспективных сортов»

Семинар арæзт цæуы РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрад, компаниты къорд «Бавари»-йы æмæ картофы хæдзарады æппæтуæрæсеон наукон-иртасæн институты хъæппæрисæй. Семинары архайынц Ирыстоны, Цæцæны, Мæхъæлы республикæты, Стъараполы крайы, фæсарæйнаг бæстæтæ Инди, Швейцари æмæ Вьетнамы селекцион компанитæ.

Семинары размæ уазджытæ бакастысты, компаниты къорд «Бавари»-йы картофы мыггаджы куыст кæныны хъуыддаджы ирыстойнаг селекционертæ цы ног технологитæй æмæ фадæттæй пайда кæнынц, уый тыххæй видеосюжетмæ. Уый фæстæ «Бавари»-йы генералон директор Битарты Зелимхан семинары архайджытæн бæлвырддæр радзырдта, азæй-азмæ куыстуат куыд рæзыд, цавæр æнтыстдзинæдтæ сæ къухы æфтыд, уый æмæ сæ фидæны нысанты тыххæй. — 20 азы кусæм уæрæсейаг базарады, æмæ цы проектты, программæты архайдтам æмæ архайæм, уыдоны фæрцы нæ куысты æнтыстджын бæрæггæнæнтæ ис. Картофы алыхуызон мыггæгтæ æрзайын кæныны архайды нæ лаборатори ифтонг у æппæты нырыккондæр техникон фæрæзтæй. Ирыстон кæддæр хъуыстгонд уыдис йæ картофы куыстæй æмæ архайдзыстæм уыцы æгъдæуттæ сног кæныныл, — загъта Битарты Зелимхан.

Нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз дæр РЦИ-Аланийы разамынды æмæ йæхи номæй арфæтæ ракодта семинары архайджытæн æмæ загъта, нæ бæстæйы хъæууон хæдзарады специалисттæ сæ куыстады ног технологитæ æмæ ног гæнæнтæ кæй агурынц иудадзыг, уый фæдыл.

— Дыууадæс нацпроекты архайæм æмæ уыцы проектты бындурыл нæ размæ цы ног нысантæ æвæрæм, уыдоныл бæрнонæй кусæм. Нæ селекционерты картофы мыггæгты хуызты рæзт бæрæг у абон дæр канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ дунейы базарады дæр. Ацы ран зæрдыл дарын хъæуы æрдзон æмæ экологион уавæртæ дæр.

— Нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы регионтæ картофæй бафсадын — уый у нæ сæйрагдæр хæс, — загъта Хицауады Сæрдар. Раззагдæр эксперттæ: биологион наукæты кандидат Борис Анисимов, Дмитрий Дорохов, Еленæ Овес, Арарат Авонян æмæ Алексей Красильников сæ хъуыдытæ загътой картофы куысты хуыздæр мадзæлтты фæдыл. Алексей Красильников куыд загъта, афтæмæй картофы мыггæгтæ райрæзын кæныны хъуыддаджы Ирыстоны селекционертæ раззагдæр сты, фæлæ иннæ рæтты ацы фарста бынтон зæрдæмæдзæугæ нæу:

— Нæ бæстæйы бирæ регионты райдыдтой картоф æфснайыны куыст, æмæ, афтæ куы зæгъон, бæрзонд тыллæг исынц, зæгъгæ, уæд раст нæ уыдзынæн. Хус рæстæг æмæ тыхджын уарынтæ, их бахъыгдардтой хъæууонхæдзарадон культуртæ. Уæлдайдæр мæнæу, сысджы. Картоф уал ныры онг систам 400 мин тоннæйы. Зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ Уæрæсейы бирæ хъæутæ федзæрæг сты, быдыртæ та — хъамылы бын æмæ кæд раздæр 2 милуан гектары картоф сагъд цыдис, уæд ныр уыцы нымæц 624 гектары фæкъаддæр. Уæлдæр куыд загътон, хъæуты быдыртæ æнæкондæй кæй баззадысты, уымæ гæсгæ. Уыцы уавæр нын хъуамæ нæ къухтæ ма ‘руадзын кæна, фæлæ дарддæр архайæм картофы куыст ноджы тынгдæр райрæзын кæныныл, — ахæм уыд йæ хатдзæг.

Семинар цæудзæн дыууæ боны. Фыццаг бон æппæт архайджытæ дæр ацыдысты Джызæлмæ, куыстуат «Бавари»-йы базæмæ, дыккаг бон та ацæудзысты Уæллаг Зджыдмæ, «Фат-Агро»-йы питомникты нырыккондæр уавæртæ фенынмæ.

САУТÆТЫ Тамилæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here