Æнусты фæлтæртæн — фæзминаг

0
482

 

Æвæдза, адæймаг цас зондджындæр у, уый бæрц адæмимæ йæ ахастытæ куыд хуымæтæгдæр сты! Æфсады полчъы скъола каст куы фæдæн, уæд мæ дарддæр службæмæ арвыстой горæт Буйнакскмæ. Уым бацагуырдтон артиллерион дивизионы командиры. Мæ гæххæттытæ йæм куы равдыстон, уæд сыстад æмæ мыл бацин кодта, Цæгат Ирыстонæй кæй дæн, уый тыххæй

— Æз Дзæуджыхъæуы службæ кодтон, — загъта мын майор. — Мæ мыггаг

— Кардзая, дæн абхазаг. Мах, кавказæгтæ, службæйы дæр хъуамæ уæм фæзминаг, уæлдайдæр — ирæттæ. Сымахыл стырдæр хæс æвæрд ис.

Кардзая мын ранымадта нæ зындгонд инæлæртты. Ноджы уыцы рæстæг Цæгат Кавказы æфсæддон зылды сæргъы лæууыд Плиты Иссæ, Прибалтикæйы зылды та — Хетæгкаты Габо. Стыр бæрнон бынаты куыста Мамсыраты Хаджумар.

Фæллойы ветеран, завод «Электроцинчы» раздæры хъазуатон кусджытæй иу, ногираг куырыхон хистæр Хъесаты Агуыбе Дзæуджыхъæуы горæты хицауадæй куры, цæмæй Хаджийы номхæссæг уынджы йын Терчы былгæрон цыртдзæвæн сæвæрой. Уый тыххæй сæм ныффыста курдиат-фæндон. Уым зæгъы, зæгъгæ, ацы хъуыддагæн кæд мæн æххуыс бахъæуа, уæд цæттæ дæн алыхуызы дæр: материалон æмæ фæкæсынмæ дæр.

Цымæ цæмæн афтæ стыр иузæрдион у, нæ ирон кад æмæ намыс æппæт Советон Цæдисæн йæ хорз удыхъæд æмæ хъæбатырдзинадæй чи базонын кодта, уыцы зындгонд инæларыл. Уынгæ дæр æй æрмæст иунæг хатт куы фæкодта. Фæлæ йын иу фендæй дæр йæ хионы аудындзинад йæхиуыл банкъардта, Венгрийы зæххыл куы службæ кодта, уæд. Сæ æфсады командæгæнæг уыд æмæ йæ бацагуырдта, баххуыс ын кодта, цæмæй йæ службæ æнаиппæй ахицæн кодтаид.

Æфсады службæ кæнгæйæ йын йæ аудындзинад æрмæст Хъесайыфырт нæ банкъардта. Ахæм цау ма нын радзырдта Дамзаты Эльбрус дæр.

Цæвиттон, Дамзаты Эльбрус 1956 азы æфсады службæ кодта Фæскарпатты æфсæддон зылды. Уый дæр каст фæци полчъы скъола, уыд сержант. Уæд сæм иуахæмы æрыхъуыст, цы æфсады службæ кодта, уымæн, дам, командирæй æрæрвитдзысты номдзыд инæлар Мамсыраты Хаджумары. Ирæттæ бирæ уыд се ‘фсады: салдæттæ, курсанттæ, сержанттæ, афицертæ, æмæ уайтагъд хъус-хъус ацыд хабар, цин кодтой сæхимидæг.

Уалынмæ, æцæгдæр, Мамсыраты инæлар æрбацыд се ‘фсадмæ. Плацы сæ рæнхъ-рæнхъ ралæууын кодтой афицерæй, салдатæй. Семæ зонгæ кодта.

— Æфсæддон æгъдаумæ гæсгæ нын салам радта. Махæн дæр нæ дзуапп уæлдæфы ныннæрыд, — дзырдта Эльбрус. — Стæй рæнхъытыл разылд æмæиу, кæй цур æрлæууыд, уый-иу раст алæууыд æмæ йæхи амыдта.

Полчъы скъолайы курсанттæм куы æрбахæццæ, уæд Дойаты Таймуразы раз æрлæууыд. Кæд, ирон кæй уыд, уый хуызæй бафиппайдта. Таймураз раст алæууыд æмæ сдзырдта:

— Курсант Доев!

Хаджумар æм гæзæмæ мидбылхудгæ комкоммæ ныккаст, стæй йæ иронау фæрсы: — Джызæйлаг ма у?

— Джызæйлаг дæн, — дзуапп радта иронау Таймураз.

— Фехъуыстон, ирæттæ ацы æфсады бирæ ис. Фадат куы фæуа, уæд ма сæ амбырд кæн æмæ мæм сæ æрбакæн.

— Цасдæр рæстæджы фæстæ фембæлдыстæм, — зæгъы Эльбрус. — Уый мах хъуаг нæ уыд, фæлæ мах уый хъуаг уыдыстæм. Йæ куырыхон æмæ хионы зондамынд, рæвдаугæ хъæлæс нæ ныфс бауагъта. Зыдтам æй, кæдфæнды дæр ныл фæхæцæг кæй ис, æмæ æдæрсгæ службæ кодтам, йæ ном ын хъуыды кæнгæйæ, нæхиуыл нæ ауæрстам æмæ нæ разæй никæй уагътам.

Ахæм ныфсы, кады æмæ разæнгарды хос уыд службæгæнæг ирон лæппутæн. Сæрыстыр дзы уыдысты æмæ сты æппæт ирон адæм дæр. Уый хуызæн æппæт Советон Цæдисæн зындгонд ирæттæ стæмтæ уыд æмæ ис. Уыдон хъуамæ фæзминаг уой æппæт ирон фæлтæртæн дæр.

Раздæры азты, Мамсыраты Хаджи ма удæгас куы уыд, уæд ын ирон адæм тынгдæр аргъ кодтой, йæ хъæбатырдзинæдтæ, йæ лæгдзинæдтæ йын хуыздæр зыдтой. Стæй хистæр фæлтæрæн сæ патриотизм фидардæр уыд. Уæлдайдæр — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, советон адæм историйы цыфыддæр знаджы йæ лæгæты куы ныххурх кодтой, уый фæстæ. Плиты Иссæ æмæ Мамсыраты Хаджумарæн Ирыстонмæ сæ алы ссыд дæр ирон адæмæн уыд бæрæгбоны хуызæн. Уыдон зæрдиагæй архайдтой республикæйы политикон æмæ æхсæнадон хъуыддæгты.

Хаджумар сусæгкуыстгæнæг уыд, æмæ-иу Ирыстонмæ йæ алы æрцыдæн дæр æргомгæнæн нæ уыд. Ахæм рæстæг-иу æй фысымуаты, уынджы æнæнхъæлæджы исчи куы федта, уæд-иу сæ цинæн кæрон нал уыд. Æз хорз хъуыды кæнын, газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг, хæстон лæг Цогойты Геор-иу фысымуат «Интурист»-ы Хаджумаримæ йæ фембæлды тыххæй куыд æхсызгонæй дзырдта, уый. Æхсайæм азты иу ахæм æрцыды рæстæг ацы фысымуаты йемæ фембæлд дзæнæтыбадинаг Мамсыраты Мурат дæр. Мурат уæд радиойы куыста æмæ йæ уырдæм фæхуыдта йе ‘мкусджытимæ фембæлынмæ. Радиокомитеты иу змæлæг дæр нал баззад — иууылдæр ныххæррæтт кодтой Хаджиимæ фембæлдмæ, йæ фенынмæ, зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхас кæнынмæ.

— Рагацау нын загъта, мæ ныхæстæ лентыл, стæй гæххæттыл дæр фыст куыд нæ цæуой, — арæх нын-иу дзырдта Мурат газет «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, — инæлар уæвгæйæ тынг хуымæтæг уыд. Йæхæдæг нын цы радзырдта, уымæй уæлдай ма йæм журналисттæ бирæ фæрстытæ радтой. Фарстой йæ, Гитлеры фындзы бынæй йын фельдмаршæл Паулюсы бинонтæ Советон Цæдисмæ радавын куыд бантыст, хæст цыренæй-цырендæр куы кодта, уыцы рæстæджы! Гадзрахатæй рацæуæг Пеньковскийы куыдæй раиртæста æмæ æндæр стыр цæмæйдæрты. Йæхæдæг нын радзырдта, Алжиры уырдыгон мыггаг æмæ номимæ сусæг куыст куыд кодта æмæ ахæстонмæ куыд бахауд. Ахæстоны та уыд дурæфтауæн æмæ дурсæттæн карьеры гом арвы бын, хурсудзæн бынаты. Мæхицæн, дам, фервæзын æнхъæл нал уыдтæн, фæлæ йæ уыцы хъизæмары бынатæй йе ‘мбæлттæ адавтой.

Мæнмæ Мураты ныхæстæй уæлдай цымыдисагдæр фæкастысты СЦКП-йы ЦК-йы секретарь М. Суслов æмæ Хаджийы ахастдзинæдтæ. Цæвиттон, 1942 азы рагфæззæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты мæлæтхæссæг пиллæттæ бæстæ араугæ сцæйхæццæ кодтой Ирыстонмæ дæр. Адæм суыргъуыйау сты, сæхи цæттæ кодтой цыфыддæр знагæн ныхкъуырд раттынмæ. Æрбацæуæнты, кæмттæм бахизæнты фидæрттæ арæзтой, æрхытæ къахтой. Æппæт уыцы куыстытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, разамынд лæвæрдта бынæттон хицауад, йæ хъус сæм дардта бæстæйы æмæ æфсады разамынд. Уæд Ирыстонмæ фæдисы Мæскуыйæ бирæ бæрнон лæгтæ ссыд, комкоммæ Сталины æрвыст чи уыд, ахæмтæ дæр. Уыдонæй иу М. Суслов — Хъахъхъæнынады советы уæнг. Уый ам бæрæг кодта знаджы кæмттыл Фæскавказмæ ахизын ма бауадзыны, Грознайы нефтмæ, уырдыгæй та Бакумæ йæ абырсыны фæнд бакъуылымпы кæныны гæнæнтæ. Йемæ бынæттыл зылд Мамсыраты номдзыд инæлар Хаджумар дæр.

Адæм, æнæхъæн Цæгат Кавказы дзыллæтæ дæр æмбæрстой сæ уавæр, иузæрдион уыдысты сæ Райгуырæн бæстæйыл æмæ иу адæймагау æрлæууыдысты йæ бахъахъхъæныны фарс, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, удуæлдай куыст кодтой. М. Суслов разы уыд йæ балцæй, æмæ йæ иу æнцойбон Мамсыраты Хаджи, куыд фысым, ирон лæг, афтæ фæхуыдта сæхимæ Олгинскæмæ

«Уазæг — Хуыцауы уазæг», — фæзæгъынц ирон адæм, фæлæ йæ бынтон Хуыцауы бар нæ ныууагътой Мамсыратæ. Уæды рæстæджы ирон хъæууон бинонты къух цы амыдта, уымæй фæсвæд нæ алæууыдысты. Æмæ уайтагъд цыты уазæджы фынг ацæттæ. Ирон адæммæ йæ уазæджы сусæгæй ничи хынцта, кæй зæгъын æй хъæуы, сыхæгты хистæртæй кæмæдæртæм дæр фæдзырдтой.

Фынджы фарсмæ рабадтысты. Фыд Джиор — хистæрæн, йæ фарсмæ рахизæрдыгæй дыккаг хистæрæн Михаил Суслов. Хаджи йæхæдæг та арахъы цайданимæ æрлæууыд уырдыг. Уырдыгыстæг йæ хъус дардта фынгæвæрдмæ дæр, алыхуызон лæггад кодта цæлгæнджытæн, рæвдз сын æххæст кодта сæ фæндæттæ.

Суслов дисгæнгæ каст Хаджийы фезмæлдмæ, фынджы æгъдаумæ, ахæм зындгонд æмæ бæрнон адæймаг хуымæтæг зæхкусджытæн куыд лæггад кодта, уымæ. Æмæ сæ йæ зæрдыл бадардта. Хаджумаримæ сæ хæлардзинад ахаста кæронмæ æмæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йын-иу Олгинскæйы сæ фынджы бадт йæ зæрдыл арæх æрлæууын кодта. Хъазгæйæ, дам, мын-иу афтæ: «Ды та цæй инæлар дæ, дæхæдæг колхозонты раз салдатау раст уырдыг куы лæууыдтæ!»

Уыцы зонгæдзинады фæрцы та йæм иуахæмы телефонæй хионау куы æрбадзырдта, уæд ын нæ басусæг кодта, ССР Цæдисы уæды хъахъхъæнынады министр маршæл Георгий Жуков ын цы ног хæс бабар кодта, уый йæ зæрдæмæ кæй нæ цæуы.

Хъуыддаг та, дам, уый мидæг уыд, æмæ йæм Жуков фæдзырдта æнæнхъæлæджы. Бахæс ын кодта Мæскуыйы бынмæ ахæм æфсад æрæмбырд кæнын æмæ сæ афтæ бацæттæ кæнын, кæдæмфæнды дæр сæ куы арвитай, уæддæр дын дæ бардзырд æнæдызæрдыгæй чи сæххæст кæна. Мамсырыфырт ын йæ уынаффæйыл фæдызæрдыг — йæ куыст ахæм уыд — æмæ йæ афарста: «Хæст нырма æрæджы куы ахицæн, уæд нæ ахæм æфсады сæр цæмæн хъæуы?» Жуков фæмæсты, йæ бынатæй фестад æмæ йын афтæ: «Мæ бардзырд хъаугъайаг ма кæн! Сæххæст æй кæн!»

Цы гæнæн ма йын уыд, фæлæ ма, дам, афтæ бакодта: «ЦК-йы Президиум мын куы ницы фехъусын кодта?» Уæд Жуков йе стъолы лагъз раласта, сырх папкæ дзы систа, нæ йæ байгом кодта, афтæмæй, дам, мæм æй æвдисы: «Мæнæ дын уый та Президиумы уынаффæ».

Æппæт ацы хабæрттæ Сусловæн радзырдта, йæ кабинетмæ йæм куы фæдзырдта, уæд. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй зындгонд маршæл Г. Жуков рæузонд Н.Хрущевы йæ бынатæй аиуварс кæнынмæ хъавыд уыцы сæрмагонд æфсады хъаруйы фæрцы, æмæ бæстæйы цы змæстытæ, лæгмæрдтытæ æрцыдаид, уый чи зоны. Уыцы бæллæхтæ бæстæйы не ‘рцыдысты Мамсыраты Хаджумары къæрцхъусдзинады фæрцы.

Хаджи ацы ныхæстæ радиокомитеты кусджытæн сусæгæй куы кодта, уæдмæ Г.Жуков æмæ Н. Хрущев дæр пенсимæ æрвыст æрцыдысты. Фæлæ ма ацы хабæрттæ уæддæр сусæггаг уыдысты, æмæ сыл чидæртæ дызæрдыг кодтой. Ныр газет «Комсомольская правда»-йы 2013 азы 9-16 февралы номыры æнæхъæн фарсы æрмæг «Спецназ для маршала Жукова»-йы кæсæм: «Осенью 1957 года в Президиум ЦК КПСС попало письмо генерала Мамсурова, который решил доложить о тайном спецподразделении, подчиненному лично министру обороны и начальнику ГРУ. Тогда началась подготовка к смещению Жукова». Æмæ ма: «На заседании октябрьского (1957 года) пленума ЦК он (Суслов) заявил: Недавно Президиум ЦК узнал, что товарищ Жуков, без ведома ЦК, принял решение организовать школу диверсантов в две с лишним тысячи слушателей… Срок обучения в ней 6-7 лет, тогда как в военных академиях составляет 3-4 года… Товарищ Жуков даже не счел нужным информировать ЦК об этой школе. Об ее организации должны были знать только три человека: Жуков, Штеменко и генерал Мамсуров, который был назначен начальником этой школы. Но генерал Мамсуров, как коммунист, счел своим долгом информировать ЦК об этом незаконном действии министерства».

Гъе, ахæм паддзахадон лæг уыд Мамсыраты Хаджумар. Рæстдзинад дзургæйæ, Сталинæй дæр нæ тарст. Паддзахадон лæг, дам, фидæны фæлтæртыл хъуыды кæны, политик та — йæхиуыл. Паддзахады фидæныл уыд йæ мæт Хаджийæн, стыр Советон Цæдисыл æмæ йæ бирæнацион адæмы фидæныл! Жуков, Горбачев æмæ Ельцинау йæхиуыл нæ уыд. Ельцин цæмæй президент суыдаид, уый тыххæй Советон Цæдис фехæлдта. Мамсыры-фырт йæхиуыл куы хъуыды кодтаид, уæд æм Жуковы хицауады хъахъхъæнынады министры бынат уæддæр æрхаудтаид. Фæлæ йын йæ ирондзинад, йæ адæймагдзинад гадзрахатæй рацæуыны бар нæ радтой. Йæ лæгдзинад та ам дæр рабæрæг. Хуымæтæджы йæ удыхъæд америкаг литературæйы классик Э. Хемингуэй йæ романы сæйраг хъæбатырæн нæ равзæрста. Йæ кад, йæ намыс Ирыстонæй анхъæвзта æппæт Советон Цæдисыл æмæ ахæццæ фæсарæнтæм дæр.

Мамсыраты инæларбулкъон Хаджумарæн æнæнхъæлæджы йæ зæрдæ йæ куыстæй куы ныллæууыд, уæд йæ тæфæбонты Мамсыраты Мурат лæууыд йæ табæты уæлхъус. Куы йæ æвæрдтой, уæд æмæ йæ хæрнæджы фынгыл дæр йæ æмслужбæгæнæг инæлæрттæ, бæрнон лæгтæ Хаджийы тыххæй цæссыгкалгæ цы зæрдæхæларæй æмæ сæрыстырæй дзырдтой, уымæн цытæ бантыст æмæ йын кæнинаг цытæ баззад, уыдон арæх мысыд Мурат, дзырдта сæ махæн. Æмæиу загъта: «Куыд дзырдтой, афтæмæй йæ бирæ конд хъуыддæгтыл абон дæр ма æвæрд ис штамп: «Совершенно секретно».

Ахæм гуырдтæ ис ирон адæммæ, æмæ уыдоны цард, тох, архайд, хъæбатырдзинад, лæгдзинад, рæсугъд удыхъæд, кад æмæ намыс хъуамæ уой фæлтæрты раст хъомылады стыр фæрæз, уой сын фæзминаг. Хъесаты Агуыбе дæр йæхицæн ницы домы, фæлæ архайы рæзгæ фæлтæры хъомыладыл рæстырдæм чи сахаддзæн, ахæм хъуыддагыл. Мамсыраты Хаджумарæн йæ уынджы Терчы былгæрон æвæрын кæны цыртдзæвæн. Хуыздæр та уаид, 26-æм скъолайы раз бæрæг ран æвæрд куы æрцæуид. Цæмæй йæ фылдæр адæм уыной, уæлдайдæр — рæзгæ фæлтæр. Нæ дуг фæлдурæджджын у, компьютертæ, Интернет æмæ æндæртæ — хæрх. Уыдон сæхирдæм аздæхтой адæмы æргом. Цæстыты раз та чи æмæ цы нæ уа, уый рох кæны. Махæн рохгæнинаг не сты, иннæ адæмтæн нæ хорзæй, хъæбатырæй, намысджынæй чи базонын кодтой, уыдон — нæ кады, нæ намысы лæгтæ!

ЦГЪОЙТЫ Хазби

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here