0
1151

 

Суинаг лæппу

Сывæллон куы райгуыры, уæд йæ ныййарджыты сæйраг бæллиц вæййы, цæмæй дзæбæхæй байрæза æмæ адæмы рæгъмæ рацæуа, йæ дзырды уæз куыд уа, йæ алы змæлдæн — кад.

Ахæм бæллицы хицæуттæ уыдысты нæ фæсивæдон фарс «Нæ Иры фидæн»-ы абоны хъайтар Битарты Павелы фыд æмæ мад дæр.

Павел 1994 азы бæркадджын фæззæджы тæмæны куы райгуырд, уæд ын йæ фыд æмæ мады арфæтæй уæлдай йæ уарзон хъæу Уæллаг Санибайы дзырддзæугæдæр лæгтæ Хуыцауæй цы зæрдæзæгъгæ хæрзтæ фæкуырдтой, уыдон абон фæрнæй лæппуйыл цæуынц.

2001 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 44-æм астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 2011 азы. Уыцы аз бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты юридикон факультеты фæсаууонмæ ахуыры хайадмæ. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ йæ каст фæци 2015 азы — райста бакалавры диплом. Йæ ахуыр адарддæр кодта ацы факультеты магистратурæйы. Дыууæ азы фæстæ дзы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта магистры диссертаци.

Лæппу сæрæн куы уа, уæд цыфæнды хъуыддаджы дæр сæрæн уыдзæн, зæгъгæ-иу загътой нæ фыдæлтæ. Ацы хъуыды комкоммæ ахæссæн ис Битары-фыртмæ дæр. Юридикон факультеты фæсаууонмæ ахуыр кодта, афтæмæй 2012 азы боны ахуыры хайадмæ та бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы дæндæгты дохтырыл кæм ахуыр кæнынц, уыцы факультетмæ, æмæ дзы 2017 азы райста специалисты диплом. Абон Павел йæ ахуыр дарддæр хæццæ кæны ацы академийы ординатурæйы ортопедион стоматологийы дæсныйадыл. Уыимæ ма, ахуыр кæм кæны, уым кусы профцæдисты организацийы сæрдарæй.

Лæппуйы царды сæйраг нысан ахуыр кæй у, уый йæ абоны æнтыстытæй дæр бæрæг æмæ бæлвырд у, фæлæ цыфæнды æрыгон уды дæр æнæсæвзæргæ нæ вæййы цавæрдæр æндæр, хиирхæфсæн, зæрдæйæн цин чи фæхæссы, ахæм курдиатæн. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, ахæм курдиат сæвзæрд Павелы зæрдæйы дæр — йæ хъус адардта зарынмæ. Æмæ кæд амæй размæ аивад йæ зæрдæмæ цыд, уæд ныр та ссис йæ царды æппæты ахсджиагдæр цинхæссæг уавæр. Йæхиуыл æвæллайгæйæ куыста, архайдта районы æмæ горæты алыхуызон конкурсты. Фæлæ цалдæр азы размæ йæхи фæлварын райдыдта профессионалон вокалы. Йæ разамонæг Виктория Гаспарянцы амындтыты æмæ Павелæн йæхи тырнындзинады фæрцы йын ис æнтыстдзинæдтæ. Цыбыр рæстæгмæ йын бантыст архайын фестивальтæ «Уæлахизы уалдзæг» (райста дзы дыккаг бынат) æмæ «Best of the best»-ы.

Зарæггæнæджы сусæгдзинæдтæ хуыздæр куы базыдта, уæд йæ фыццаг фæлварæн уыд, Бесаты Артур ныхæстæ æмæ мелоди кæмæн ныффыста, уыцы зарæг «Милая, жди». Зарæг фæстæдæр фæзынд «Кавказ радио»-йы уылæнтыл. Адæм æм зæрдиагæй хъуыстой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Битары-фыртæн æхсызгон куыд нæ уыдаид, йæ зарæг радиойы уылæнтæй кæй райхъуыст, уый. Фæлæ йын адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Бынтон æнхъæл та уымæн нæ уыд, æмæ йæ ацы зарæг 2013 азы æвзæрст кæй æрцæудзæн регионалон музыкалон проект «Песня Кавказа2013»-мæ.

Ацы проекты архайдтой сæдæйæ фылдæр æрыгон «хъæлæсы». Се ‘ппæты æхсæн Павел ссис дыккаг къæпхæны лауреат.

Лæппуйы куы бафарстой йæ æнкъарæнты тыххæй, уæд загъта, тынг кæй тыхст, уымæн æмæ ахæм стыр мадзалы амæй размæ никуы архайдта. Уый хыгъд æй тынг разæнгард кодтой йæ бинонтæ, хæлæрттæ æмæ æмбæлттæ. Æппынæдзух сын дардмæ дæр æнкъардта сæ зæрдæхæлар аудындзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны юрист, фидæны дохтыр йæ цард зарæгимæ сбæттинаг нæу, уæвгæ уый наукæйы раз худинаг дæр уыдзæн, фæлæ йæ бæлвырд зоны, йæ сæйраг куыстæй уæлдай йын цыдæриддæр уæгъд рæстæг уа, уый æнæвгъауæй кæй хардз кæндзæн зарæгыл.

Фæбæрæг кæнын хъæуы уый дæр, æмæ, цалынмæ ацы æрмæг цæттæ кодтам, уæдмæ Павелы сæвзæрстой РЦИ-Аланийы профцæдисты фæсивæдон комитеты сæргълæууæгæй.

Æрыгон цардбæллон лæппуйæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй, цы фæндаг равзæрста, ууыл сæрæн, уæнгрогæй цæуа. Нæ Ирæн басгуыхæд разагъды лæгæй.

 

Ирон æвзаг уарзы

Мæдинæ Джафарова азербайджайнаг чызг у. Иронау хорз дзуры, Кировыхъæуы Культурæйы хæдзары драмон къорды архайы. Йæ разамонæг Гаджиты Фатимæ дзы афтæ зæгъы: «Курдиатджын сывæллон у. Нæ хъуыддаджы хорз миниуджытæй разынд. Нысанмæ тырнындзинад нæ сафы».

Мæдинæ йæхи иронау Джафарты чызг хоны. Ис ын мад, фыд, дыууæ æфсымæры. Кировыхъæуы скъолайы 5-æм къласмæ бацыд. Бинонты æхсæн азербайджайнагау дзуры, хæдзарæй æддæ та — ирон æвзагыл. Литературæ уарзы. Къостайы «Сидзæргæс» зæрдывæрдæй кæсы. Библиотекæйæ арæхдæр ирон авторты уацмыстæ райсы.

Мæдинæ кафгæ хорз кæны. Азербайджайнаг чызгæн ныридæгæн ирон цагъдмæ йæ уæздан къахайст æмбисонд фæцис. Æвзонг солисттæ, уæдæ зарæг бæрзонддæр чи сисдзæн, зæгъгæ, кæрæдзи фæфæлварынц. Мæдинæйы хъæлæсыуаг сæм фидауцджындæр фæкæсы.

 

Адджын сайды бæсты риссаг рæстдзинад

(Аргъау)

Раджыма-раджы иу хохаг хъæуы тынг хæларæй цардысты мад, фыд æмæ дыууæ сыгъзæринкоцораджын лæппуйы. Бинонты фыд кусгæ кодта, мад та æххæст кодта хæдзары змæлдтытæ æмæ йæ цæст дардта сабитæм. Афтæмæй бинонтæ ницы хъуаг æййæфтой. Фыд архайдта ууыл, цæмæй йæ лæппутæ æгъдауджын æмæ фæллойуарзагæй рæзой. Фæлæ-иу хатгай йæ ныфс асаст, дарддæр цы кæна, уый-иу нал æмбæрста.

Уый та уымæн, æмæ сæ кæстæр фырт фæцалх алыхуызон мæнг ныхæстыл, æмæ-иу йæ гæдымитæ æцæгмæ разылдысты. Фыдæн уый тынг хъыг уыд. Катайы æмæ мæты бацыд, сыхæгты зæрдæхудтæй тæрсгæйæ.

Уæд фыды иу сæрдыгон райсом бахъуыд æндæр хъæумæ куысты фæдыл фæцæуын. Йæхи куы срæвдз кодта, уæд йæ лæппутæм фæдзырдта æмæ сын карзæй бафæдзæхста, цæмæй сæ мадæн æххуыс кæной хæдзары куыстыты, стæй цæхæрадоны картофы хуымтæ барувой.

Фыд куы ацыд, уæд лæппутæ исты бакусыны бæсты кæрты æнгуз бæласы бын æрбадтысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, сæ мад сын сихор кæд æрцæттæ кæндзæн, уымæ. Уалынмæ сæ хъустыл ауад сæ сыхаг лæппуты хъæр. Уыдон цыдысты доны былмæ сæхи найынмæ. Адон сæ куы ауыдтой, уæд быруйы сæрты агæппытæ кодтой æмæ сæ фæдыл ныййарц сты.

Рæстæг цыд, фæлæ лæппутæ сæхимæ нæ тагъд кодтой. Уалынмæ фыд дæр æрыздæхт. Йæ фыртты сæхимæ не’рбаййæфта, фæлæ йæ фæдзæхсытæ æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый йын æхсызгон уыд. Уый хыгъд бафиппайдта, йæ бинойнаг æнæфæразгæ кæй у, уый. Уæдмæ сывæллæттæ дæр хæдзармæ æрбахызтысты. Мад,йæ рыст тыххæй уромгæйæ, фынгыл хæринаг æрæвæрдта. Хæргæ-хæрын фыд йæ сабитæй æппæлыд, картофы хуым хорз кæй барывтой, уый тыххæй. Фæлæ лæппутæ нæ тагъд кодтой сæ магусадзинадыл басæттынмæ, æрмæстдæр кæрæдзимæ сусæгæй бакæс-бакæс кодтой. Уалынмæ сæ мад бынтондæр æрлæмæгъ æмæ бауадзыг.

Лæппутæ йæм базгъордтой,йæ цуры алæууыдысты æмæ зæрдæбынæй ныккуыдтой, нæ зыдтой, цæмæй йын феххуыс кæной, уый. Æвиппайды цæлгæнæн ныррухс, æмæ сæ цуры февзæрд зæды æнгæс лæг. Уый йæхи кæстæр æфсымæрмæ разылдта æмæ йын загъта: «Æз дын нæ фæдзæхстон, иунæг гæды ныхас дæр ма куы скæнай, уæд дæ мад адзалы къахыл ныллæудзæн»… Лæппу, йæ цæстысыг калгæйæ, зæхмæ йæ сæр æруагъта. Æппынфæстаг басастысты, хæдзары æппæт куыстытæ дæр сæ бæсты мад кæй бакодта. Бамбæрстой, цыфæнды зын куы уа, уæддæр рæстдзинад дзурын кæй хъæуы. Фæлæ мадæн йæ уавæр нæ хуыздæр кодта. Уæдмæ фыды зæрдыл æрбалæууыдысты кæстæр лæппуйы ныхæстæ, дзæбæхгæнæн кæрдæгæй рынчыны цæсгом куы асæрфай, уæд йæ низæй фервæздзæн,зæгъгæ. Фæлæ уыцы кæрдæг кæм ссардæуа?

Æвиппайды арвы астæуæй хур тынгдæр тавын райдыдта, æрбадымдта,уæлдæфы рахæсс-бахæсс кодта кæрдæджы хæрздæф. Æмæ мæнæ Царциаты диссаг! Лæппуты цæстысыгтæ кæдæм æрхаудысты, уым æрзад уыцы кæрдæг. Æртæйæ дæр дзы фæйнæ къалиуы æртыдтой æмæ дзы сылгоймаджы цæсгом æрсæрфтой. Уайтагъд йæ рустæ фæстæмæ цардхуыз адардтой. Æрчъицыдта. Цы кодта, уый дзы ферох. Мидбылты худти йæ хъæбултæм æмæ сын адджын хъæбыстæ кодта.

Уæдæй фæстæмæ лæппутæ мæнг дзурынæй сæхи хызтой. Сæ зæрдыл бадардтой зæды ныхæстæ: «Адджын сайды бæсты риссаг рæстдзинад хуыздæр у!»

КОЛЫТЫ Зæирæ

 

ГЕГКИТИ Сослан

Дортæ ма цæхъалтæ

Билгæрони дон — тæхдон.

Дæнтти зармæ

Амии тавуй цард æхе

Бæнтти гъармæ.

Хори тунæ рæубазур…

Арфæгондæй

Фарни хæццæ æрхезуй

И бæрзондæй.

Сурсургæ уайуй дон,

Дортæн заруй.

И дортæмæ æгирид

Неци гъаруйæ.

Исфæлмаст æнцæ тæвдæй

Хори буни.

Цæхъалтæн ба сæ тæмæн

Хори туни.

 

Уорсдони билæбæл

Æд сур-сур æма хæл-хæлтæ

Гъазуй базуртæй цæхъал.

Ковæги арфæ — æ зæлтæ,

Зæрдæн исунцæ æмбал.

 

Дон искарз кæнуй æ уадæ,

Уолæн уолæнбæл æхсгæй.

Заруй æрдзæн æвæлладæй

Дорти ростæ æхснæнгæй.

 

Фертайунцæ сувæллæнттæ,

Фертайунцæ сæ фæндон,

Ку ‘ркæнунцæ тæвдæ бæнттæ,

Ку ‘ркæнунцæ сæрдигон.

 

Сæрдигон бонæн æ даргъи

Мæ сабий бæнттæ еу бон,

Мæнæн дæр цæхъалти саргъи

Раевгъудæнцæ дон-дон.

 

Æд сур-сур æма хæл-хæлтæ

Гъазуй базуртæй цæхъал.

Ковæги арфæ — æ зæлтæ,

Зæрдæн иссæнцæ æмбал.

 

Фидибæстæй идарди

Æркæлунцæ, уо, ме уæнгтæ

Байсусæгау ниццæй уод.

Фидибæстæ — мæ уедæгтæ,

Ма йе ной дæн нур æнод.

 

Фæддон унцæ мæ зæнгитæ,

Мæ зинæй нæййес ледзæн.

Зæрдæ никкæнуй фæркитæ,

Райгурæнæй фæххецæн.

 

Ес бæргæ гъæздуг бæститæ,

Дессаг рауæнтæ дæр ес.

Зæрдæ бæлуотæ бæститæ,

Хе бæстæй уæлдай нæййес.

 

Кайгæ хуарз лæсуй мæ цармæй,

Мæ гъуддаг мин лæдæрд æй,—

Ке молон абони армæй

Уой мулд кæндзæнæн зæрдæй.

 

Къостай имисæнæн

(Малити Геуæргийæй)

 

Римæхсгæй уоди фудæбæнттæ

Е ‘дард æрвадæбæл тухстæй,

Ма е ‘мдзæвгæ — уоди тæмæнтæ —

Кæугæ ‘фсæйнагау игъустæй.

 

Е ергъæвгæнæг дзилли барæ

Зардта рæстдзийнадæ ‘ма уарзт

Ма стъалути ‘рттивд — сæребарæ —

Æдзард ке ‘й — кæми ‘й тогæзманст.

 

Ке уæлдæр царди ‘мбарунадæ

Махæн хъæма нæ ратдзæй тагъд,

Фал аййевгъудий фæлдистадæ,

Аййев æма цæрдод разагъд.

 

Тухгин титанмæ æмæнгæстæ,

Æрттевгæй ехтæй куд алмаз,

Æ гъос дардта ‘ймæ мегъæмбæрзтæй

Уорссæр, сосæггагон Кавказ.

 

Нийгъос. Фал заргæзæл æмдзæвгæ

Нурма зæрдити игъусуй,

Æма сау зæнхæн, мегътæ цæвгæ,

Æносон хорбæл фæдзæхсуй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here