Поэт, зындгонд журналист Абайты Эдуардыл сæххæст 65 азы

0
557

“Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды, фæлæ ногæй исты зæгъ”

 

 

УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, зындгонд ирон поэт, газет «Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг, Хуссар Ирыстоны Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат Абайты Эдуард йæ æппæт дзырдаивадон курдиаты хъомысæй дзыллæмæ хæссы фыдæлтæ, норст цæхæрау, ивгъуыды цъассыты, фæлтæртæн кæй фембæхстой, дзырдты хуызы, уыцы æвæджиауы хорзæхтæ.

Абайты Алыксандры фырт Эдуард райгуырд 1953 азы Цæгат Ирыстоны, Ногиры. Хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд ЦИПУйы филологон факультетмæ. Эдуард ам аныгъуылд, скъолайы ахуыры рæстæджы фыццаг фæлварæнтæ кæм кодта, уыцы сфæлдыстадон куысты гуылфæнты. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ уыцы азты мыхуыргонд цыдысты газет «Педагогическая смена»-йы. Сфæлдыстадон æххуысы номыл ыл йæ арм дардта номдзыд рухстауæг, ахуыргонд æмæ поэт Джыккайты Шамил. Уæдæ æрыгон поэт литературæйы йæхи аив фæндаг кæй ссардзæн, уæздан, хиуылхæст æмæ фырнымдæй ирон дзырдаивады хуымы йæ дзывыр кæй æрсадздзæн, азæй-азмæ та йæ ауæдзы хахх бæрæг кæй дардзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта нæ зындгонд поэт, хъуыдыгæнæг æмæ трибун.

Университет каст куы фæци Эдуард, уæд æм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм Йæ хæс нæ бæстæйы раз æххæст кодта намысджынæй Сомихы æмæ Камчаткæйы.

1987 азæй фæстæмæ Эдуардæн йæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг æнгом баст у газет «Рæстдзинад”-имæ. Эдуард куыд поэт æмæ публицист у хъуыдыгæнæг. Уыимæ цы æрмæг рацæуы йæ фыссæн сисы бынæй, уый фысгæйæ бахауы æнахуыр зæххон сагъæсты уацары. Æмдзæвгæ кæнæ уац фысгæйæ цы хъуыды кæны, уый фæзæгъы фыдæлты аив æвзагæй рæсугъд. Уымæй хъуыдытыл бафтауы газеткæсджыты хистæрæй, кæстæрæй. Æрдз æмæ адæймаг алы рæстæджыты хæлар æмæ æмхъуыдыгæнджытæ кæй уыдысты, ныр та кæрæдзийæ кæй адард сты, кæрæдзийæн фылдæр хатт знæгтæ кæй фестынц (ацы хъуыддаджы аххос адæймагмæ фылдæр хауы!). Поэт тыхсы уыцы фарстатыл æмæ зæгъы, адæймаг æрдзæн фæстæмæ йæ лымæн куы суаид, уæд йæ уды нал дарид фыдæх æмæ масты марг. Йæ æмдзæвгæтæй иуы кæсæм:

 

Æууæндын къæдзæхбын суæртты сыгъдæгыл,

Æууæндын уæлхох уыгæрдæнты кæрдæгыл.

Æмбарын зымæгон æз бирæгъы катай,

 Бæрзондæй хи цъиусур куы рауадзы фатау.

Æмбарын, æрдзы сконды какон дæр хорз у,

Æууæндын, рынчынæн та калмы марг хос у,

Фыдæлты хæлд мæсыджы дур дæр мын хъарм у,

Мæ зæрдæмæ уымæй дæр адджынад хъары.

Æз не ‘мбарын, адæймагæй куыд ис бирæгъ,

Куыд вæййы цæстысындз кæрæдзийæн бирæ,

Йæ дæлæвзаг, калмау, йæ марг чи фæдары,

Стæй дурæй уæлдай та кæмæ ницы хъары…

 

Философон фæрстытæ нын поэт æвæры нæ размæ. Фæнды йæ, цæмæй сыл арф ныхъхъуыды кæнæм æмæ царды æмæ æхсæнады хорзмæ, уæд та чысыл исты аивыныл бацархайæм. Афтæ куы нæ уа, уæд царды денджыз лакъон кæны, царды быдыры та уардиты бæсты сындзкъутæртæ æмæ хæмпæлгæрдæг зайы:

 

Адджынимæ туаг —

Зæрдæисгæдæр,

Тыгуырдурты бын

Мын мур ницы уыд.

Фæхæцыд мыл бындз,

 Сдæн удисыныл…

 Мæ фадхъулмæты

Уыд сау денджыз та,

Фæластай мæ ды,

Ныр уарыны æртах …

Адджынимæ туаг Зæрдæисгæдæр.

Маст. Цин ын — æнтуан —

 Зæрдæрисгæдæр…

 

Алы азты Абайты Эдуарды æмдзæвгæтæ рацыдысты хицæн чингуытæй: «Кæрдæгдзон къæвдатæ», «Донгуырæн», «Цæххы тæпп». Уымæй уæлдай йе ‘мдзæвгæтæ рæстæгæйрæстæгмæ мыхуыргонд æрцæуынц журналтæ «Мах дуджы», «Фидиуæджы», газет «Рæстдзинад»-ы. Хаст ын æрцыдысты, зындгонд поэт Хъодзаты Æхсар 2012 азы цы антологи сарæзта «Ирыстоны поэзи», зæгъгæ, уырдæм.

Ирыстоны дзырдаивады дæснытæй Эдуарды сфæлдыстадон æрмдзæфы тыххæй йæ рæстæджы æмбæлгæ ныхас чи загъта, уыдонæн сæ фыццагдæр уыд Хъодзаты Æхсар. Уый 1989 азы чиныг «Поэзийы бон»-ы фыста: «Космосон нау нæ, фæлæ хуымæтæджы хæдтулгæ дæр чи никуы федта, ахæм рагон ирон куырыхон лæджы æвзагæй ракæнæн ис абоны æрыгон лæппуйы сагъæстæ. Уый мæ уæлдай тынгдæр бауырныдта, Абайты Эдуарды æмдзæвгæтæ куы бакастæн, уæд. Нейтрон æмæ лазеры æнусы ирон адæмæй рохуаты бирæ дзырдтæ баззад, иу дзырдуаты дæр сын ссарæн нал ис. Уыдон нæртон æфсургътау заманты сау ныккæнды æнæ хицауæй, зылдхъуагæй «схъæддаг сты», сæхицæн агурынц аккаг барджытæ. Мæнмæ гæсгæ, уыцы барджытæй иу у Абайты лæппу: «сапонæхсад, айкæвдылд, сæ акодта», æмæ йын æвæджиуы дугъæттæ басгуыхтысты.

…Æнцон кæсæн, æнцон æмбарæн не сты Эдуарды уацмыстæ. Фæлæ чи загъта поэзийæ, мылытæ йеддæмæ дæндæгтæ кæуыл нæма ис, ахæм æнахъом сабийы хойраг у!»

Кæддæр иннæ зындгонд поэт та афтæ фыста: «Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды, фæлæ ногæй исты зæгъ». Уыцы хуызы куы акæсæм Абайы-фырты сфæлдыстадмæ, уæд дзы рахатдзыстæм, йæ дзырдаивадыл кæй зынынц йæ хъæздыг миддунейы, фыдæлтыккон æцæг æгъдауы, равджы, æрвыгау ирд æмæ суадонау сыгъдæг уды æмæ зæрдæйы, намысы, кады æмæ намысы æууæлтæ. Абайы-фырт кæйдæрау, сфæлдыстадон дунейы цы дуæрттæ ис, уыдон тыхсаст нæ бакодта æмæ нæ кæны. Фæлæ йæ къæсæрæй бахызт иууыл сыгъдæгдæр æмæ рæстагдæр хъуыдытимæ, мæнæ моладзан, æппæты табуйагдæр кувæндоны къæсæрæй куыд бахизы, раст афтæ. Æмæ дзы цы архайы, уый — уæздан, рæсугъдæй. Йæ уды фарнæй адæмы рæгъмæ цы чингуытæ рахæссы, уыдонæн ис дзыллæты зæрдæтæм сæхи сæрмагонд фæндаг. Кæдфæнды дæр поэт цæуы цардыл сагъæсты фæндагыл. Æнæ уыдонæй йын сфæлдыстады монцы ад бамбарæн нæй:

 

Сагъæстæ, сагъæстæ,

Бахаудтæн уæ ахæсты!

Суйтæ къуыбылой мын халын нæ комы.

 ‘Нахъинон тындтытæ,

‘Нахъинон скъуыдтытæ…

 Фæлæ æнæ райдиан кæрон цы зоны?

Сагъæстæ, сагъæстæ,

Бахаудтæн уæ ахæсты!

 Ногæй та агурын, агурын райдай…

‘Нахъинон тындтытæ,

‘Нахъинон скъуыдтытæ.

Цардæн йæ кæронæй разыны райдиан…

 

Абайты Эдуарды поэзийы арæх фенæм фидар бастдзинад ивгъуыд æмæ ныры дуджы æхсæн. Уый фæрцы та нæ бон акæсын у фидæнмæ:

 

Нæртон хъæзтытæй уал нæ хъазут,

Æрцындзы бын темантæ ласут.

Нæ иу кæнут арв æмæ зæхх,

Ныр ма уал мын дæргъ æмæ уæрх.

Сымах мын æрцыдыстут Нартæй,

Æхсæртæг, Ацæмæз, Æхсар.

Æхсæртæг мын — цирхъ, Æхсар та уарт у.

О залым, дæ сæр кæны сар!…

О райс-иу, Ацæмæз, дæ уадындз,

У фидиуæг уадындз хæсты.

Уæ сæрмæ бæсты зæдтæ бадынц

Æмæ уын æххуысгæнæг сты.

Мæ сыст дæр мын нæ амардзæн ничи

 Сымахæй, сыствидис куыйтæ!

Æртæ нæртон суинаг фæринчы…

 Хъару та æнæ ныфс у æрдæг.

Уæ быны, мыййаг, зæхх куы ‘нкъуыса,

 Уæд зонут, зæхх не ‘нкъуысы, рындз,

Мæ фырттæ хæцынц уым хъæбысæй,

Хъæбысæй мæ фырттæ хæцынц…

 

Ам поэт равдыста йæ ахаст нæ фыдæлтæ Нартæм, сæ дуг æмæ сæ лæгдзинады миниуджытæм. Се ‘хсар æмæ намысы фæндагыл, йæ фыртты номæй, æфтауы йæхи цæхæрцæст кæстæрты.

Эдуарды поэзи куыд нуарджын у, афтæ хæдхуыз у хъуыдытæй, æнцонæмбарæн æвзагæй фыст сты йæ публицистикон уацтæ. Йæ æмдзæвгæтæ хъуыды кæнгæйæ куыд хæссы нæ размæ, афтæ йæ уацты дæр æнкъарæм цыдæр æнахуыр удсыгъдæггæнæн тавс. Абайы-фырт арæхдæр фæфыссы фыдæлты цардыл, хистæр æмæ кæстæрты æхсæн бастдзинæдтыл, мадæлон æвзаджы рæзты гæнæнтыл, йæ æвæджиуы хæзнатæ йын бахъахъхъæныл… Уæдæ йын газеты, кæнæ журналы хицæн адæймæгты тыххæй очерк куы рацæуы, уæддæр дзы алчидæр банкъары йæ авторы зæрдæйы цæхæр. Цы рахатæн ис ацы аргъгæнæн хъуыдыты фæрцы Эдуардмæ. Царды йæ удыхъæдæй куыд уæздан, фырнымд æмæ бонзонгæ у, раст сфæлдыстады дæр уыцы хуызы кæны зæрдиаг фæллой. Поэзийы у ногдзинады æмæ хæдхуыз, фæивддзаггæнæн кæмæн нæй, ахæм фæндагыл фидар къахдзæфтæгæнæг, фыдæлты рох дзырдтæ аивады æвзагæй ног хуызы ранывæндæг, дзыллæтæм сæ парахатæй хæссæг. Публицистикæйы арф хъуыдыгæнæг, царды дæнцæгтыл кæмæн æнцайынц йæ уацтæ, æппæты фыццаг адæймаджы миддуне аивадон публицистикæйы æвзагæй равдисынмæ иттæг дæсны чи у, ахæм. Уымæ гæсгæ, Эдуарды сфæлдыстад у иртасинаг, æвзаринаг. Куыд лингвисттæ, афтæ литературæиртасджытæ æмæ фольклористтæ дæр дзы ссардзысты, дарддæры куысты сæ æнæмæнг чи бахъæудзæн, ахæм æрмæг.

Абайты Эдуарды удыхъæды миниуджытæн стыр аргъ чи кæны, ахæмтæ нæ дзырдаивады дæсныты æхсæн бирæ ис. Уыдонæй иу у РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, поэт, ПТРК «Алани»-йы редактор Къадзаты Станислав. Мæнæ нын куыд радзырдта йе ‘мсис хæлары тыххæй: «Арт кæм судзы, фарн дæр уым ис. Æмæ нæ адæмы удварныл дзургæйæ, махæн æппæты табуйагдæр зынг у не ‘взаг. У норст цæхæр нæ мадæлон æвзаг — йæ тавс, йæ хъомыс мин-мин азы фаг.

Афтæмæй абон ирон æвзаг чи цæрæццаг кæны, уыдон цæрæццаг кæнынц нæ дзыллæйы, нæ фидæн. Æмæ уыцы зиууæтты æхсæн бæрæг дары Абайты поэты æрмдзæф. Эдуард цæстмæ æмæ æнхъæлæй «Мæхи равдисыны охыл» нæ архайы, фæлæ йæ уды фарнæй кæны тæккæ ахъаззагдæр хъуыддаг. Æнæуи царды Эдуард, ног чындзау, у æфсæрмыгæнаг, фæлæ поэзийы та — ныфсхаст, нæрæмон. Цæй фæрцы куы бафæрсат, уæд дзырдæфсады фæрцы. О, Абайы-фыртæн нæ мадæлон æвзаджы дзырдтæ сты стъалытау æмæ сын сæ удирдгæнæг рухс тауы махыл дæр. «Дай каждому слову явиться» — фæдзæхста Сергей Аверенцев, æмæ нын Эдуард цал æмæ цал дзырды раздæхта! Æвзаг дзырдтæй хъæздыг кæй у, ацы æмбисонды æцæгдзинад нын куыд дзæбæх равдыстой Хъайтыхъты Азæмæт, Айларты Измаил, Хъодзаты Æхсар æмæ Абайты Эдуарды хуызæн фысджытæ.

Абайы-фыртæн æрми сты нæ нæртон æвзаджы æвæрæнтæ æмæ сæ йæ бон у нывæфтыд ныхас кæнын. Мæнæ уын цалдæр хъуыдыйады йе ‘мдзæвгæтæй:

 

«Митфæлдзæгъдæн митхъæпæнтæ ‘вæры,

Пирæнгæмттæ ‘ппарыс цыма ды…»

 

«Дæ авдæны тъæпæнтæ дын куы суадзын,

Уæд дидинæгау райхæлыс мæ разы…»

 

«Ды Нарты фæткъуыйау мæ цæхæрадоны,

Æрттивыс æрвыгау — æлутоны хос…»

 

Афтæ Эдуарды алы уацмысы хурæргомæй зыны национ колорит. Цæстыты раз цардæгасæй слæууынц æрдзы æмæ хъæууон царды нывтæ. Нæ поэт дзырдæн уыны йæ байбынтæ, йæ фæлгъуызтæ:

 

 

Нæ уромы тæбын æндах де ‘лхуый,

Цонгыл та фæфæуд кæны дæ цонг,

Фæлæ ма, бындар фæуай, дæ цæнгтæ

Ды, ды Гыцци, куыд уромыс, уый зæгъ?..

 

Ахæм æнæнхъæлæджы фæзилæн куыд нæ хъуамæ ныццæва зæрдæйы кæрон! Абайты Эдуардæн мæнæ ацы номарæн дæр уымæн ныффыстон:

 

Царды цинтæй — расыг,

Цъитийау — æвронг,

Ды нæ царды балцы —

Хуры рахиз цонг.

 

 Зæдтæн дæр фæзминаг

Сты дæ тавс, дæ уаз,

Де стихты зæриндаг

 Удæн у æвдадз.»

 

Зындгонд поэты зæрдæбын хъуыдытæм, поэт Абайты Эдуарды тыххæй ма бафтауыны охыл зæгъдзынæн уый, æмæ йыл ацы аз кæй сæххæст 65 азы. Уый фæдыл ын нæ цæст уарзы цардхъомæй, æнæнизæй сфæлдыстады бæрзонддæр рындзтæм схизыны

Эдуарды уды æмæ зæрдæйы цы хорзæхтæ ис, уыдон канд газет «Рæстдзинад»-ы кæсджытыл нæ тауы, фæлæ ма йæ райгуырæн хъæу Ногиры цы сыхы цæры, уыцы сыхæгтæ дæр дзы райгонд кæй сты, аргъ ын кæй кæнынц, уый бæрæг у ацы фыстæгæй.

 

Тæхудиаджы сыхæгтæ

Хорз сыхаг, дам, æввахсдæр у хорз æфсымæрæй, афтæ зæгъы рагон æмбисонд. Уый раст у. Рæстæг æмæ йæ цард раджы равдыстой.

Махæн ахæм хорз сыхæгтыл нымад сты Ногиры Красины уынджы Абайты Эдуарды бинонтæ, йæ цардæмбал Ритæ æмæ сæ хъæбултæ: Æхсар, Æхсæртæг, Ацæмæз, хъæбулы хъæбул Сæрмæт. Æгъдауыл хæст, цæсгомджын. Сыхæн уарзон æмæ лæггадгæнæг хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбул хъомылгæнджытæ сты Эдик æмæ Ритæ.

Хорзы кой дардмæ хъуысы æмæ уадз дардыл айхъуыса нæ сыхы нæртон æмæ амондджын бинонты кой. Ахæм æмбисонд ис. Æцæг лæг, дам, уый у, æмæ чи сарæзта хæдзар, схъомыл кодта лæппу, ныссагъта бæлас. Абайты Эдик хæдзар саразыныл дæр фæфыдæбон кодта, æртæ сæрæнгуырд фырты дæр схъомыл кодта æмæ ма талатæ дæр садзы æдзух нæ уарзон газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл йе ‘мдзæвгæты чингуыты, кæцытæ дидин калынц сæрдæй, уалдзæгæй, фæззæгæй, зымæгæй æмæ нын, ирон адæмæн, дæттынц удварны тыллæг.

Бирæ цард æмæ æнæниздзинад курæм Дунескæнæгæй нæ хорз сыхаг, æмгар, хæларзæрдæ æмæ Хуыцауы сконд сыхæгтæн — Абайты бинонтæн. Сæ хъæбулы хъæбул Сæрмæт авды хистæр бауæд, сæ зæрдæ сæ рухс кæнæд. Ритæ та у амондджын мад æмæ сæдæ азы зæрдæрухсæй фæцæрæд йæ рæсугъд хъæбултæм кæсгæйæ. Арфæгонд уæнт Абайты Эдик æмæ йæ бинонтæ.

 

Ногиры Красины уынджы цæрджытæ ХАРЕБАТЫ Зæирæ æмæ БЕДЖЫЗАТЫ Татьянæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here