Ивгъуыд къуыри дӕр та нӕ республикӕйы спортивон цард хъӕздыг уыд алыхуызон ерыстӕй. Сӕ цымыдисагдӕртӕй иу уыд, номдзыд ирон богал ӕмӕ тренер, ССР Цӕдисы спорты сгуыхт мастер ӕмӕ тренер Гусаты Юрийы ӕрвылазон ӕппӕтуӕрӕсеон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.
Гусаты Юрийы номарӕн турнир азӕй-азмӕ кӕны кадджындӕр ӕмӕ йӕм богӕлттӕ фӕтырнынц куыд Уӕрӕсейы алы рӕттӕй ӕрбацӕуӕг, афтӕ фӕсарӕнтӕй дӕр. Ацы хатт дӕр та Ирыстонмӕ Цӕгат Кавказы регионтӕй уӕлдай сӕ хъару ӕмӕ арӕхстдзинад ӕвдисынмӕ ӕрцыдысты: Хабаровскы, Красноярскы, Кемеровойы, Иркутскы, Новосибирскы, Астраханы, Ханты-Мансийы, Комийы облӕстты, Мӕскуыйы ӕмӕ Бетъырбухы богӕлтты командӕтӕ. Уыдонӕй уӕлдай ерысты архайдтой: Казахстаны, Азербайджаны, Бахрейны ӕмӕ Францы цалдӕргай богалы.
Ӕдӕппӕт Гусаты Юрийы номарӕн турниры уӕлахиздзау суӕвыныл ерыс кодтой 23 азӕй фылдӕр кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм 253 богалы. Уыдонӕй уыдысты, ӕрыгӕтты ӕмӕ ас спортсменты ‘хсӕн бӕрнон ерысты иу ӕмӕ дыууӕ хатты чи нӕ фесгуыхт, ахӕм къорд богалы.
Ерыстӕ гом кӕнгӕйӕ, йӕ архайджытӕ ӕмӕ ӕппӕт уазджытӕн зӕрдиаг арфӕ ракодтой Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Рӕмонты Сослан ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт тренер, ерысты сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Багаты Вячеслав. Ерыстӕ цы дӕс уӕзы цыдысты, уым алкӕцыйы дӕр фыццаг бынат бацахсыныл цыдысты ахъаззаджы тохтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ райдайӕнӕй сӕ кӕронмӕ рауадысты тынг цымыдисаг. Уымӕн ма фӕахъаз уый дӕр, ӕмӕ дзы чи архайдта, уыдонӕй бирӕтӕ тырныдтой фӕсивӕды ‘хсӕн (23-аздзыды) Уӕрӕсейы иугонд командӕмӕ бахауынмӕ.
Фӕсивӕды архайдмӕ лӕмбынӕгӕй касти, ацы кары Уӕрӕсейы иугонд командӕйы хистӕр тренер Мӕргъиты Анатоли. Уый Мӕскуыйӕ ссыди нӕ богӕлтты дунеон чемпионатмӕ бацӕттӕ кӕныны фӕндӕй. Мӕргъийы-фырт куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы иугонд командӕмӕ чи бахауа, уыдон сӕхи цӕттӕ кӕндзысты Хӕдарцаты Асланы номыл Хъӕбысхӕсты академийы.
Ӕппӕты рогдӕр уӕзы (57 кг) ирыстойнаг богӕлттӕй призон бынатмӕ рацӕуын никӕмӕн бантыст. Ацы уӕзы фыццаг бынатмӕ рацыд Азербайджаны минӕвар Ислам Базарганов, 2-аг ӕмӕ 3-аг бынӕттӕ та бацахстой дагестайнаг богӕлттӕ: Хабиб Карачаев (2-аг), Абубакар Муталиев (3-аг) ӕмӕ Муса Мехтиханов (3-аг).
Ирыстойнаг богӕлттӕ зынгӕ хуыздӕр рахӕцыдысты 61 кг онг уӕзы. Хӕдарцаты Алик ӕнӕкъуыхцыйӕ фӕуӕлахиз йӕ ныхмӕлӕуджытыл ӕмӕ кӕронбӕттӕны фембӕлд дагестайнаг богал Ибрагим Абдурахамановимӕ. Алик ӕмбылдта 4:1 хыгъдӕй, фӕлӕ ма кӕронмӕ 15 секунды куы баззад, уӕд рӕдыд ӕруагъта ӕмӕ фӕхӕрд 4:5 хыгъдӕй. Ацы уӕзы ма 3-аг бынат бацахста Тауытты Чермен.
Ирыстойнаг богӕлттӕ ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй баззадысты 65 кг онг уӕзы дӕр. Ацы уӕзы 1-аг бынат бацахста Руслан Жендаев (Краснодары край), 2-аг ссис Иналбек Шериев (Мӕскуы, ЦСКА), 3-аг бынӕттӕм та рацыдысты Муслим Сайдулаев (Цӕцӕны респ.) ӕмӕ Загир Шахиев.
70 кг онг уӕзы 1-аг бынатмӕ рацыд дагестайнаг богал Магомед Абдулкадыров, 2-аг сси Магомед Сурхоев (Мӕхъӕлы респ.), 3-аг бынӕттӕм та рацыдысты ирыстойнӕгтӕ Куыдзойты Алан ӕмӕ Токаты Зауыр.
74 кг онг уӕзы ерыстӕ цыдысты уӕлдай хъазуатондӕрӕй. Ацы уӕзы тох цыди турниры сӕйраг хӕрзиуӕгыл. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Гусаты Юри ацы уӕзы 1971 азы ссис дунейы чемпион.
Гусаты Юрийы номыл сӕйраг хӕрзиуӕг (автомобил «Ладӕ») рамбылдта Разамбек Жамалов (Дагестан). Уый кӕронбӕттӕны фӕуӕлахиз 4:2 хыгъдӕй Тимур Бижоевыл (КБР). Красноярскаг богал Никитӕ Сучков ӕмӕ Магома Дибиргаджиев (Дагестан) бацахстой 3-аг бынӕттӕ. Уӕлахиздзау ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕн хӕрзиуджытӕ радтой Гусаты Юрийы фырттӕ Мурат ӕмӕ Зауыр.
Ирон богӕлттӕй турниры фыццаг уӕлахиздзау ссис Уалыты Радик. Уый фӕуӕлахиз 79 кг онг уӕзы. Кӕронбӕттӕны Радикӕн тыхджын ныхкъуырд радта азербайджанаг богал Абубакар Абубакаров, фӕлӕ Уалыйы-фырт фӕуӕлахиз 4:2 хыгъдӕй. Сӕ уӕзы 3-аг бынӕттӕм рацыдысты Дмитрий Куприн (Краснодары край) ӕмӕ Малик Шаваев (КБР).
Хъырымы республикӕйы номӕй хӕцӕг кӕсгон богал Азамат Закуев 1-аг бынат бацахста 86 кг онг уӕзы. 2-аг ссис Красноярскы минӕвар Александр Кондратов, ирыстойнаг богӕлттӕ Хӕдзарӕгаты Азӕмӕт ӕмӕ Наниты Славик та бацахстой 3-аг бынӕттӕ.
Иттӕг сӕрӕн хӕст ракодта Цӕкулаты Батырбег. 92 кг онг уӕзы кӕронбӕттӕны фӕуӕлахиз дагестайнаг богал Гаджимагомед Нажмудиновыл 4:0 хыгъдӕй. Ацы уӕзы 3-аг бынӕттӕ дӕр бацахстой ирыстойнаг богӕлттӕ Хуыгаты Хох ӕмӕ Бабули Цолоев.
97 кг онг уӕзы Кодзырты Сергей кӕронбӕттӕны фембӕлд дагестайнаг богал Магомедхан Магомедовимӕ. Сӕ фембӕлды фыццаг ӕмбис ахицӕн 4:4 хыгъдӕй, фӕлӕ дыккаг ӕмбисы Магомедов сӕрӕндӕр разынд ӕмӕ фӕуӕлахиз 10:5 хыгъдӕй. Ацы уӕзы 3-аг бынӕттӕ бацахстой Магомед Тагиров (Дагестан) ӕмӕ Коциты Знауыр.
Цымыдисаг рауадысты ерыстӕ уӕззау уӕзы (125 кг онг). Кӕронбӕттӕны 1-аг бынат бацахсыныл фембӕлдысты Минатула Курбанов (Дагестан) ӕмӕ Голоты Витали. Голойы-фырт фӕуӕлахиз 5:2 хыгъдӕй ӕмӕ 1-аг бынат бацахсынӕй уӕлдай сси автомобил «Нива»-йы хицау. Ацы лӕвар уӕззау уӕзы фӕуӕлахизуӕвӕгӕн сӕрмагондӕй снысан кодта нӕ таурӕгъон богал, Олимпаг хъӕзтыты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау Таймазты Артур.
125 кг онг уӕзы 3-аг бынӕттӕм дӕр рацыдысты ирыстойнаг богӕлттӕ Хуыбаты Хасан ӕмӕ Хосонты Азӕмӕт.
Ерысты уӕлахиздзаутӕн ма уыди ноджыдӕр иу автомобил «Лада» — лӕварӕн. Уый хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид 57, 61, 65, 70, 86, 92, 97 кг онг уӕзты чи фӕуӕлахиз, уыдонӕй кӕй хал схауа, уымӕн. Уыцы амондджын хал схауд 86 кг онг уӕзы фӕуӕлахизуӕвӕг Азамат Закуевӕн.
Ерыстӕй тынг разыйӕ баззадысты нӕ уазджытӕ ӕмӕ зӕрдиаг арфӕтӕ кодтой турнир саразджытӕн. Уыдон та уыдысты РЦИ-Аланийы хъӕбысхӕсты федераци, нӕ республикӕйы Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрад, Гусаты Юрийы бинонтӕ.
Баскаты Уырызмӕг














