Ирыстойнаг фӕсивӕды ӕнтыст

0
286

Ацы бонты горӕт Архангельскы йӕ куыст кодта Национ фӕндыртыл цӕгъдӕг ӕрыгон музыкантты С.Сметанины номыл ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс.

Уыцы сфӕлдыстадон ерысы уӕлахиздзаутӕ систы нӕ республикӕйы Культурӕйы колледжы фӕндырдзӕгъдджыты къорд «Ирыстон»-ы уӕнгтӕ.

Аивадуарзджыты зӕрдӕтӕ сӕ дӕсны архайдӕй барухс кодтой колледжы студенттӕ Плиты Ацӕмӕз, Тауытты Витали ӕмӕ Икъаты Давид. Ансамблты номинацийы нӕ лӕппутӕ бацахстой фыццаг бынат. Конкурсон программӕйы фӕткмӕ гӕсгӕ, не ‘взонг фӕндырдзӕгъдджытӕ акодтой ирон композиторты уацмыстӕ. Фестивалы архайджытӕн сӕрмагонд хӕслӕвӕрд та уый уыд, ӕмӕ Архангельскы Аивӕдты колледжы адӕмон инструментты оркестримӕ хъуамӕ ацагътаиккой Сергей Сметанины музыкалон уацмыстӕй иу. Уыцы хӕслӕвӕрдимӕ дӕр ирон лӕппутӕ сарӕхстысты.

Сергей Сметанины номыл ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы ацы хатт архайдтой Мӕскуыйы, Бетъырбухы, Тулӕйы, Саратовы, Волгограды ӕмӕ Воронежы облӕстты, Мордовийы, Хъырымы, стӕй Белоруссийы минӕвӕрттӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here