Культурон бынтӕ бахъахъхъӕнынӕн

0
286

Дзӕуджыхъӕуы фидары сис, Алагиры районы арӕнгӕсы уат «Зылын дуар» ӕмӕ Ӕрӕфы районы Хъаныхъуаты Есейы гӕнах кӕй хӕлынц, ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг активисттӕ рейды рӕстӕг се ‘ргом уымӕ аздӕхтой. Дзӕуджыхъӕуы фидары сис кӕй хӕлы, социалон хызтӕ уый тыххӕй хабар кӕй фехъусын кодтой, уый нымайгӕйӕ, Адӕмон фронты активисттӕ, стӕй дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты ӕмӕ паддзахадон кусӕндон «Аланийы бынты» минӕвӕрттӕ объекты уавӕр сбӕрӕг кодтой.

Ацы азы райдайӕны историон цыртдзӕвӕн бахастам цалцӕггӕнинаг культурон бынты объектты номхыгъдмӕ. Хабар фехъусын кодтам регионы разамындӕн дӕр. Ацы номхыгъдмӕ бахастам Дзывгъисы фидӕрттӕ ӕмӕ Нузалы хъахъхъӕнынадон гӕнӕхтӕ дӕр, — зӕгъы адӕмон фронты регионалон штабы уӕнг Туаты Теминӕ.

Ныридӕгӕн Нузалы гӕнӕхты хай рацарӕзтой. Дзывгъисы иуӕй-иу фидӕрттӕ дӕр хӕдӕвзӕрдӕй ӕрзайӕг бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕй расыгъдӕг кодтой, фӕлӕ Дзӕуджыхъӕуы фидары къулы уавӕр раздӕрау раппӕлинг нӕу. Хицӕн адӕймаг кӕй хицау у, уыцы къул хӕлы.

Ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ кӕй уавӕр раиртӕстой, федералон нысаниуӕджы ноджыдӕр ма дыууӕ ахӕм цыртдзӕвӕны — арӕнгӕсы уат «Зылын дуар» ӕмӕ Хъаныхъуаты Есейы гӕнах дӕр рацаразинаг сты.

«Зылын дуар» нымад у рагон фӕндаггон арӕзтады дӕсныйады ӕвдисӕныл. Арӕнгӕсы уат ӕрбынӕттон Астӕуккаг ӕнусты заман арӕзт фӕндаджы 300 метры дӕргъӕн хайыл.

— Историон цыртдзӕвӕн кӕй уидӕгты аххосӕй хӕлы, объектыл ӕрзадысты ахӕм бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ. Объект ӕвӕстиатӕй рацаразинаг у. Федералон нысаниуӕджы ноджыдӕр ма иу объект — Хъаныхъуаты Есейы гӕнах дӕр раууатмӕ ӕрцыд. Рагон таурӕгъмӕ гӕсгӕ, Есе иунӕг гӕрахӕй знаджы ӕфсад райгуырӕн зӕххӕй ацӕуын кодта ӕмӕ афтӕмӕй хъалонӕй ирон адӕмы фервӕзын кодта. Ныртӕккӕ рагон цауты ӕвдисӕныл нымад мӕсыг хӕлы, — зӕгъы «Аланийы бынты» директор Габоты Людмилӕ.

Эксперты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Зылын дуар», фыццаджыдӕр, хӕдӕвзӕрдӕй ӕрзайӕг зайӕгойтӕй расыгъдӕггӕнинаг у, фӕстӕдӕр та йӕ рацараздзысты.

— Рӕхджы бархионтимӕ иумӕ ацы бынат банывыл кӕнынмӕ хъавӕм, профилон ведомствӕты хӕс та уыдзӕн рацаразӕн куыстытӕ баххӕст кӕнын. Куырдиат кӕдӕм барвыстам, Культурон бынты паддзахадон хъахъхъӕнынады уыцы департаментӕй ӕвӕрццӕг дзуапп райсынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, — зӕгъы Туаты Теминӕ.

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here