Ирон адӕмы азфыссӕг

0
301

«Рӕстдзинад»-ыл сӕххӕст 96 азы. Рацыд дзы 25000 номыры. Ацы нымӕцтӕ махмӕ, абон XXI ӕнусы цӕрӕг ирӕттӕм, алыхуызон газеттӕ ӕмӕ журналтӕ, чингуытӕ ӕмӕ альбомтӕ бирӕ чи федта ӕмӕ кӕсы, хатт ма сӕ зӕрдӕцъӕх дӕр чи свӕййы, уыдонмӕ диссаг нал кӕсынц. Уӕдӕ ма сӕм, ссӕдзӕм ӕнусы райдайӕны, ирон газет ӕмӕ журнал рауадзыныл йӕ уд чи хъардта, йӕ фӕстаг капекк нӕ, фӕлӕ сын йӕ цард дӕр чи нывонд кодта, уыдоны цӕстӕй акӕс. Дӕ зӕрдӕ хурварс абадид, дӕхи уаз къуыппыл бадгӕ фенис.

Даргъ ӕмӕ уӕрӕх у ирон адӕмы истори. Бирӕ фӕхӕрдгӕнӕнтӕ ӕмӕ уырдыджытӕ дзы уыд: рӕзты, сӕрыстырдзинад ӕмӕ хъизӕмайраг дугтӕ. Уӕддӕр алы уавӕрты дӕр ирон лӕг йӕхи ивӕзта рухсмӕ, чиныгмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, раст сты уыцы ахуыргӕндтӕ, ирон адӕммӕ фыссынады фӕзындыл дыууӕ мин азӕй фылдӕр цӕуы, зӕгъгӕ, чи фыссы, уыдон. Фӕлӕ историон зын фыдӕвзарӕнты астӕуккаг ӕнусты нӕ чиныг бахъахъхъӕнын нӕ къухы нӕ бафтыд.

Ӕмӕ та XII-XIV ӕнусты фӕлдурӕджджын азты фӕстӕ ирон адӕм быныскъуыды фӕндагӕй куы фервӕзтысты, уӕд атындзыдтой рухсмӕ, сӕхицӕн чиныг агурӕг. Ӕмӕ та 1798 азы Мӕздӕджы рацыд фыццаг ирон чиныг. Уый уыд Къостайы «Ирон фӕндыр»-мӕ хъавгӕ ӕмӕ къуызгӕ фыццаг къахдзӕф.

Рӕзт ӕмӕ фидар кодта ирон интеллигенци, ирон дзыллӕйы ‘хсӕн ахуыргонд адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Ӕмӕ уыдоны дӕр фӕндыд, цӕмӕй алы ирон дӕр кӕсын, фыссын зона. Раззагдӕр интеллигенци та тырныдта Иры дзыллӕтимӕ мыхуыры фӕрцы ныхас кӕнынмӕ, алы ирон хӕдзармӕ дӕр дунейы адӕмты царды райрӕзты тӕваг бахӕссынмӕ.

Ирон адӕмы хуыздӕр ахуыргонд лӕгтӕ тырныдтой сӕ мадӕлон ӕвзагыл газет рауадзынмӕ. Ссӕдзӕм ӕнусы райдайӕны къордгай лӕгты хъӕппӕрисӕй Уӕрӕсейы алы рӕтты ӕмӕ ам, Ирыстоны дӕр, ирон ӕвзагыл фӕд-фӕдыл рацыдысты цалдӕр журналы ӕмӕ газеты. Фӕлӕ-иу цалдӕргай номыры фӕстӕ, фӕрӕзтӕ сын кӕй нӕ фаг кодта, уый фыдӕй ӕхгӕд ӕрцыдысты. Уӕд фӕзынд, ирон драматургийы бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъойы журнал «Хуры тын» дӕр. Уагъта йӕ йӕхи хардзӕй Бетъырбухы. Стыр хӕстӕ ӕмӕ нысантӕ сӕвӕрдта уӕд йӕ размӕ Елбыздыхъо, хуры тынау ӕй ныккӕсын бафӕндыд йӕ раттӕг адӕмы зӕрдӕтӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст ӕртӕ… Ӕртӕ номыры рауадзын бацис йӕ бон, йӕ къух ӕндӕр нӕ самыдта, куысты мыздӕй цы ӕрӕмбырд кодта, уыдон ын ӕндӕр фаг нӕ систы.

Ӕрлӕууыд ног цардарӕзт. Уалдзыгон мӕры ӕвзартӕ хӕрдмӕ куыд ныггуыпп кӕнынц, афтӕ базмӕлыд бӕстӕ, адӕмы хъӕппӕрис. Ирон ӕвзагыл газет рауадзын рагӕй дӕр йӕ бӕллиц кӕмӕн уыд, уыдон дӕр ӕмгуыппӕй базмӕлыдысты. Банкъардтой, ног паддзахады ӕххуысӕй сӕ бон сӕ мадӕлон ӕвзагыл газет рауадзын кӕй у, уый, ӕмӕ сӕхиуыл нӕ бацауӕрстой. Газет рауадзыныл зӕрдиагӕй чи куыста, уыдон уыдысты нӕ интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕ — «Рӕстдзинад»-ы фыццаг редактор Гӕдиаты Цомахъ, Брытъиаты Цӕра, Барахъты Гино, Гулуты Андрей, Малиты Георги, Коцойты Арсен, Косыраты Сӕрмӕт, Бутаты Аслӕнбег, Мамсыраты Саханджери ӕмӕ иннӕтӕ. Суанг ма сын Берлинӕй ӕххуыс кодта Байаты Гаппо дӕр.

Ирон культурӕйыл, ӕппӕт ирон адӕмыл дӕр 96 азы размӕ, 1923 азы 14 мартъийы, ӕрцыд стыр хорздзинад — нӕ мадӕлон ӕвзагыл нӕм фыццаг хатт рацыд ӕцӕг дзыллон газет, ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой, дунейы адӕмты раззагдӕр тыхтӕ ӕнусты дӕргъы цӕмӕ бӕллынц, сӕ зонд цӕуыл бӕттынц, сӕ хъару цӕмӕн дӕттынц, уый ном — «Рӕстдзинад»! Газет «Рӕстдзинад»-ы райгуырд ирон дзыхӕй дзурӕг алы адӕймагӕн дӕр уыд бӕрӕгбон. Уый алы иронмӕ дӕр равзӕрын кодта сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕнтӕ, ӕмӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты фидар ӕнцойӕн. Ӕххуыс ын кодтой, фыстой йӕм сӕ хъыгтӕ, сӕ зынтӕ, сӕ цинтӕ. Йӕ алы номыр дӕр сын хаста ӕхсызгондзинад, Къостайы ӕмдзӕвгӕтау ӕй къухӕй-къухмӕ истой. Кӕсын чи зыдта, уыдон ӕй иннӕтӕн кастысты хъӕуты Ныхасты, сыхты, бинонты ‘хсӕн, зонгӕтӕн.

«Рӕстдзинад» сын сӕ талынг къуымтӕм хаста дунейы хъӕр, рухсы цъыртт, дзырдта ирон адӕмы царды ахсджиаг лыггӕнинаг фарстытыл, сӕ ивгъуыд, сӕ абон, сӕ фидӕныл. Хуыдта сӕ Къостайы фӕдыл рухсмӕ, хи ӕрӕмбарын ӕмӕ ног цард саразынмӕ.

«Рӕстдзинад» йӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ ссис ирон адӕмы азфыссӕг. Йӕ кусджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон уацхӕсджытӕ йӕ ӕнгом бабастой фӕллойгӕнӕг адӕмы цардимӕ. Уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг уыдысты йӕ гуылфӕны.

Уӕззау, гуыргъахъ, фӕлӕ арфӕйаг фӕндӕгтыл рацыд «Рӕстдзинад» нӕ адӕмимӕ иумӕ. Ирыстоны цы стыр цаутӕ, цы стыр арӕзтӕдтӕ цыд, уыдон дзы ӕвдыст цыдысты сӕ райдайӕнӕй сӕ кӕронмӕ. Уыдонимӕ — Джызӕлдоны ГЭС, Къасарайы фӕндаг ӕмӕ тъунел, Беслӕны нартхоры комбинат, Цӕлыччы къанау, Дзӕуджыхъӕуы ГЭС, ног заводтӕ, фабриктӕ, индустриализаци, коллективизаци, МТС-тӕ, колхозтӕ, совхозтӕ, фондзазонтӕ. Газет уыд фӕллойадон ерысмӕ разӕнгардгӕнӕг тых.

1928 азы Барахъты Гино уыдис газет «Рӕстдзинад»-ы редактор. Уӕд нӕм ирон журнал нӕма цыди, ӕмӕ Гино уадзын райдыдта литературон уӕлӕмхасӕн «Размӕ».

Ӕртынӕм азты газет «Рӕстдзинад»-ы фӕрцы сӕ нӕмттӕ Ирыстоны дӕрдтыл айхъуыстысты ирон фысджыты ног фӕлтӕрӕн: Фӕрнион Къоста, Малиты Георги, Мамсыраты Дӕбе, Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Хъайтыхъты Геор, Бӕдоаты Хъазыбег, Бесаты Тазе, Епхиты Тӕтӕри, Плиты Хадо, Хетӕгкаты Дауыт, Илас ӕрнигон, Багъӕраты Созыр, Дзесты Куыдзӕг ӕмӕ иннӕтӕн.

«Рӕстдзинад» йӕ райдайӕнӕй абонмӕ сси ирон фысджыты фӕлтӕрты сфӕлдыстадон рӕзты куырдадз. Ӕркӕсут-ма нӕ абоны фысджыты царды ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаджы азфыстытӕм. Алы ран дӕр дзы бафиппайдзыстут ахӕм фыст: «Йӕ уацмыстӕ фыццаг хатт мыхуыргонд ӕрцыдысты газет «Рӕстдзинад»-ы, стӕй ма: «Куыста газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы».

«Рӕстдзинад»-ӕй царды вазыгджын фарстыты фӕдыл хъуыст зындгонддӕр ирон фысджыты, ахуыргӕндты, ӕхсӕнадон, политикон ӕмӕ культурӕйы кусджыты фидар ӕмӕ барджын хъӕлӕс. Ӕвдыстой адӕмимӕ сӕ иудзинад, сӕхи бастой йӕ хъысмӕтимӕ.

Ӕмӕ «Рӕстдзинад» йӕ тыхы куы бацыд, йӕ разы ноджы стырдӕр ӕмӕ вазыгджындӕр хӕстӕ куы ӕрӕвӕрдта, ахуыргонд курдиатджын ӕвзыгъд фӕлтӕр дзы кусын куы райдыдта, уӕд ӕрбайхъуыст фыдохы хъӕр — фыдызнаг ӕрбалӕбурдта нӕ Райгуырӕн бӕстӕм.

Йӕ кусджытӕ лӕгӕвзӕрстӕй ацыдысты цыфыддӕр знаджы ныхмӕ тохмӕ. Уыцы тугкалӕн хӕсты Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау редакцийы кусджытӕй хъӕбатырӕй фӕмард фынддӕс цӕрынхъуаг лӕппуйы: ӕлборты Саукуыдз, Дыдарты Владимир, Бокоты Антон, Фӕрниаты Зауырбег, Моргуаты Алыксандр, Едзиты Цини, Хъамбердиаты Хъасболат, Хъуылаты Ладемыр, Дзебойты Хазби, Фидараты Георги, Хъуыргъосты Иван, Суджаты Георги, Дзӕхаты Темырхъан, Гусаты Никъала, Хъесаты Солтан.

 

«Рӕстдзинад» дӕр йӕхи равдыста ӕнӕфӕцудгӕ ӕхсарджын ӕмӕ хъӕбатыр хӕстонӕй. Дардыл хъуысти йӕ нӕргӕ хъӕлӕс: сидти тохмӕ, адӕмты разӕнгард кодта знаджы ныддӕрӕн кӕнынмӕ, фронты чъылдым фидар кӕнынмӕ, парахат кодта дзыллон-патриотон хъомылад, сӕрыстыр уыд нӕ хӕстон хъӕбатырты сгуыхтдзинӕдтӕй, цин кодта ӕмӕ зарыд Уӕлахизы кадыл.

Хӕсты азты газет йӕ фӕрстыл мыхуыр кодта тохы быдырӕй ӕрвыст фыстӕджытӕ, хӕстон фысджыты ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ, уацтӕ, сидтытӕ.

Хӕстӕй уӕлахизимӕ сыздӕхтысты ӕмӕ ӕфсӕддон цинелты сӕ уарзон газеты разӕнгардӕй кусын райдыдтой Цырыхаты Михал, Бутаты Тотырбег, Дзугаты Барис, Хуытъинаты Махарбег, Саукуйты Иссӕ, Тегаты Сулейман, Федор Мамонтов, Томайты Дзантемыр, Дзугаты Савели, Андиаты Мӕхӕмӕт, Айдарты Хъамболат, Бӕдоаты Алисолтан, Хуытъинаты Дӕдӕгка, Хъуылаты Чермен, Джыккайты Федя, Баситы Михал.

Ӕмӕ уӕд газет йе ‘ппӕт тыхтӕ дӕр сарӕзта пырхгонд адӕмон хӕдзарад йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ. Ӕрлӕууыд та ног историон ивддзинӕдты, цауты раззагдӕрты рӕнхъыты. Уыдис, цардмӕ ногдзинӕдтӕ чи хаста, хъазуатонӕй чи куыста, адӕмы хорздзинадыл разӕнгардӕй чи архайдта, уыдонимӕ.

Уӕлӕнгай цӕстӕй никуы каст «Рӕстдзинад» йӕ адӕмы хъысмӕтмӕ. Йӕ равзӕрдӕй фӕстӕмӕ цыдис цардӕн йӕ гуылфӕнты, йӕ ӕрфыты: фыста Ирыстоны базырджын азты истори, куыд у, афтӕмӕй — ӕнӕхин, ӕнӕсайд, рӕстӕй. Ӕмӕ царды цаутӕ ӕрмӕст фысгӕ нӕ кодта, фӕлӕ сын кодта ӕмбӕлгӕ аргъ, газеткӕсджытӕн ӕргом дзырдта ӕмӕ дзуры, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уыдӕттӕ.

Уымӕн кодтой адӕм ӕмӕ паддзахад дӕр «Рӕстдзинад»-ӕн стыр аргъ. 1973 азы ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы Президиум йӕ Указы фыста: «Цӕгат Ирыстоны АССР-йы фӕллойгӕнджыты коммунистон уагыл хъомыл кӕныныл, хӕдзарадон ӕмӕ культурон арӕзтады хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл, тохмӕ сӕ разӕнгард кӕныныл йӕ ӕнтыстджын куысты тыххӕй Цӕгат Ирыстоны республикон газет «Рӕстдзинад»-ӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд орден «Кады нысан».

2000 азы та йын саккаг кодтой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Газетӕн бирӕ майдантӕ ӕмӕ Кады грамотӕтӕ лӕвӕрд ӕрцыд йӕ хъомысджын куысты тыххӕй Советон Цӕдисы ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Журналистты цӕдистӕй, ССР Цӕдисы    ДОСААФ-ӕй, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕрдзхъахъхъӕнӕг ӕхсӕнадӕй ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй.

«Рӕстдзинад» у ирон адӕмы иугӕнӕг тых. Уый никуы дихтӕ кодта ирон адӕмы диалекттӕм, ныхасздӕхтытӕм, хъӕутӕ ӕмӕ кӕмттӕм гӕсгӕ. «Рӕстдзинад»-ӕн уыд, ис ӕмӕ уыдзӕн иу ирон адӕм, ӕмӕ фидарӕй кусы йӕ иудзинадыл, йе ‘нгомдзинадыл. Газеты ахсджиагдӕр темӕтӕй иу у дыууӕ Ирыстоны баиу кӕныны хъуыддаг. Уый у нӕ адӕмы ӕнусон бӕллиц.

Нӕ иумӕйаг уарзон Ирыстонӕн йӕ цин, йӕ хъыджы ӕппынӕдзухӕй йӕ фарсмӕ вӕййы «Рӕстдзинад». Уый дӕр йӕ адӕимӕ иумӕ йӕ уӕлӕ куы йӕ бӕрӕгбоны дарӕс скӕны, куы та — йӕ сау дарӕс. Ирыстоныл Хуссары ӕмӕ Цӕгаты дӕр цы бӕллӕхтӕ, Беслӕны цы ӕвирхъау фыдракӕнд ӕрцыд, уыдон маст бауагътой газеты кусджыты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ нӕ фӕхъӕбӕр, сӕ ныфс нӕ асаст — ноджы фӕбӕрнондӕр сты нӕ адӕмы раз, фӕсивӕды ‘хсӕн фӕтыхджындӕр кодтой патриотон хъомылад, цӕмӕй, хистӕрты намысы тырыса бӕрзонд сисгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр ӕрбалӕууой, къӕрцхъусдӕр уой ацы фӕлдурӕджджын заман, ирон адӕмӕн фыдбылыз чи хӕссы, уыдонмӕ. Уыцы куысты сын хорз ӕххуыс кӕнынц ветеранты республикон Совет, ХъСТО-йы Цӕгат Ирыстоны хайады разамынд.

Фӕстаг азты ирон адӕмы хӕдбардзинады, хиӕмбарынады цы рӕстмӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон хорзӕрдӕм ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фесты газеты куыстыл. Ирыстон сси хӕдбар республикӕ, ирон ӕвзаг нӕм сси паддзахадон ӕвзаг. Ирон адӕмы хъысмӕтыл, нӕ мадӕлон ӕвзагыл стыр мӕтимӕ ныхас цӕуы «Рӕстдзинад»-ы алы номыры дӕр. Къуырцдзӕвӕнӕй рацӕуынӕн фӕндӕттӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ амынд цӕуы газеты ӕрмӕджыты.

Фидарӕй зӕгъӕн ис — «Рӕстдзинад» у нӕ ирон национ культурӕйы ахсджиагдӕр цӕджындзтӕй иу, йӕ артдзӕст, йе ‘мкусӕг. Ӕмӕ йӕ уыцы фарны фӕндагмӕ ракодтой, цы бирӕ курдиатджын лӕгтӕ дзы куыста, уыдон. Уыцы фарны фӕндагмӕ йӕ ракодтой йӕ редактортӕ Гӕдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Косыраты Сӕрмӕт, Бӕдоаты Хъазыбег, Челӕхсаты Аслӕнджери, ӕгъуызарты ӕхсарбег ӕмӕ Хъаныхъуаты Валодя.

Хорз бынтӕ, хорз ӕгъдӕуттӕ ныууагътой редакцийы раздӕры фӕлтӕртӕ. Хорз куысты фӕтк, хорз зондамонджытӕ. Скодтой кад ӕмӕ намыс «Рӕстдзинад»-ӕн ӕмӕ сӕхицӕн. Газеты кусджыты фӕлтӕртӕй никуы уыдзысты рох, «Рӕстдзинад»-ӕн йӕ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нӕмттӕ: Хуымарты Хъамболат, Гагкайты Дзибис, Хацъӕты Валодя, Мыстулаты Дзантемыр, Хъесаты Дафа, Хуытъинаты Махарбег ӕмӕ Дӕдӕгка, Бӕдоаты Алисолтан, Саламты Алихан, Хъараты Уырызмӕг, ӕгъуызарты Георги, Цогойты Георги, Тегаты Сулейман, Хъуылаты Чермен, Хуыгаты Валодя, Саукуйты Иссӕ, Бутаты Тотырбег, Цырыхаты Михал, Хӕблиаты Сафар, Джимиты Хайырбег, Гӕлуаты Аким, Бадриаты Никъала, Толпарты Сослан, Хъаныхъуаты Валодя, Дзугаты Барис, Амилаханты Хизир, Томайты Дзантемыр, Тыджыты Юри, Гуыбаты Чермен, ӕлборты Хетӕг, Мылыхуаты Заретӕ, Тепсыхъоты Зоя, Зыгъуытаты Руслан, Мамсыраты Мурат, Хъесаты Валодя, Цомайты Ростислав, Малиты Хасан, Хъуысаты Барис ӕмӕ иннӕтӕ. Адон иууылдӕр фӕд-фӕдыл ацыдысты ацы дунейӕ. Рухсаг уӕнт!

 

«Рӕстдзинад»-ы куыст бирӕ ахадгӕдӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр кодта ӕмӕ кӕны нӕ ахуыргӕндты, нӕ фысджыты ӕххуысӕй. Дзасохты Музаферы, Хъодзаты ӕхсары, Мӕхӕмӕтты Ахуырбеджы, Цыбырты Людвиг ӕмӕ Герликы, Беруаты Барисы, Гаппуаты Тӕтӕрхъаны, Ходы Камалы, Дауыраты Дамиры, Дзидзойты Валерийы, Дауыраты Зояйы, Агънаты Гӕстӕны, Кокайты Тотрадзы, Дзбойты Михалы, Бзарты Русланы, Гасынты Жоржы, Хуыгаты Сергейы ӕмӕ иннӕты царды ахсджиаг фарстытыл фыст уацтыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлынц газеткӕсджытӕ.

Газеты куыстимӕ дӕсгай азты дӕргъы ӕнгом баст уыдысты ӕмӕ сты хистӕр фӕлтӕртӕй йӕ иузӕрдион ӕхсӕнадон уацхӕсджытӕ: Мамсыраты Ислам, Томайты Шамил, Мырзаганты Махар, Богазты Арсӕмӕг, Ходы Тамерлан, Базраты Фатимӕ, Абайты Зӕлинӕ, Мамиаты Таймураз, Таутиаты Лидӕ, Фӕрниаты Рая, Джерапты Ирӕ, Багаты Сафирӕт, Хозиты Хъуыдӕберд, Гӕлӕбуты Мухарбег, Кцойты Асте, Бутаты Победӕ, Отарты Георги, Гуылӕрты Барис, Цӕрукъаты Азӕ, Къӕбысты Отар, Уӕлыгӕсты Саркис, Хӕмыцаты Раман, Тедтойты Ладемыр, Гаситы Фатимӕ ӕмӕ иннӕтӕ.

«Рӕстдзинад»-ы ӕнгом коллектив хистӕрӕй, кӕстӕрӕй бастдзинӕдтӕ дары, Уӕрӕсейы Федерацийы, раздӕры советон республикӕтӕ ӕмӕ суанг, дард фӕсарӕйнаг бӕстӕты алы рӕтты цы ирӕттӕ цӕры, уыдонимӕ дӕр. Уацхъуыдтӕ йӕм фыстой ӕмӕ фыссынц Мӕскуыйӕ, Санкт-Петербургӕй, Стъараполӕй, Хъӕрӕсейӕ, Краснодарӕй, Туркӕй, Францӕй, Англисӕй, АИШ ӕмӕ Аргентинӕйӕ дӕр.

 

Газеты фӕрстӕй арӕх райхъуысы рӕзгӕ фӕлтӕрты уӕндон хъӕлӕс. Уыдон газеты мидисмӕ хӕссынц ногдзинӕдтӕ, царды уалдзӕджы комулӕфт. Сӕ фыст ӕрмӕджытӕ: уацхъуыдтӕ, уацтӕ, радзырдтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ мыхуыргонд цӕуынц, редакци сын цы сӕрмагонд газет «Нӕ Иры фӕсивӕд», хицӕн спортивон фарс «Зилахар» ӕмӕ летературон къуым «Малусӕг» байгом кодта, уым.

Арфӕйаг куыст бакодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет, журналистикӕйы факультет кӕй байгом кодта, уымӕй. Чи дзы ахуыр кӕны, уыдонӕй бирӕты мыггӕгтӕ арӕх вӕййынц газеты фӕрстыл. Уыдон нӕ, фӕлӕ ма скъоладзауты фыст ӕрмӕджытӕ дӕр.

 

«Рӕстдзинад»-ы ӕнгом коллектив хистӕрӕй, кӕстӕрӕй архайы рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕныныл. Парахатӕй ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй ӕвдисы царды ивддзинӕдтӕ, наукӕ ӕмӕ техникӕйы ногдзинӕдтӕ. Ӕргом кӕны, размӕ цӕуын, рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады нӕ цы цӕлхдуртӕ, ног фӕзындтытӕ хъыгдарынц, уыдон. Адӕм ӕхсызгонӕй кӕсынц йӕ тематикон фӕрстӕ «Нӕ уидӕгтӕ, нӕ Ир, нӕ бӕстӕ», «Куыд цӕрыс, не ‘мзӕххон, кӕмдӕр?», «Адӕймаг. Ӕрдз. Экологи», «ӕнцойбоны фарс», «ӕлутон» ӕмӕ иннӕты мыхуыргонд ӕрмӕджытӕ.

 

«Рӕстдзинад»-ы кусджытӕ, кӕд сӕ сӕ куысты уавӕртӕ тыхсын кӕнынц, уӕддӕр разӕнгардӕй архайынц:

Цӕмӕй газеты ӕрмӕджытӕ адӕмы зӕрдӕты гуырын кӕной ныфс ӕмӕ хорз ракӕнынмӕ хъӕппӕрисы ӕнкъарӕнтӕ.

Цӕмӕй уыдон, сӕ хъару ӕмӕ зонд цас амоны, уый бӕрц ахъаз кӕной Ирыстоны дарддӕры рӕзтӕн.

Цӕмӕй ирдӕй ӕвдисой куыстуарзаг ӕмӕ рӕстаг ирон адӕмы намыс, хъӕбатырдзинад, уӕздандзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы уаг, сӕ сӕрыстырдзинад.

Цӕмӕй газет уа адӕмы ӕцӕг иугӕнӕг «Арфӕйы дзырд».

Цӕмӕй алы адӕймагмӕ дӕр ӕвзӕрын кӕна уды сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕ.

Цӕмӕй алы ирон дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл зона кӕсын ӕмӕ фыссын.

Цӕмӕй ирон ӕвзагӕн уа фидӕн, ирон дзырдӕн ма уа тӕссаг фесӕфынӕй.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here