Ног микроавтобус

0
328

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы ӕххуысӕй Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтты театр «Саби» райста ног микроавтобус. Радтой йын ӕй партион проект «Чысыл райгуырӕн бӕстӕйы культурӕ» ӕххӕст кӕныны фӕткмӕ гӕсгӕ.

Театры аивадон разамонӕг Гӕлӕуты Аслӕнбегӕн хӕдтулгӕйы дӕгъӕлтӕ дӕтгӕйӕ, партийы регионалон хайады нымӕрдар Ортабайты Тимур загъта:

— Дыккаг аз фӕд-фӕдыл театр «Саби»-йы бындурыл ӕххӕст кӕнӕм партион проект «Чысыл райгуырӕн бӕстӕйы культурӕ». Уыцы рӕстӕгмӕ театрӕн радих кодтам 13 милуан сомы. Фарон ын балхӕдтам зӕлон ӕмӕ рухсдӕттӕг ифтонггӕрзтӕ, стӕй йын баххуыс кодтам спектаклтӕ республикӕйы хъӕууон районты равдисынӕн.

Коллективӕн микроавтобус кӕй балхӕдтам, уымӕй райгонд стӕм. Амӕй размӕ театр кӕмӕй пайда кодта, уыцы транспорт базӕронд ӕмӕ хъӕутӕм цыди зынтӕй, ног транспорты фӕрцы та уыдзӕн республикӕйы ӕппӕт сывӕллӕтты бахъӕлдзӕг кӕныны фадат. Коллективӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы ног сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдтӕ.

— Уе ‘ххуысы тыххӕй — бузныг. Театры коллектив гастролты арӕх цӕуы, ӕмӕ нын ацы микроавтобус тынг фӕпайда уыдзӕн. Бирӕ скъолатӕн сӕ сывӕллӕтты спектаклтӕм ласыны фадат нӕй. Уымӕ гӕсгӕ, ацы фарст алыг кӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр транспорты фӕрцы. «Иугонд Уӕрӕсе» нын цы ӕххуыс кӕны, уый театры куыстыл зыны хорзӕрдӕм, — загъта Гӕлӕуы-фырт.

САНАТЫ Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here