Сталины бюст — Фаллаггомы

0
401

Кӕддӕр фӕсарӕйнаг зындгонд политиктӕй чидӕр афтӕ загъта: «ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсе тох кӕны йӕ мӕрдтимӕ, ӕндӕр ничи». Цымӕ, цӕмӕн? Хорздзинад, сгуыхтдзинад равдисыны бӕсты дунейыл нӕ худинаджы хъӕр айхъуыст.

Гӕмӕхсӕр Хрущев мӕрдтимӕ тох кӕнын райдыдта, Сталины Мавзолейӕ рахӕссын кодта. Йӕ цыртдзӕвӕнтӕ, йӕ бюсттӕ йын бырондонмӕ аппарын кодта, йӕ номимӕ баст цыдӕриддӕр уыд, иууылдӕр сӕ ныххафта. Ӕцӕг дзы иу ахсджиаг хъуыддаг ферох. Ӕппӕт Советон Цӕдисы дзыллӕты зӕрдӕты цы стыр уарзондзинад ныффидар, уый ницавӕр хафӕнӕй ныххафӕн ис, ницавӕр паддзахы бон бауыдзӕн уыцы ӕнкъарӕн адӕмы зӕрдӕтӕй стонын. Уымӕн нӕм здӕхынц абон Сталины рухс ном ӕмӕ стыр кад фӕстӕмӕ. Йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр хистӕртӕй чи хъуыста, уыцы фӕсивӕд дӕр ӕй зӕрдӕйӕ бауарзтой, уымӕн ӕмӕ уый у рӕстдзинад.

Уӕд дӕр ӕмӕ абон дӕр чидӕртӕ, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, ничитӕ Сталинӕн агурынц ӕрмӕстдӕр йӕ хъӕндзинӕдтӕ. Хорзӕй цы фӕци стыр Советон Цӕдисӕн, уыдон койгӕнӕг нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон сты. Сталин ӕппындӕр бар кӕмӕ нӕ дардта, уыцы ӕнаккаг митӕ дӕр ууыл ныххуырстой. Фӕлӕ Сталины фидар зонды фӕрцы ӕппӕт Советон Цӕдисы адӕмтӕ 1941 азы иу бинонты хуызӕн кӕй сыстадысты цыфыддӕр знаджы ныхмӕ ӕмӕ кӕй фӕуӕлахиз сты, уый кой нӕ кӕнынц мӕнг демократтӕ. Уӕдӕ мингай хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕ сау фӕнык фестадысты, заводтӕ, фабриктӕ пырхгонд ӕрцыдысты. Утӕппӕт куыстуӕттӕ ӕмӕ хӕдзарӕдтӕ сӕ къӕхтыл слӕууын кӕнын хъуыд. Куыстхъом адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕсты быдырты сӕ туг ныккалдтой, ӕнусон фынӕй баисты уым.

Хӕсты фӕстӕ уӕззау азты Сталины хъӕппӕрисӕй ӕмӕ фидар зондӕй Советон Цӕдисы пырх хӕдзарӕдтӕ цадӕггай сӕ къӕхтыл слӕууыдысты. «Карточкӕты уагӕвӕрд» кӕй хуыдтой, уый афӕдзмӕ ивд ӕрцыд. Дыккаг аз та хӕрыны сӕйраг продуктты аргъ фӕкъаддӕр кодта, афтӕ алы аз дӕр къаддӕргӕнгӕ цыдысты ӕргътӕ. Цал ӕмӕ цал ног заводы ӕмӕ фабричы арӕзт ӕрцыд! ӕппӕт хорздзинӕдтӕ нымад чи фӕуыдзӕн. Абон та цы уынӕм? Хӕст нӕй! ӕмӕ — Хуыцауӕн табу. Ног фабриктӕ, заводтӕ аразӕг нӕй, ӕрмӕст, цы уыд, уыдон ныххӕлӕттаг кодтой, ӕргътӕ иудадзыгдӕр хӕрдмӕ тӕхынц. Адӕм та бонӕй-бон гӕвзыкдӕр кӕнынц.

Уый, дунейы ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдты фылдӕр хай цы паддзахады ис, уыцы егъау Уӕрӕсейы. Ис нӕм ӕрмӕстдӕр дыууӕ хӕтӕлы — газ ӕмӕ нефт — ӕмӕ сыл сбадтысты цалдӕр лӕджы, адӕм та сыдӕй мӕлынц. Уыцы хӕтӕлты хицӕуттӕ ӕмӕ сӕ хъузонтӕ ай-гъай нӕ уарзынц Сталины, цъыфкалӕн дӕр ыл уыдон кӕнынц. Уыдон дзыхӕй рацыд, Сталин, дам, ӕвзӕр, фыдлӕг уыдис, террорист ӕмӕ тугцъир.

Нӕ! Ноджыдӕр, нӕ! Уый уыдис мӕгуыр фӕллойгӕнӕг адӕмы фӕтӕг, сӕ тыхст ӕмбарӕг ӕмӕ цардаразӕг. Сталин, дам, йӕхӕдӕг дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, зонын ӕй, мӕ мӕлӕты фӕстӕ мыл цъыфкалджытӕ фӕзындзӕн, алы хахуыртӕ мыл мысдзысты, фӕлӕ рацӕудзӕн рӕстӕг, адӕм бамбардзысты ӕмӕ базондзысты рӕстдзинад, ӕмӕ мыл цы цъыф фӕкалдтой, уый «рӕстӕджы дымгӕ” ахӕсдзӕн.

Хуыцауы фӕрцы ралӕууыд уыцы рӕстӕг. Сталины цыртытӕ, бюсттӕ куы дӕрӕн кодтой ӕмӕ сӕ бырондонмӕ куы калдтой, уыцы ӕвирхъау рӕдыд адӕм бамбӕрстой, сӕйрагдӕр та, ацы рӕдыдӕн амидингӕнӕг чи уыди, уыдон дӕр сӕ рӕдыдыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ Сталины сыгъдӕг ном фӕстӕмӕ йӕ гаччы бадын райдыдта. Йӕ нывтӕ, йӕ къамтӕ, сӕйрагдӕр та йӕ бюсттӕ адӕм бырондонӕй къахынц ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц ногӕй.

Бырондонмӕ ӕппӕрст чи ӕрцыди, иу ахӕм бюст ӕнӕнхъӕлӕджы ссардта ме ‘мкоймаг Джиоты Георги (Жорик). Ӕрбаласта йӕ сӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары кӕртмӕ, ныссыгъдӕг ӕй кодта, базылдис ӕм, специалист-скульптор дӕр ӕй бадзӕбӕхтӕ кодта, реставрацигонд ӕрцыди. Бюст йӕ хуыз скалдта, ӕмӕ йӕ иу бон Георги баласта Наргомы Фаллаггоммӕ. Уадз ӕмӕ, дам, Сталин фена, нӕ фыдӕлтӕ цы уӕззау уавӕрты цардысты, уый. Лӕппутимӕ йын сарӕзта бындур, ӕмӕ ныр Сталин Фаллаггомы дымӕгмӕ фӕлгӕсы ӕмӕ алы ӕрбацӕуӕгӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕгасцуай фӕзӕгъы.

Нӕ уарзон фыдыуӕзӕг — Фаллаггом кӕд федзӕрӕг и, уӕддӕр дзы цы цыппар мыггаджы царди: Мамиатӕ, Джиотӕ, Балатӕ, Еналдытӕ, уыдоны кӕстӕртӕ нӕ рох кӕнынц сӕ фыдӕлты уӕзӕг, рухс кувӕндӕттӕ. Сӕрды, бӕрӕгбӕтты рӕстӕг куывды ӕрбацӕуынц тынг бирӕйӕ, кӕрӕдзийыл фӕцин кӕнынц. Ныр нӕ комбӕсты цыппар мыггагыл бафтыд фӕндзӕм мыггаг — Дзугатӕ, ӕмӕ ком ӕдзӕрӕгыл нымад нал уыдзӕн. Сӕрдӕй, зымӕгӕй дзы бындурон цӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн нӕхи Сосо!

Сталины чъылдыммӕ хъӕууат Сауыбын, Мамиаты уидаг кӕцӕй рацыд, уый. Хъӕууаты сӕрмӕ тӕккӕ рындзыл дынджыр нӕзы бӕлас, йӕ быны Сауыбыны Уастырджийы кувӕндон. Ацы Уастырджи Сосойы Кад ӕмӕ Намыс цудын нал бауадздзӕн.

Мамиаты Таймураз, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here