Бюджет. Зианхӕссӕг буаргъӕдтӕн — цӕлхдуртӕ. Инвалидтӕн — ӕххуыс

0
206

«Чи зоны, растдӕр уыдаид, бюджеты ма ӕнӕхардзгондӕй цы ӕхцатӕ баззад, уыдон I-II кварталтӕм ныууадзын. Уӕд та ма цавӕрдӕр вазыгджын уавӕр сӕвзӕрд, ӕнӕнхъӕлӕджы ӕхца бахъуыд, уӕд сӕ кӕцӕй райсдзыстӕм? Фӕлӕ кӕд фарст афтӕ ӕвӕрд цӕуы, уӕд уал закъоны проектмӕ ӕркӕсӕм, дарддӕр ӕй арвитӕм комитеттӕм, уыдон ӕй се ‘мбырдты равзардзысты», — знон республикӕйы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев советы ӕмбырды йӕ хъуыдытӕ загъта «РЦИ-Аланийы 2020 азӕн ӕмӕ 2021-2022 азтӕн республикон бюджеты тыххӕй» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл.

Сӕйраг финансон документмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй ӕмбырды раныхас кодта финансты министр Бутаты Хъасболат. Куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ма ивгъуыд азӕй ӕнӕхардзгондӕй баззад 150 милуан сомы, ныр сӕ хъуамӕ радих кӕной Дзӕуджыхъӕуы хӕдзарадон хӕрдзтӕн: нырыккон фадатджын горӕтаг алфамбылай саразынӕн, кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй адӕмы ног фатертӕм раивынӕн, ӕрыгон бинонтӕн цӕрӕнуӕттӕ саразынӕн ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕн.

Бутайы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, бюджеты ӕфтиӕгты хай нӕ аивдзӕн, ӕрмӕстдӕр хӕрдзты хай фӕфылдӕр уыдзӕн. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2020 азы бюджет кадавардзинад нӕ бавзардзӕн, ӕфтиӕгты хай хӕрдзтӕй у фылдӕр, ӕмӕ уырдыгӕй ӕхца радих кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуӕн.

Советы ӕмбырды цы ахсджиаг акттӕ равзӕрстой, уыдонимӕ уыдысты фӕстаг азты рӕзгӕ фӕлтӕрӕн стыр зиан цы ӕууилгӕ, цъиргӕ хъылмайы хуызтӕ ӕрхастой, уыдоны ныхмӕ ахъаззаг гӕрӕнтӕ сӕвӕрыны документтӕ. Закъонӕвӕрынады, закъонад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады комитеты сӕрдар Ортабайты Тимур рӕгъмӕ рахаста никотин, уымӕн хъӕугӕ буаргъӕдтӕ, никотинхъӕстӕ продукци электронон хуызы хӕццӕ кӕнынӕн цӕлхдуртӕ сӕвӕрыны тыххӕй закъоны проект. Бакуыстой йыл Парламенты депутаттӕ. Алексей Мачнев куыд бафиппайдта, афтӕмӕй сӕ зӕрды ис уыцы продукцийы рауагъд бауромын.

Ахӕм домӕн ӕмӕ хъуыды ӕвӕрд уыдис Орелы облӕсты Адӕмон депутатты ӕмӕ Тӕтӕры республикӕйы Паддзахадон советты сидтыты федералон закъонӕвӕрджытӕм. Дыууӕ документы дӕр депутаттӕ, сӕ сагъӕс не ‘мбӕхсгӕйӕ, курынц, цӕмӕй дымынӕн, ӕууилынӕн, улӕфынӕн, цъирынӕн бӕзгӕ хъылмайы хуызтӕ уадзын, парахат кӕнын урӕд ӕрцӕуа. Кӕд ныронг дӕр регионтӕ сӕхӕдӕг цавӕрдӕр мадзӕлтты фӕрцы гӕрӕнтӕ ӕвӕрынц, уӕддӕр хъылмауадзӕг организацитӕ ӕрхъуыды кӕнынц уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизыны ног гӕнӕнтӕ. Дӕсгай азты дӕргъы рӕзгӕ фӕлтӕр ӕнцонӕй дуканиты ӕлхӕнынц ацы тӕссаг буаргъӕд, йӕ фӕстӕ онкологи ӕмӕ психикон уӕззау низтӕ кӕй сайы, уый дӕр сӕ нӕ уромы. Советы уӕнгтӕ ацы документтимӕ сразы сты.

Социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ ӕрдзырдта цалдӕр ахсджиаг закъоны проектыл. Орелы облӕсты Адӕмон депутатты совет Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады разамонӕджы раз ӕвӕры ахсджиаг домӕн, цӕмӕй федералон закъонӕвӕрынадмӕ бахӕссой онкологион низтӕ ма ‘руадзынимӕ баст ивддзинад. Документы ӕмбарынгӕнӕн хайы куыд фыст ис, афтӕмӕй онкологион низтӕ ӕрӕджиау кӕй рабӕрӕг вӕййынц, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг у, фыццаградон медицинон-санитарон кусӕндӕттӕ хорз ифтонггонд кӕй не сты, уый.

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ис низ рагацау раиртасыны ахадгӕ фӕрӕз — онкомаркертӕ. Фӕлӕ медицинон рагагъоммӕ ӕркаст ӕмӕ хистӕр кары цӕрджытӕн диспансеризаци кӕныны фӕткмӕ уыцы онкомаркертӕ хаст не сты. «Уымӕ гӕсгӕ курӕм, цӕмӕй Уӕрӕсейы Федерацийы закъонӕвӕрынадмӕ хаст ӕрцӕуой ивддзинӕдтӕ, онкологи раиртасынӕн пайда кӕнын райдайой ахадгӕ мадзӕлттӕй», — фыссынц Орелы облӕсты депутаттӕ.

Реуазты Ларисӕ ма фӕбӕрӕг кодта «Уӕрӕсейы Федерацийы инвалидты социалон ӕгъдауӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл документ дӕр. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй нӕ бӕстӕйы иуӕй-иу регионты хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕ ӕрдзон газӕй ифтонг не сты. Адӕмы бахъӕуы суг ӕлхӕнын ӕмӕ зымӕг-зымӕджы дӕргъы уымӕй сӕ хӕдзӕрттӕ хъарм кӕнын. Кӕд ӕмӕ инвалидтӕ ӕмӕ инвалид сывӕллӕттимӕ бинонтӕн социалон ӕххуысы мадзӕлттӕ фидаргонд сты, ома, уыцы хӕрдзтӕн сӕ 50 проценты хъуамӕ фӕстӕмӕ исой. Фӕлӕ сӕ суг балхӕныны, йе ‘рбаласыны тыххӕй документтӕ ӕмбырд кӕнын кӕй бахъӕуы, ахӕм фадат сын кӕй нӕ вӕййы, уый азарӕй субвенцитӕ нӕ райсынц. Иумӕйагӕй сӕ царды уавӕртӕ ӕвзӕрдӕргӕнгӕ цӕуынц.

Граждӕнты ацы категоритӕ социалон ӕгъдауӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй федералон закъоны 17 статьямӕ ивддзинӕдтӕ хаст куы ӕрцӕуой, уӕд адӕм ахӕм зындзинӕдтӕ нал ӕвзардзысты. Бюджетӕй уӕлдай хӕрдзтӕ нӕ бахъӕудзӕн, федералон центр уыцы нысанӕн цы субвенцитӕ арвиты регионтӕм, уыдон адӕммӕ хӕццӕ кӕндзысты.

Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарад ӕмӕ арӕзтадон политикӕйы комитеты сӕрдар Бокоты Эльбрус цы фарстытыл ӕрдзырдта, уыдонимӕ уыдис «Уӕрӕсейы Федерацийы Цӕрӕнуӕтты кодексы 36-ӕм статьямӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй» закъоны проект дӕр. Куыд бацамыдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ федералон проектмӕ гӕсгӕ, муниципалон скондтӕ аивгонд цӕуынц, аразынц дзы фадатджын бынӕттӕ. Конд цӕуынц бюджеты фӕрӕзтӕй. Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ цы зӕххытыл лӕууынц, уыдоны раз цы ирхӕфсӕн, ӕндӕр объекттӕ саразынц, уыдон хъуамӕ хаст ӕрцӕуой хӕдзӕртты иумӕйаг исбоны хыгъдтӕм.

Ныртӕккӕ сӕ бынӕттон хиуынаффӕйады исбонӕй бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты иумӕйаг исбонмӕ раивынӕн уагӕвӕрд нӕй. Уымӕ гӕсгӕ ацы закъоны проект фидар кӕны уыцы фӕтк.

Советы ӕмбырды ма равзӕрстой ӕмӕ сфидар кодтой ӕндӕр ахсджиаг закъоны проекттӕ дӕр.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here