Ӕвзонг хъӕбатыртӕ

0
271

Цӕгат Ирыстон немыцаг-фашистон ӕфсӕдтӕй суӕгъд кӕныныл 75 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕдыл мӕ цалдӕр ныхасы зӕгъын фӕнды, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕджы хъизӕмӕрттӕ чи бавзӕрста, Уӕлахизы сӕраппонд йӕ цард чи радта, нӕ уыцы ӕвзонг ӕмзӕххонты тыххӕй. Уыдон хъӕбатырӕй хӕцыдысты знаджы ныхмӕ, бӕлвырд хабӕрттӕ амал кодтой сӕ хӕстон тыхты тыххӕй ӕмӕ сӕ хъусын кодтой партизантӕ ӕмӕ Сырх ӕфсады хӕйттӕн.

Хӕзныдоны астӕуккаг скъолайы 10-ӕм къласы ахуырдзаутӕ Гегкиты Берди ӕмӕ Дзоблаты Алихан дыккӕгӕм гвардион ӕхсӕг дивизийы сгарджытӕн радтой хойраджы продукттӕ. Уый тыххӕй фашисттӕ ӕрцахстой лӕппуты ӕмӕ сын хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой.

Немыц Змейкӕйы станицӕйы куы уыдысты, уӕд скъоладзаутӕ Нюрӕ Саидова, Кодзырты Рая ӕмӕ Любӕ Голенко, сӕ цардӕн тӕссаг уӕвгӕйӕ, ӕмбӕхсӕн бынат бацагуырдтой, знаджы фӕсчъылдыммӕ чи баззад, уыцы цӕф сырхӕфсӕддонтӕн. Ам сын медицинон ӕххуыс бакодтой, зылдысты сӕм, хӕринаг хъуаг сӕ нӕ уагътой. Любӕ Голенко уымӕй уӕлдай 5 хатты ахызт фронты хаххыл ӕмӕ ӕдзухдӕр не ‘фсӕдтӕм бӕлвырд хабӕрттӕ хӕццӕ кодта знаджы тыххӕй.

Иван Никифоровы бинонтӕ цардысты Лескенӕй ӕртӕ километры дарддӕр, Стураздах, зӕгъгӕ, ахӕм ӕрдузы. Ноябры ӕмбисы сӕм сырхӕфсӕддон сгарӕг къорд ӕрбацыд, йӕ командир та уыд лейтенант Иван Гришин. Уыдон куырдтой, цӕмӕй сын бинонтӕ бацамыдтаиккой Хӕзныдонмӕ фӕндаг. Хъӕды къахвӕндӕгтыл Ваня ӕфсӕддонты фӕхуыдта Хӕзныдонмӕ. Уый фӕстӕ ӕвзонг хъӕбатыр ацы къорды баззад сгарӕгӕй. Уый архайдта Хӕзныдон ӕмӕ Толдзгуыны хӕстыты. Фондз хатты 395-ӕм гвардион ӕхсӕг полчъы фыццӕгӕм, дыккӕгӕм ӕмӕ ӕртыккӕгӕм батальонты сконды уыдис сгарӕг къордты. Мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Никифоров раздӕхт знагӕй уӕгъдгонд Лескенмӕ.

Фынддӕсаздзыд ногдзау Дзугаты Дзаххот йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, немыцаг фашисттӕ Сечерӕй Быдыры Дӕргъӕвсы ӕхсӕн цы телефоны кабел ауагътой, уый алыг кӕныны тыххӕй.

Ӕвзонг ногдзаутӕ ӕфсымӕртӕ Гасанты Ханафи ӕмӕ Омарби фашистты ныхмӕ гӕрзифтонгӕй кӕй ӕрлӕууыдысты, уый тыххӕй сӕ фехстой Зӕронд Лескены. ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы указӕй хъӕбатыр ногдзаутӕ-патриоттӕ сӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Фыдыбӕстӕйы хӕсты фыццаг къӕпхӕны орденӕй.

Фынддӕсаздзыд Батиаты Изӕтбеджы фашисттӕ хуыдтой фӕндаджы арӕзтадмӕ. Уый куыстмӕ нӕ рацыд, фӕлӕ алыг кодта немыцы бастдзинады тел. Фӕстӕдӕр сырхӕфсӕддонты дыууӕ стыр къорды сусӕг къахвӕндӕгтыл немыцы фӕсчъылдымӕй ракодта нӕхиуӕттӕм. Ӕвзонг патриоттӕ Чъерджиаты Хазби ӕмӕ Фидараты Хъасболат къорд хатты немыцы тыххӕй бӕлвырд бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кодтой не ‘фсӕддон хӕйттӕм.

Алагиры дӕр уыдис ногдзаутӕ-хъӕбатыртӕ. Партизанты къордимӕ иудадзыг бастдзинад дардтой ӕвзонг сгарджытӕ — црайуаг лӕппутӕ Уазиты Тотрадз ӕмӕ Бутаты Уырысби. Уыдон, чи хъуыд, ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ, немыц Алагиры, Црауы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты кӕмыты сты, уыдӕтты тыххӕй хӕццӕ кодтой партизанты къорды разамындмӕ. Алагиры партизанты къорды сгарӕг Дзугкойты Нинӕйӕн знаджы тыххӕй хабӕрттӕ амал кӕныны ӕххуыс кодтой Брытъиаты Тамарӕ, Дзугкойты Зинаидӕ, Гаматы Эрик, Демыраты Эльбрус, Бутаты Залу, Демыраты Алишкӕ, Уырымты Варварӕ, Лӕппынӕгты Дзыкку ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Иу ныхасӕй, ӕвзонг хъӕбатырты архайд не ‘фсӕддон хӕйттӕ ӕмӕ партизанты къордтӕн чысыл ӕххуыс нӕ фӕци немыцаг-фашистон ӕфсӕдтӕн Цӕгат Ирыстоны зӕххыл аккаг цӕф ныккӕнынӕн.

Лаурӕ Касимова,

Алагир

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here