РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бабӕрӕг кодта Сывӕллӕтты футболон академийы арӕзтад ӕмӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй а-сӕрды куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕной. Кусӕг балцы архайдта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова дӕр.
Проектмӕ гӕсгӕ Академи-интернат ӕрбынӕттон уыдзӕн фондзуӕладзыгон бӕстыхайы, ӕвзонг спортсментӕн дзы уыдзӕн ӕппӕт уавӕртӕ. Уӕдӕ футболӕй хъазынӕн сбӕрӕг кодтой дыууӕ фӕзы, нымад ӕрцыдысты машинӕтӕ ӕвӕрӕн бынӕттӕ, рӕсугъд къутӕртӕ ӕмӕ цъӕх фӕлыстӕй алфамбылай куыд ифтонг уыдзӕн, ууыл дӕр ахъуыды кодтой.
Фыццӕгӕм уӕладзыджы уыдзӕн хӕрӕндон, медицинон пункт, ӕртӕ уӕладзыджы лӕвӕрд сты, иудадзыг дзы чи цӕрдзӕн, уыцы ахуырдзаутӕн ӕмӕ кълӕстӕн. Фӕндзӕм уӕладзыджы уыдзысты административон уӕттӕ. Уыцы-иу рӕстӕг академийы ахуыр кӕндзысты 120 сывӕллоны. Республикӕйы ӕппӕт районтӕй тренертӕ хъуамӕ равзарой, 12-16 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм футболмӕ ӕмхиц сывӕллӕтты. Академийы ахуырадон хъуыддаг ӕнцой кӕндзӕн нырыккон мадзӕлттыл, афтӕмӕй нын ӕнтысдзӕн хи футболисттӕ хъомыл кӕнын.
Битарты Вячеслав объекты уавӕр фенгӕйӕ, арӕзтад ӕххӕстгӕнӕджы ӕргом аздӕхта ӕмгъуыдтӕм ӕмӕ куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ. Куыд бацамыдта, афтӕмӕй ацы проект Цӕгат Ирыстонӕн у тынг ахсджиаг.
«Спортмӕ ис адӕмы баиу кӕныны тых, у ахъаззаг фӕрӕз адӕймаджы удыхъӕды рӕзтӕн. Абон мах бавнӕлдтам спортивон фӕзтӕ, залтӕ адӕммӕ фӕхӕстӕгдӕр кӕныны хъуыддагмӕ. Алы ног спортивон объект дӕр — хъӕуы йӕ саразой ӕви горӕты — уӕддӕр у ӕнӕниз цардыуагмӕ тырнындзинады ӕвдисӕндар. Уыцы цӕстӕй кӕсӕм мах Сывӕллӕтты футболон академийы сарӕзтмӕ дӕр. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ се ‘нтыстытӕй нӕ республикӕйы футболон скъолайы хъомысад кӕй равдисдзысты, ууыл. Уӕлдайдӕр та уый зонгӕйӕ, ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕн, Уӕрӕсейӕн нӕ номдзыд спортсментӕ стыр кад кӕй ӕрхастой», — бафиппайдта Битарты Вячеслав.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














