Сфӕлдыстадон ӕрмадзтӕ

0
314

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны кадӕн  Цхинвалы гимназ «Альбион»-ы байгом сты, бӕрӕгбонон газеттӕ, нывтӕ ӕмӕ хӕстон сыфтӕ чи уадздзӕн, ахӕм  сфӕлдыстадон ӕрмадзтӕ.

3-10-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ кодтой Советон ӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕвдисӕг  нывтӕ. Лӕппуты куыстыты  темӕтӕ уыдысты,  Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты заман цы цаутӕ ӕрцыд,  уыдон, чызджыты  нывтӕ та  ӕвдыстой хӕсты фӕстӕ сабыр цард.

— Фӕсивӕды  нывтӕ рӕхджы равдыстмӕ хаст кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын. Стыр ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм дзыллон мадзӕлтты архайгӕйӕ, сывӕллӕттӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты нӕ рох кӕндзысты. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ, ома, нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ хуымӕтӕджы цхинвайлаг лӕппутӕ — иудадзыг нӕ цуры сты.

Ирон адӕмы геноцид нымайгӕйӕ, сарӕзтам дунеон конкурс «100 нывы, 100 азымы». Сӕдӕ азы размӕ, ома, 1920 азы, сарӕзтӕуыд ирон адӕмы геноцид. Арт кӕуыл бандзӕрстой, уыцы  ирон хъӕуты цӕрджытӕ тард ӕрцыдысты сӕ цӕрӕн бынӕттӕй. Ирӕтты  ӕфцӕджы сӕрты ӕд сывӕллӕттӕ тыхтухӕнтӕгӕнгӕ  Цӕгат Ирыстонмӕ фистӕгӕй цӕуын куыд бахъуыд, уыцы хабӕрттӕ хистӕр фӕлтӕры минӕвӕрттӕй  рох не сты. Скъоладзаутӕн фӕдзӕхсын ацы конкурсы архайын. Уыдзӕн уын зындгонд нывгӕнджытимӕ ирон адӕмы геноцид равдисыны фадат. Ацы аз ирон адӕмы геноцидыл ӕххӕст кӕны сӕдӕ азы, ӕмӕ сымах кӕй скӕнат, уыцы нывтӕ цӕмӕй хӕст ӕмӕ геноцид рафауой, уый мӕ фӕнды. Адӕймаг мӕлынӕн нӕ, фӕлӕ цӕрынӕн, сфӕлдыстадӕн ӕмӕ уарзынӕн райгуыры, — загъта республикӕйы культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ.

Дзыллон мадзӕлттӕ «Хӕстон намысы декадӕ «Хъӕбатырты афон»-ы пъланмӕ гӕсгӕ, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны кадӕн  кӕуыл бакуыстой, ахӕм   сфӕлдыстадон ӕрмадзтӕ  байгом уыдзысты республикӕйы алы скъолайы дӕр. 21 февралы киноконцертон зал «Чермен»-ы афицерты  стыр ӕмбырды рӕстӕг  ӕвдыст ӕрцӕудзысты ахуырдзауты конд  нывтӕ.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here