Хъæууон скъолаты размæцыдæн

0
268

Ацы аз сентябрæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны 42 хъæууон скъолайы кусын райдайдзысты «Рæзты тæлмытæ»-йы центртæ. Сæ бындуры ис нымæцон æмæ гуманитарон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ райсын. Уыдон сын бантысдзысты национ проект «Ахуырад»-ы дæлпрограммæ «Нырыккон скъола»-йы руаджы. Уый тыххæй РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина радзырдта, Хуымæллæджы скъолайы цы ахсджиаг æмбырд уыдис, уым.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фарон 17 хъæууон скъолайы байгом «Рæзты тæлмытæ»-йы фыццаг центртæ. Сæ архайд у хъомысджын. Предметтæ «Технологи», «Информатикæ», «ОБЖ»-йы æууæлтæ ахуыр кæнынц ног ифтонггæрзты фæрцы. Уыдон æлхæд æрцыдысты национ проекты руаджы. Урокты фæстæ сывæллæттæ бавналынц нымæцон, техникон, гуманитарон æмæ æндæр наукон къабæзтæм, фæлварынц шахмæттæй хъазыныл фæцалх уæвын, ис ма сын æндæр цымыдисаг фæзилæнтæ дæр.

Людмилæ Башарина скъолаты разамонджыты размæ рахаста проекты сæйраг нысан: хъуамæ республикæйы æппæт сывæллæттæн дæр уа хæрзхъæд зонындзинæдтæ райсыны фадæттæ. «Абон мах фæнды, Хуымæллæджы скъолайы ахуырдзаутæ федералон программæйы фæрцы цавæр бæрзæндтæм схызтысты, уыдонимæ уæ базонгæ кæнын. Уымæй дарддæр хъуамæ фæбæрæг кæнæм, ацы аз нæ цæуыл бакусын хъæудзæн, уыдæттæ. Уымæ гæсгæ, ацы аз «Рæзты тæлмытæ» цы скъолаты байгом уыдзысты, уыдоны разамонджыты æрхуыдтам, хъуамæ феной Хуымæллæджы ахуырдзауты æнтыстдзинæдтæ. Афтæмæй бамбарæн ис центрты сарæзты ахадындзинад», — загъта министр.

Куыд ма бацамыдта, афтæмæй проект «Нырыккон скъола»-йы цы 42 ахуыргæнæндоны архайы, уыдоны ма бахастой проект «Нымæцон ахуырадон тыгъдад»-мæ. Уый та дзурæг у, хъæууон скъолаты гæнæнтæ æмæ авналæнтæ кæй фæфылдæр уыдзысты, ууыл. Хуымæллæггаг ахуырдзаутæ æмæ сæ хъомылгæнджытæ зæрдиагæй сæмбæлдысты уазджытыл, æхсызгонæй сын равдыстой нымæцон æмæ гуманитарон зонындзинæдты центр «Рæзты тæлмытæ»-йы æппæт авналæнтæ æмæ гæнæнтæ. Проекты фæлгæты иу фæзыл зонындзинæдтæ исынц алы кары сывæллæттæ, скъолайы директор Бититы Эльвирæ куыд загъта, афтæмæй сын ис, къордгай кусгæйæ, фылдæр арæхстдзинæлдтæ райсыны фадат. Уæдæ, алыхуызон æркастытæ æмæ ерыстæм дæр сæхи бацæттæ кæнынц рæвдздæр.

Тагъд, апрелы Цæгат Кавказы федералон зылды робототехникæйæ цы ерыстæ уыдзæн, уым хуымæллæггаг сывæллæттæ равдисдзысты сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ. Министр Людмилæ Башарина куыд бафиппайдта, афтæмæй-иу раздæр цæмæй ерыстæм, æркастытæм скъола йæхи бацæттæ кæна, уый тыххæй-иу æй бахъуыд хъæугæ ифтонггæрзтæ искæмæ агурын. Фæлæ ныртæккæ ахæм зындзинад нал ис. «Нæ зæрдæ дарæм, инновацион æмæ нырыккон технологиты къабазмæ сывæллæттæ се ‘ргом кæй раздахдзысты, ууыл. Зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæй æххæст куы уой, уæд ерысты архайынмæ дæр тырндзысты», — загъта Людмилæ Башарина.

Скъолайы уыйбæрц уазджытæ куы сæмбæлд, уæд Хуымæллæджы сывæллæттæ дæр нæ бацауæрстой, центры руаджы сæм цы фæлтæрддзинад фæзындис, уый равдисыныл.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here