Наркологон службæйы уавæр фæхъомысджындæр

0
207

Нæ республикæйы наркологон службæйы архайд фылдæр аразгæ у йæ материалон-техникон бындур ын сфидар кæнынæй. Уырдæм ахæсгæ сты йе ‘ппæт дæлхайæдтæ бындуронæй сцалцæг кæнын, рæстæгæй-рæстæгмæ сæм базилын, низ раиртасынæн æмæ йæ сдзæбæх кæнынæн хъæугæ нырыккон ифтонггæрзтæ балхæнын.

Æппæт уыцы вазыгджын хъуыддæгтыл æрныхас кодтой наркотикты ныхмæ арæзт къамисы æмбырды. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Архайдтой  дзы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, къамисы аппараты разамонæг Луизæ Лебедева, тыхы структурæты, министрадты, районты хицæуттæ.

Республикæйы наркологон диспансеры сæйраг дохтыр Газайты Алыксандр куыд радзырдта, афтæмæй  хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн. Нæ республикæйы Хицауад цы паддзахадон программæ сфидар кодта, уый фæрцы наркологон службæйы материалон-техникон бындур зынгæ фæхуыздæр. «Программæйы фæлгæты нæ къухы бафтыд медицинон æмæ лабораторон ифтонггæрзтæ балхæнын, рынчындон æмæ диспансеры бæстыхæйттæм базылдыстæм. Холысты поселочы реабилитацион хайад, донцъирæн, электрон тыхы хызтæ сцалцæг кодтам. Уырдæм балхæдтам тренажертæ æмæ дзы сарæзтам спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс. Суанг нæм фæзынд полиграфион ифтонггæрзтæ дæр æмæ сæ куыст кæнынц», — фæбæрæг кодта сæйраг дохтыр.

Газайты Алыксандры ныхасмæ гæсгæ, уыцы полиграфион ифтонггæрзты фæрцы  наркотикты ныхмæ, сæ зианхæссæг æууæлтæ æвдисæг хъæугæ зонинæгтæ, плакаттæ  уадзынц. «Æнæ дохтыры амынддзинадæй психотропон буаргъæдтæй чи пайда кæны, уыдонæн æххуысы мадзæлттæ кæныны, сæ реабилитацийы æмæ сæ царды раст уагмæ раздахыны тыххæй» паддзахадон программæйы фæлгæты скодтой фермерон хæдзарад, дарынц дзы фос, мыддарынадæн дæр ис авналæнтæ, фæзынд сæм машинæ дæр.

Хохы Санибайы  байгом кодтой æртæ хайады. Уым, наркотикты азарæй фервæзынвæнд кæмæ  ис, уыдонæн скодтой фæллой кæныны уавæртæ. Ис дзы зæххы хай дæр. Уыдæттæй уæлдай ма алы аз дæр дохтыртæ, астæуккаг медицинон, социалон кусджытæ барвæндонæй æххуысгæнджытæн æмæ, реабилитаци чи ацыд, царды раст фæндагмæ чи рахызт, уыдонæн скæнынц сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныны ахуыртæ. Фæзынд ведомствæты ‘хсæн Интернет-портал, уым та ссарæн вæййы наркотикты æнæзакъон зилдухы æмæ сæ пайда кæныны ныхмæ æппæт хъæугæ амынддзинæдтæ æмæ зонындзинæдтæ.

Экспертизæйы къæбинет æппæт санитарон домæнтæм гæсгæ сифтонг кодтой, раивтой йæ ног бæстыхаймæ. Ныртæккæ Республикæйы наркологон диспансеры æххæст кæнынц наркологон æххуысы æппæт мадзæлттæ дæр: ма йæ ‘руадзыны, диспансерон цæстдард, дзæбæх кæнын, медицинон-социалон æмæ фæллойадон реабилитаци. Уæрæсейы ахæм хуызы кусынц æрмæстдæр цалдæр службæйы. Диспансеры сæйраг дохтыры ныхасмæ гæсгæ, рынчындоны ис 60 бынаты, йæ бæстыхай у рагон, дæргъвæтин рæстæг дзы цалцæггæнæн куыстытæ нæ уыд.

Фæстаг аз æм базылдысты, фадæттæ куыд амыдтой, афтæ. Рынчынтимæ дохтыртæй уæлдай кусынц, уыцы тæссаг фæндагæй чи рахызт, æмæ, наркотиктæй чи пайда кæны, уыдонæн  баххуыс кæныны фæнд кæмæ ис, ахæм адæймæгтæ, алыхуызон æхсæнадон организацитæй бархионтæ. Уыдонмæ хауы медицинон персоналæн æххуыс кæнын, хайады фæткмæ кæсын,  рынчынты реабилитацимæ разæнгард кæнын. Уымæй дарддæр ма арæх ныхас кæнынц рынчынты хиуæттимæ дæр.

Газайты Алыксандр куыд бацамыдта, афтæмæй сæм ис токсикологон лаборатори, йæ ифтонггæрзтæ сты рагон, хорз уаид, ногтæй ивд куы ‘рцæуиккой, уæд. Наркотикты ныхмæ арæзт программæйы руаджы фарон балхæдтой нозт æмæ наркотикон, психотропон буаргъæдты бæрц адæймаджы мидбуары равдисынхъом ног аппаратурæ. Кусы сыл дохтыр-лаборант. Ныхасгæнæг ма ранымадта, наркотикон буаргъæдтæ раиртасынæн сæм цы нырыккон авналæнтæ ис, уыдон дæр.

Республикæйы Сæргълæууæджы цур Наркотикты ныхмæ арæзт  къамис уæлдай æргом аздæхта æххæстгæнæг хицауад æмæ æхсæнадон иугæндты æмгуыстадмæ. Наркоманиимæ тохы тынг ахсджиаг у цардмæ сæ раздахыны архайд, уым та спайда кæнын хъæуы æппæт гæнæнтæй дæр. Афтæмæй адæймагæн куыдфæстæмæ аивдзæн йæ зондахаст, йæ удварн, йе ‘нкъарæнтæ, сног уыдзæн йе сфæлдыстадон хъомыс.

 

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here