Уæрæсеимæ æмгуыстад æмæ республикæйы дарддæры райрæзты нысантæ

0
247

Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли раныхас кодта Парламент æмæ республикæйы адæммæ йæ æрвылазон Æрвыстæгимæ. Уыцы документы Президент фæнысан кодта республикæйы ныртæккæйы уавæр, стæй дарддæры социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон размæцыды нысантæ.

Президенты Æрвыстæджы сæрмагонд бынат бацахстой Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланиимæ æмгуыстады фарстытæ. Бибылы-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй уыцы архайды фæлгæты хæстæгдæр рæстæг æмгуыстады сæрмагонд бадзырд бафысдзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты разамонджытæ.

Президенты ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд нысаниуæг ис Цæгат Ирыстонимæ æмархайд æнгомдæр кæныны фарстытæн дæр. «Зæгъæм, æрæджы сарæзтам, æмæ ныридæгæн сæ куыст рапарахат кодтой ирон æвзаджы дарддæры райрæзты фæдыл экспертон æмæ терминологон иумæйаг къамистæ. Æнгомдæр кæны информацион къабазы æмгуыстад. Дыууæ Ирыстоны иудзинадæн ма æвдисæн уыдзысты, Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ 100 азы размæ цы геноцид расидт, уый амæттæгты номарæн мадзæлттæ дæр», — бафиппайдта Бибылты Анатоли.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 1920 азы геноциды амæттæгты номарæн мадзæлттæ Хуссар Ирыстоны цæудзысты ацы азы дæргъы. Номарæн мадзæлттæй уæлдай, республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ иннæ ведомствæтæн бахæс кодтой, цæмæй дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæной, 1920 азы Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цы æвирхъау фыдракæндтæ сарæзта, уыдоны тыххæй бæстон хабæрттæ.

«Уыцы фарсты фæдыл æмархайд кæнæм Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæимæ дæр. Нæ куырдиатмæ гæсгæ Уæрæсейы Парламенты Дæллаг палатæйы арæзт æрцыд ирон адæмы геноцид банымайыны фарсты фæдыл сæрмагонд къамис. Уыимæ, мах иннæ фадæттæй дæр архайдзыстæм, цæмæй фылдæр бæстæты адæм базоной уыцы азты цауты тыххæй историон рæстдзинад», — загъта Бибылты Анатоли.

 

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here