Музыкалон фонтан скусдзæн

0
304

Республикæйы Арæзтады, архитектурæ  æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ацы уалдзæджы Цхинвалы сæйраг фæзы байгом уыдзæн «хус» музыкалон фонтан.

— Дæлзæххон куыстытæ конд фесты. Апрелы астæу фонтан фæлварæн уагæй скусын кæндзыстæм. Объекты арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны.  Ныртæккæ йын специалисттæ  йæ уæллаг фæлтæрыл æвæрынц къæйтæ, стæй йын аразынц æмбонд. Фонтан  байгом уыдзæн Фыццæгæм майы, — загъта  министрады минæвар.

Фиппаинаг: аразджыты къуыхцыты æмæ æхцайы кадавары аххосæй  объект скусын кæныны æмгъуыд цалдæр хатты фæстæдæрмæ аргъæвтой.

Ныртæккæ фонтаны арæзтад æххæст кæны цæгатирыстойнаг æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Промикс».

Проекты нымад сты, национ æууæлтæ фенын кæй фæнды, уыцы адæмы фæндæттæ дæр. Фонтаны центр сфидаудзæн алайнаг æнусон змæлды нысанæй. Фонтан  уыдзæн музыкалон. Доны цыхцырджытæ кæимæ кæлдзысты, уыцы  мелодиты æхсæн уыдзысты «Симд»-ы зæлтæ дæр. Фонтаны зиллакк уыдзæн 15 метры (уыцы бæрзæндмæ кæлдзысты доны цыхцырджытæ дæр). Объект  уыдзæн Цæгат Кавказы егъаудæр фонтан.

(Информацион агентад «Рес»)

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here