Арфæ Касаты Батрадзæн

0
588

Ацы бонты йæ 70 азы юбилей бæрæг кæны зындгонд поэт, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг  Касаты Батрадз.

Йæ цард нæртон лæджы фарны къахдзæфтæй чи бары, йе сфæлдыстадæй æмæ уды фарнæй йæ дзыллæйæн хорз кæстæриуæг чи кæны, Батрадз уыцы лæгау-лæгтæй у. Йе ‘мдзæвгæтæ, уацтæ нæ адæмæн рагæй сты æхсызгонæн кæсинаг. Бæлвырдæй сæ рахатæн ис, сæ автор ирон дзырдæн зæрдæйæ кæй лæггад кæны, уый, арæхстджын зæрингуырдау ын йæ алы дзырд лыстæг сасирæй кæй балуары æмæ йæ хæрзарæзтæй адæммæ йæ уацмысты кæй рахæссы, уый.  Йæ уацмысты  ирдæй зынынц йæ удыхъæды бæллиццагдæр миниуджытæ. Хæларæн хæлар у, æмбалæн — æмбал, хорзæй адæмæн балæггад кæнынæй дарддæр, Батрадз йæ сыгъдæг удæй мæлдзыджы тæригъæды дæр никуы бацыди, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уæдæ йе ‘гъдауæй, бахъуаджы рæстæг лæгау ныхас зæгъынмæ дæр йæ разæй никæй ауадздзæн.

Нæ зынаргъ хистæр æмæ уарзон æмкусæгæн йæ юбилейы фæдыл кæнæм зæрдиаг арфæ. Нæ цæст ын уарзы фидар æнæниздзинад, царды æмæ сфæлдыстады рындзтæй кæддæриддæр сæрыстырæй куыд фæлгæса, уыцы амонд ын Хуыцау æмæ зæдтæ балæвар кæнæнт!

 

Газет «Рæстдзинад»-ы

редакцийы кусджытæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here