Арфæтæ — Æрæфы хуыйæн фабричы кусджытæн

0
412

Цыколайы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз бабæрæг кодта Æрæфы хуыйæн фабрик, цæмæй куыстуаты хуыздæр кусджытæн арфæтæ ракæна, ног карз низæфтауæг — коронавирусы ныхмæ тохы хъуыддагмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй.

Зындгонд куыд у, афтæмæй пандемийы райдайæнæй фæстæмæ фабрик йæ куыст рацарæзта æмæ бавнæлдта санитарон хихъахъæнынады фæрæзтæ хуыйыны хъуыддагмæ. Цыбыр æмгъуыдмæ фабричы специалисттæ бакуыстой, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы специалисттæн æнæмæнгхъæугæ чи уыд, продукцийы уыцы ног хуызтыл æмæ сæ æвæстиатæй хуыйын райдыдтой. Уыцы маскæтæ æмæ медицинон уæлæдарæсы хæрзхъæддзинадæн рынчындæтты специалисттæ хорз аргъ скодтой.

Тускъаты Таймураз куыстуаты коллективы архайд арфæйагыл банымадта. «Алкæмæндæр уæ бузныг зæгъын, коронавирусы инфекци парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрыны хъуыддагмæ бæрнон цæстæй кæй акастыстут, уый тыххæй», — загъта Хицауады Сæрдар.

Тускъайы-фырты къухæй Арфæйы фыстæджытæ райстой: Елджарты Анжеллæ — куыстады хицау, Гокъоты Оксанæ, Цæукъаты Тиминæ, Хъабанты Вильмæ, Сатцаты Еленæ æмæ Хъазахты Азæ — хуыйджытæ.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here