Арæныл сæвзæргæ уавæрмæ æркæсдзысты

0
276

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл цы уавæр сæвзæрд, стæй йæ банывыл кæнынæн цы мадзæлттæ саразын хъæуы, ууыл 30 июлы сæ фембæлды æрдзурдзысты дыууæ бæстæйы минæвæрттæ.

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар быцæуы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл Джиоты Мурат.

Президенты минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыцы фембæлд арæзт æрцæудзæн Гуры районы Эргнеты хъæуы. Зæгъын æмбæлы, дыууæ бæстæйы минæвæрттæн иу азы бæрц ахæм фембæлдтытæ кæй нал уыд, уый тыххæй дæр (Евроцæдис æмæ «ОБСЕ»-йы цæстдардæй фæстаг азты дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн рæстæгæй-рæстæгмæ цы фембæлдтытæ уыд, уыдонæн фарон августы кæрон æвæрд æрцыд — уæд дыууæ бæстæйы минæвæртты ‘хсæн къухы фидыд нæ бафтыд, хуссарирыстойнаг хъæу Уистæмæ ‘ввахс гуырдзиаг барадхъахъхъæнджытæ æнæзакъон пост аразын кæй райдыдтой, уый фæдыл),

Президенты минæвар куыд фæнысан кодта, афтæмæй «комкоммæ бастдзинады» линийы фæрцы ахæм фембæлдыл баныхас кодтой. «Фембæлды архайджыты æргом аздахдзыстæм паддзахадон арæныл сæвзæргæ уавæрмæ. Уыимæ, бахæсдзыстæм бæлвырд фæндæттæ йæ фæхуыздæр кæныны нысанимæ», — загъта Джиоты Мурат.

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here