Фæндаджы аиппытæ аиуварс кодтой

0
240

Дзæуджыхъæуы муниципалон кусæндон «Фæндагон фонд»-ы специалисттæ, хорз боныхъæды фадатæй пайда кæнгæйæ, дарддæр кусынц горæты фæндæгты нывыладыл.

Афтæ, ацы бонты подрядон организациты бригадæтæ аиуварс кодтой, Мæскуыйаг уынджы æмæ Карцайы сосайы цы фæндагон аиппытæ рабæрæг, уыдон. «Фæндагон  фонд»-ы минæвары ныхасмæ гæсгæ, цалцæггонд фæндаджы хæрзхъæддзинадыл подрядчик бæрнондзинад хæссы цалдæр азы дæргъы. Æмæ горæтаг фæндæгты ацы участоктыл хъæндзинæдтæ куы рабæрæг, уæд уыдонмæ муниципалон куыстуаты минæвæрттæ аздæхтой подрядчикты æргом. Уыимæ, ахæм уæлæнгай фæндагон аиппытæ подрядон организацийыл йæхи хардзæй аиуварс кæныны хæс æвæрд нæй. Фæлæ подрядчиктæ уæлæмхасæн фиддон нал æрцагуырдтой, сæхи фæрæзтæй фæндаджы дыууæ участочы дæр банывыл кодтой.

«Цы фæндæгты кой кæнæм, уыдоныл бирæ уæззау транспорт цæуы. Стæй, тæвд рæстæг кæй хæссы, уыцы æууæл дæр фæндаджы уавæрыл æвзæрæрдæм фæзынд. Æхсызгон у, подрядчик фæндæгты аиппытæ цыбыр æмгъуыдмæ кæй аиуварс кодта, уый», — радзырдта «Фæндагон фонд»-ы директор Габеты Чермен.

 

Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here